Добавил:
Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:

Практикум по родному языку. Учебно-методическое пособие

.pdf
Скачиваний:
0
Добавлен:
11.08.2026
Размер:
523 Кб
Скачать

Удыкондæн дарæсæй бамбæрзæн нæй. Æрттивæгтæ иууыл сызгъæринтæ не сты. Дидинæгæй сындз дæр рæсугъд вæййы.

Æддаг фидыцæн – дарæс, мидæггагæн – уды хъомыс.

58. Бакæсут цитатæ. Ныффыссут уæ хъуыдытæ. Спайда кæнут синонимтæ, антонимтæ, омонимтæ æмæ архаизмтæй.

«В человеке всё должно быть прекрасно: и лицо, и одежда, и душа, и

мысли». (А. П. Чехов)

59. Бакæсут текст.

Æмхуызон хæйттæ

Иу къупецæн уыди дыууæ фырты. Хистæры фылдæр уарзта æмæ йæ бынтæ уымæн ныууадзинаг уыди. Мад тæригъæд кодта кæстæрæн æмæ йæ лæгæн дзырдта, дæ бынтæ куыд уардзынæ, уый, дам, дæ цотæн ма ма зæгъ: фæндыд æй, фырттæм цæмæй æмхуызон хæйттæ æрхаудаид, уый. Къупец ын сразы йæ фæндыл.

Иу хатт мад хæдзары цур бадти æмæ куыдта. Иу бæлццон йæ цуры æрлæууыд æмæ йæ бафарста, цæуыл кæуыс, зæгъгæ. Ус загъта: «Куыд нæ кæуон, мæ фырттæ мын æмхуызон адджын сты, фæлæ сæ фыд æппæт бынтæ дæр хъавы хистæрæн ныууадзын, кæстæрæн та – ницы. Æз ын ныллæгъстæ кодтон, ма тагъд кæн, зæгъгæ, цалынмæ кæстæрæн исты мадзал не ссарон, уæдмæ, фæлæ мæм æхца нæй, æмæ нæ зонын, цы чындæуа». Бæлццон ын афтæ: «Дæ мастæн хос ис. Дæ фырттæн зæгъ, æппæт бынтæ дæр, зæгъ, баззайдзысты хистæрæн, кæстæрæн та – ницы. Гъемæ сæм æмхуызон хæйттæ æрхаудзæни».

Æмæ мад, æцæгæйдæр, афтæ бакодта. Кæстæр фырт куы базыдта, ницы йæм æрхаудзæн, уый, уæд æндæр бæстæмæ ацыди æмæ сахуыр кодта. Уый фæрцы алцæмæ дæр райдыдта арæхсын. Хистæр фырт та йæ ныййарджыты цур бадти æмæ ницæуыл сахуыр – зыдта, æнæуи дæр хъæздыг кæй уыдзæн, уый.

Фыд куы амард, уæд хистæр фырт ницæмæ арæхсти, йæ бынтæ бахордта. Кæстæр та æцæгæлон бæстæйы фæхæст зонд æмæ къуххæй архайыныл æмæ стыр бынтæ скодта.

Л. Н. Толстой

81

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Раттут текстæн æндæр сæргонд.

2.Зæгъут, цы нымайы автор сæйрагдæрыл æрыгон фæлтæры хъомылады. Сымах та куыд хъуыды кæнут?

3.Ссарут тексты зæронд дзырд. Сбæрæг ын кæнут йæ нысаниуæг дзырдуаты фæрцы.

4.Ныффыссут тексты темæмæ гæсгæ æмбисæндтæ.

Темæ: «Фразеологион дзырдбæстытæ. Дзырды лексикон æвзæрст»

Фæрстытæ сахуыр кæнынæн:

1.Фразеологи.

2.Фразеологизм.

3.Фразеологион здæхт.

4.Дзырды лексикон æвзæрст.

Арæх дзырды нысаниуæг равдисæн вæййы æнæдихгæнгæ дзырдбастæй – фразеологизмæй. Ахæм дзырдбæстытæ, дзырдтимæ абаргæйæ, фылдæр хатт февдисынц тыхджындæр æнкъарæнтæ, уыдоны руаджы хъуыды равдисæн вæййы ирддæрæй. Абарæм: фæнæмын – фæрсчытæ банымайын, дард – авд хохы фæстæ, æрæнкъард уæвын – фындз æруадзын æ. а. д.

Фразеологион здæхт хонæм, æвзаджы цæттæйæ чи ’мбæлы æмæ хицæн дзырды хуызæн иу, æрмæст ахæсгæ нысаниуæг чи ’вдисы, ахæм æнæфехæлгæ дзырдбаст.

Сæрмагонд литературæйы фразеологизмтæ дихгонд цæуынц цалдæр къордыл, сæ равзæрд цæимæ баст у, уымæ гæсгæ.

Хицæн къордтæ аразынц: а) цитатæтæ фольклор æмæ литературæйæ; æ) æмбисæндтæ; б) арфæтæ æмæ æлгъыстытæ; в) амад терминтæ; г) фразеологион параллелизмтæ; гъ) фæлгонцджын алыхуызон фразеологизмтæ. (Кæс: М. И. Исаев. Очеркипофразеологииосетинскогоязыка. Орджоникидзе, 1961.)

Дзырды лексикон æвзæрст. Дзырд лексикон æвзæрст кæнгæйæ пайда кæнын хъæуы лингвистикон дзырдуæттæй: æмбарынгæнæн, синонимты, антонимты, омонимты, фразеологион дзырдбæстыты.

82

Дзырды лексикон æвзæрсты схемæ

1.Сбæрæг кæнын дзырды лексикон нысаниуæг контекстмæ гæсгæ.

2.Кæд дзырд бирæнысаниуæгон у, уæд ын бацамонын йæ иннæ нысаниуджытæ дæр.

3.Контекстмæ гæсгæ сбæрæг кæнын дзырды лексикон нысаниуæджы хуыз: комкоммæ; ахæсгæ.

4.Кæд дзырды нысаниуæг ахæсгæ у, уæд ын раттын характеристикæ.

5.Ныффыссын дзырды нысаниуæджы синонимон рæнхъ.

6.Дзырды антоним.

7.Дзырд бынæттон у æви æрбайсгæ.

8.Дзырдæй æппæт адæм дæр пайда кæнынц æви адæмы хицæн къордтæ.

9.Зæгъын, дзырд зæронд у æви нæу.

10.Сбæрæг кæнын, дзырд фразеологизмты æмбæлы æви нæ.

Дзырды лексикон æвзæрст

(Хуызæг)

Кавказы хæхты тæккæ астæу бацыди тынг арф нарæг ком.

(Дзаттиаты Т.)

1.Ком – арф, нарæг æмæ даргъ бынат дыууæ хохы æхсæн.

2.Бирæнысаниуæгон: а) дзых; æ) голладжы, гарзы æ. æнд. ахæмы гом хай исты дзы ныккæнынæн кæнæ сисынæн; б) цыргъагæн йæ цæгат нæ, фæлæ йæ цыргъ, лыггæнæг хай.

3.Комкоммæ нысаниуæг.

4.Бынæттон.

5.Иумæйаг.

6.Дзырд зæронд нæу, хауы ирон æвзаджы активон лексикæмæ.

7.Æмбæлы фразеологизмты: ком дæттын – разы кæнын; ком дарын – мархойы æгъдау æххæст кæнын; ком уадзын – ком дарæны фæстæ фыдызгъæл, урссаг хæрын райдайын; ком ивазын – хуыссæг куы ахса, уæд уый аххосæй рæстæгæй-рæстæгмæ комхæлиуæй сулæфын; коммæ кæсын – искæй ныхасыл, искæй фæндоныл разы кæнын, искæмæ хъусын.

83

Литературæ

1.Гацалова Л. Б. Русско-осетинский, осетинско-русский толковый словарь лингвистических терминов. Владикавказ.: РИО СОИГСИ, 2007.

2.Гуыриаты Т., Гæбæраты Н., Исаты М. Нырыккон ирон æвзаджы лексикологи. Орджоникидзе.: Ир, 1989.

3.Гæбæраты Н. Ирон æвзаджы чиныг 6 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Ир, 2013.

4.Джиоты Г. Дзырдуатон-фразеологион куыст ирон литературæйы урокты. Орджоникидзе.: Ир, 1990.

5.Джусойты К. Г., Дзодзыккаты З. Б., Цопанты Р. Г. Нырыккон ирон æвзаг: Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. Дзæужыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2005.

6.Дзабиты З. Т. Ирон æвзаджы фразеологион дзырдуат. Цхинвал,

2003.

7.Дзампаты Л. Г. Скъоладзауты дзырдуат хъæздыг кæныныл куыст ирон æвзаджы урокты: Ахуыргæнæн чиныг: ЦИПУ-йы рауагьдад. Дзæуджыхъæу, 2010.

8.Дзодзикова З. Б. Осетинский язык. Учебное пособие для невладеющих. Владикавказ.: Олимп, 2005.

9.Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат: 4 томæй. М.: Наукæ, 2007. 1 т.

10.Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат: 4 томæй. М.: Наукæ, 2010. 2 т.

11.Исаев М. И. Очерки по истории изучения осетинского языка. Орджоникидзе, 1974.

12.Кулаев Н. Х. Основные этапы развития и источники обогащения осетинского литературного языка. Орджоникидзе, 1956.

13.Медойты Б. Ирон æвзаджы лексикæ æмæ фразеологи. Цхинвал,

1988.

14.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи. Цхинвал.: Ирыстон, 1993.

15.Цопанты Р. Ирон æвзаджы чиныг 10 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Сем, 2013.

84

60. Бакæсут текст. Раттут ын сæргонд.

Адæм дæсны сты. Цы скæрдой, цы бауынаффæ кæной, уый раст вæййы кæддæриддæр. Сæ уалдзæджы фыццаг цин сбастой сылгоймаджы номимæ. Сæ уалдзæджы фыццаг цин райдыдтой бæсты рухс, бæсты фидауцæй.

Цард, æвæццæгæн, æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у а дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны уынгæг æмæ фæлмæн зарæг, фæндыры æмбæхст миддуне, нæлгоймаджы кадавар цæстысыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы фæйнæрдæм тонгæ хъуырдухæн…. Æрмæстдæр сылгоймаджы зæрдæйы уыдис уыдонæн райгуырæн.

Уæд йæ цин та! А зæххыл сылгоймаджы хуызæн ничи зоны цин кæнын. Уый цæстыты хуызæн уæм никæй цæстытæ бахудддзысты. Уыйбæрц æнкъарæнтæн никæй цæстæнгас бафæраздзæн. Сылгоймаджы цæстæнгас дæ куыд барæвдауа, йæ мидбылхудт дæ куыд батава, афтæ дæ ничи батавдзæн. Зæрдæйы хъæдгом байгас кæнынмæ уымæй дæсныдæр ничи у. Адæймаджы цардуарзон, базырджын скæны. Мæйдар æхсæв хурау скæсы нæ сæрмæ. Цырагъдарæй фæраст вæййы нæ разæй. Нæ азты уæз нын фелвасы æмбойны æмæ нæ сæрмæ ирд сæуæхсид сысты.

«Дæ сæрылхаст фæуон», «Цард дын фестон», «Дзыцца дын дæ рынтæ бахæра»… Кæй сомытæ, кæй арфæтæ сты уыдон? Чи нын фæисы йæхимæ нæ низ, нæ тухитæ? Чи ’рхæссы нæ сæрыл йæ уд нывондæн? Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, алкæмæн дæр æрмæстдæр иунæг хатт чи вæййы, уыцы фæлмæнзæрдæ мад!

Мадæниунæгномйеддæмæ нæй. Мадалы’взагылдæрмаду. Фыццагдæр уый ном скæрды не ’взаг. Йæ хур уый номимæ аныгуылы адæймагыл. Райгуырæн бæстæ, фыдæлты зæххимæ дæр ын уымæн барæм йæ ном. Уыдонæйзынаргъдæр, уыдонæйсыгъдæгдæрнынницыисдунейыл.

Зæххы цъарыл цыдæриддæр зарæгæй ис, уыдонæй, æвæццæгæн, авдæны зарæгæй хистæр ничи у. Уымæй равзæрдысты иннæ зарджытæ. Авдæны зарæг та райгуыры мады цæстысыгтæй, йæ бæллицтæй, йæ сæнттæй. О, цас уыдысты æмæ цас сты уыцы зарджытæ! Адæм сæ равзæрынæй нырмæ цал уыдысты, уал зарæджы! Алы зæрдæйы дæр рай-

85

гуыры йæхи зарæг, бæстыл ын зынаргъдæр чи вæййы, уый номыл. Иуæй иннæ рæсугъддæр, иуæй иннæ бæрзонддæр, базырджындæр! Сæ фылдæр та, хъæрæй зарæн кæмæн нæй, æрмæстдæр сусæгæй, зæрдæйæ-зæрдæмæ зарын кæй хъæуы, ахæмтæ. Цымæ утæппæт зарджытæ иу ранмæ æрæмбырд кæн, утæппæт зарджытæ уыцы иу зард ныккæн... Хæрзаг бæстæ æмзарæг суаид, æмзарæгæй зарид. Æмæ денджызы урсбарц уылæнтæй, æврæгъты фæлмæн тъыфылтæй, дымгæйы сусæг улæфтæй, быдираг дидинджыты тæфæй сыстид сылгоймаджы цардæгас сурæт, йæхæдæг фестид, бæстыл чи нæма уыди, ахæм диссаджы зарæг.

Цæгæраты М. Скъуыддзаг уацæй «Бæсты фидауц»

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут тексты сæйраг хъуыды.

2.Цавæр æмбисæндтæ, æмдзæвгæтæ, зарджытæ зонут мады тыххæй?

3.Рафыссут текстæй фразеологион дзырдбæстытæ.

4.Ссарут тексты фæстаг абзацы синонимтæ æмæ антонимтæ.

5.Бæрæггонд дзырдтæ лексикон æвзæрст ракæнут.

61. Бакæсут фразеологизмтæ. Бамбарын сын кæнут сæ нысаниуджытæ. Зæгъут сын сæ синонимтæ уырыссагау.

Уырды над, цæлхдур, тъанг тæнæг у, де (йе) стджытæ дæр дын (йын) ничиуал æрæмбырд кæндзæн, сæр зилын кæнын, къæртайæ калæгау уары, цæстысыг калын (згъалын), сæр сæттын, цыфæнды аргъæй дæр, саккаг кæнут, зæрдыл бадарын, хъустæ фæхъил кæнын, кæрон скæнын, хъуыддаг стынг кæнын, сæфты къахыл лæууын, химæ бамбарын, къахы фындзтыл цæуын, цæвæг дурыл сæмбæлди, цæстыгагуыйау хъахъхъæнын, нымады не сты, йæ цæст дæр не ’рныкъуылдта, цæстытæ нæ исын, цæстысыг калын, сæрæй къæхтæм.

62. Лæвæрд фразеологион дзырдбæстытимæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

Зæрдæбынæй, ныфссаст фæуын, улæфт суадзын, зæрдæмæдзæугæ, худæгæй мæлын, искæй дзыхы бахауын, цæстытæ æруадзын, хъуыдыйы æрцæуын, æвзагыл фæхæцын, зæххы скъуыды ныххауын, дзæгъæлы

86

фесæфын, иу хъусæй иннæйы ауадзын, комхæлиуæй (хæлиудзыхæй), æккойыл бадын, хи уромын, табу Хуыцауæн (Хуыцауæй бузныг), йæ фæд дæр нал уыд, худ исын, тыхтæ бамбырд кæнын, афтид къухæй, дæндæгтæ нылхъивын, сæргъы лæууын.

63. Бакæсут. Скæнут хатдзæгтæ.

Секъайы сфæлдыстадæн аргъ кæнгæйæ, Абайты Васо фыста: «Уый канд æцæг адæмон æмдзæвгæты, радзырдты æмæ уацауты зæрдæргъæвд автор нæу, фæлæ, фыццаджы-фыццаг, æвæджиау адæймаг, лæгау лæг у. Уацмыстæ фыссын куыст у. Фæлæ фыссын хаттæй-хатт вæййы сгуыхтдзинад. Ацы хъуыддаг базонынкæй фæнды, уый хъуамæ йæ хъус дара Секъайы цардыхабæрттæм»…

Секъайы уацмысты фразеологион æрмæг адихгæнæн ис алыхуызон къордтыл: æхсæнадон царды уагимæ баст фразеологизмтæ, динимæ баст формулæтæ, удварнимæ баст фразеологизмтæ, загъдаутæ, арфæтæ, æлгъыстытæ, æмбисæндтæ æ. а. д.

Сæ лексикон-грамматикон характеристикæмæ гæсгæ та сын адихгæнæн ис 5 къордыл:

1.Субстантивонтæ: зæрдæйы уидаг, зæрдæйы дидинæг, зæрдæйы дæгъæл, зæрдæйы низ.

2.Адективонтæ: къух зæрдæйыл сæвæргæйæ, зæрдæ суынгæг уæвгæйæ, зæрдæ раппар-баппар кæнгæйæ.

3.Ныхмæвæрд æвдисæг: сау зæрдæ, хъæбæр зæрдæ, хæлар зæрдæ, арсы зæрдæ, тæрхъусы зæрдæ.

4.Фразеологизмтæн сæ фылдæр сты иунысаниуæгон, фæлæ дзы вæййы бирæнысаниуæгонтæ дæр, кæд бирæ не сты, уæддæр. Зæгъæм, зæрдæ раттын – искæй бауарзын, исты хъуыддагмæ бæстон æрæвналын.

5.Мидæнкъарæнтæ æвдисæг: зæрдæмæ рухсы цъыртт бакæсын, зæрдæмæ æввахс нæ уадзын æ. а. д.

Секъайы сфæлдыстады лексемæ «зæрдæ»-имæ баст фразеологизмтæ сæ ахастытæм гæсгæ дæр адихгæнæн ис дæс къордыл. Уыдон нысан кæнынц:

1.Цин, æхцондзинад: зæрдæ скафыд, зæрдæ риуы нал цæуы, зæрдæйы чындзæхсæв.

87

2.Искæйы хъуыды, зондахаст хирдæм здахын: зæрдæ арын, зæрдæмæ фæндаг арын, зæрдæмæ дæгъæлтæ ссарын.

3.Монцты, æнкъарæнты коммæ кæсын: зæрдæйы фæдыл цæуын, зæрдæйы коммæ кæсын.

4.Кæстæрмæ æгæрон уарзондзинад: зæрдæйы уидаг, зæрдæйы рухс, зæрдæйы æнцой.

5.Æгоммæгæсдзинад: хивæнд, зæрдæйы низ, зæрдæцъæх кæнын.

6.Растдзинад, æфхæрд æвдисын: зæрдæйы хъæдгом, зæрдæ баууилын, зæрдæ аскъуынын, зæрдæ къахын, зæрдæ марын, зæрдæ æфхæрын

æ.æнд.

7.Исты маст, зын ницæмæ дарын: зæрдæмæ æввахс нæ уадзын, зæрдæйы хъустæ йын нæй, йæ зæрдæ йæ уæцъæфы ис.

8.Мидæнкъарæнтæм исты (цин, маст) арф уадзын: зæрдæ хизын, зæрдæмæ исын, зæрдæмæ хъарын, зæрдæмæ рухсы тын бауадзын.

9.Искæй ахаст æрсабыр кæнын, схъæлдзæг кæнын: зæрдæ тæнæг кæнын, зæрдæмæ хъарм бауадзын, зæрдæ фæлмæн кæнын.

10.Намыс нæ сафын: зæрдæхудтæй тæрсын, зæрдæхудты цæуын.

Къодоты Аринæ. Журнал «Мах дуг»-æй

64.Рафыссут фразеологион дзырдбæстытæ нырыккон ирон фысджыты уацмыстæй. Адих сæ кæнут къордгай сæ лексиконграмматикон характеристикæмæ гæсгæ, 63-æм фæлтæрæны æрмæгæй пайдагæнгæйæ.

65.Бакæсут фразеологизмтæ. Бамбарын сын кæнут сæ нысаниуджытæ. Зæгъут сын сæ синонимтæ иронау.

Без оглядки, белый свет, Бог его знает, Боже упаси, бровью (глазом, ухом, носом) не повёл, не шевельнул, бросить (кинуть) взгляд, будь что будет, в глаза не видеть, вешать нос, в кои-то веки, в конце концов, во весь голос, всего-навсего, в упор, войти в долги, в чём (только) душа держится, выводить на чистую воду, вырвать из сердца, высунув язык, голова идет кругом, глаза разгорелись, делать вид, держать слово, держать язык за зубами, дойти до ушей, до глубины души (сердца), душа в душу, заглядывать вперёд, закидывать слово, закрадываться в душу

88

(сердце), заткнуть (затыкать) рот, злой язык, игра не стоит свеч, идти (ходить) по миру, иметь зуб, иметь в виду, и след простыл, чуть свет.

66. Рафыссут цитатæ. Бамбарын æй кæнут. Ссарут дзы фразеологион дзырдбаст. Бæрæггонд дзырдтæ лексикон æвзæрст ракæнут.

Адæмимæ хæларæй цæрын æнæмæнг кæнинаг хъуыддаг у. Адæймагмæ хорз цæстæй куы нæ кæсай, уæд царды дæ ахсджиаг хæс не ’ххæст кæндзынæ. (Л. Н. Толстой)

67. Бакæсут текст. Сбæрæг ын кæнут йæ сæйраг хъуыды. Бæрæггонд дзырд лексикон æвзæрст ракæнут. Ныффыссут сочинени «Адæмæн уарзон лæг». Спайда кæнут фразеологион дзырдбæстытæй.

Фыды фарн

Кæддæр, дам, иу лæппу балцы цыдис æмæ йæ мады фæрсы:

Фæндаггаг мемæ цы ахæссон?

Дæ фыды ном, дæ фыды фарн, – загъта йын мад.

Æмæ лæппу балцы йæ фыды ном, йæ фыды фарнимæ фæндараст кодта. Алы ран дæр ыл æмбæлдысты æхсызгонæй, йæ фыды намыс хъуыдыгæнгæйæ.

«Ирон æмбисонды хабæрттæ»

68. Рафыссут Гæдиаты Секъайы уацмыстæй хъуыдыйæдтæ фразеологион дзырдбæстытимæ. Адих сæ кæнут къордгай сæ лекси- кон-грамматикон характеристикæмæ гæсгæ, 63-æм фæлтæрæны æрмæгæй пайдагæнгæйæ.

Контролон куыст 2-аг модулæй 1-аг вариант

1. Сбæрæг кæнут лæвæрд дзырдты нысаниуджытæ. Зæгъут, лексикæйы кæцы къордмæ хаст цæуынц дзырдтæ æмæ цæмæн.

Адыли, сардзин, уыдисн, уылынг, мæрт.

89

2. Фразеологион дзырдбæстытæн ныффыссут сæ синонимтæ иронау. Æрхъуыды кæнут æмæ хъуыдыйæдтæ.

Высунувязык, головаидеткругом, глазаразгорелись, делатьвид, держать слово, держатьязыкзазубами, дойтидоушей, доглубиныдуши(сердца).

3. Бакæсут скъуыддзаг. Бæрæггонд дзырдтæ лексикон æвзæрст ракæнут.

Кæм дæ, мæ рагон хъуыдыйы къуыбылой, Хуымæллæгау цы ныссуйтæ дæ? Зæгъ. Дæумæ цæуын зæронд лæгау гуыбырæй, Нæмын дæу æнхъæл бон-изæрмæ зæхх.

Гаджиты Барис

2-аг вариант 1. Сбæрæг кæнут лæвæрд дзырдты нысаниуджытæ. Зæгъут,

лексикæйы кæцы къордмæ хаст цæуынц дзырдтæ æмæ цæмæн.

Аллитераци, инверси, силлепс, троп, эссе.

2. Фразеологион дзырдбæстытæн ныффыссут сæ синонимтæ уырыссагау. Дыууæ фразеологизмимæ дзы æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ.

Химæ бамбарын, йæ хъусы йын зæгъын, къахы фындзтыл цæуын, цæвæг дурыл сæмбæлди, цæстыгагуыйау хъахъхъæнын, нымады не сты, цæстытæ нæ исын, йæ цæст дæр не ’рныкъуылдта, цæстысыг калын, сæрæй къæхтæм, зæрдæбынæй, ныфссаст фæуын.

3. Бакæсут скъуыддзаг. Лексикон æвзæрст ракæнут бæрæггонд дзырдтæ.

Дæ рухс сурæт мæ зæрдæйы хæссын, Дæхæдæг дард дæ арвæрдыны тагау, Тæхыс дæ сæнтты цыллæбазыр маргъау, Цыма нæ зоныс мисхалбæрц тыхсын.

Кокайты Тотрадз

90

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]