Добавил:
Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:

Практикум по родному языку. Учебно-методическое пособие

.pdf
Скачиваний:
0
Добавлен:
11.08.2026
Размер:
523 Кб
Скачать

фрикативон æмхъæлæсонтæ хурхон æмхъæлæсонтæ хъæлæсонтæ цавд

Темæ: «Фонетикæ куыд æвзагзонынады хай. Мыр. Фонемæ. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты хицæндзинæдтæ. Хъæлæсон мырты характеристикæ».

Фæрстытæ сахуыр кæнынæн

1.Фонетикæ куыд æвзагзонынады хай.

2.Мыр.

3.Фонемæ.

4.Иронæвзаджыхъæлæсонæмæ æмхъæлæсонмыртыхицæндзинæдтæ.

5.Ирон æвзаджы хъæлæсон мырты характеристикæ.

Фонетикæ у æвзагзонынады хай, иртасы æвзаджы мырон сконд (бердзенаг дзырд phonetike амоны мырон).

Мыр у дзургæ ныхасы æппæты къаддæр æнæдихгæнгæ иуæг. Ныхасы алы мыр дæр бæрæггонд цæуы йæ акустикон, артикуляцион æмæ нысаниуæгхицæнгæнæн æууæлтæй. Мыртæ сæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ тыхæй, бæрзæндæй, сæ дæргъвæтиндзинад æмæ сæ тембрæй.

Мыр саразыны тыххæй цас рæстæг бахардз вæййы, уый бæрæг кæнынц дæргъвæтиндзинадæй.

Алы адæймаджы ныхасы мыртæн дæр ис сæхи ахорæн – тембр. Ныхасы мырты арæзты архайынц рæуджытæ, бронхæтæ, хъихъына,

риуы гуыдыр, хурхыуадындзтæ, æвзаг, былтæ, дæллаг æфсæр. Дзурæн буары хæйтты архайд хуыйны артикуляци.

Мыртæй иутæ арæзт цæуынц хурхыуадындзты змæлды фæрцы. Уæлдæф уыдоны ’хсæнты ссæуы сæрибарæй æмæ йæ фæрцы равзæры зыланг. Уый руаджы рауайынц хъæлæсон мыртæ.

Æмхъæлæсон мыртæ аразгæйæ уæлдæфы размæ фæлæууынц буары хæйттæ, æмæ афтæмæй равзæры сыбыртт.

Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ ма ноджыдæр хицæн кæнынц сæ ахæм миниуджытæй:

11

1)хъæлæсонтæ аразгæйæ уæлдæфы тых вæййы лæмæгъдæр, æмхъæлæсонтæ аразгæйæ та – тыхджындæр;

2)хъæлæсонтæ аразгæйæ дзурæн буары хæйттæ сæхи фæдарынц иухуызон, æмхъæлæсонтæ аразгæйæ та сæ архайд фæтыхджындæр вæййы, цы уæлдæф раулæфæм, уый сыл куы сæмбæлы, уæд;

3)хъæлæсонтæ æрмæст сæхæдæг дæр аразынц уæнг, æмхъæлæсонтæ та нæ аразынц.

Фонемæ у æвзаджы тæккæ къаддæр мырон иуæг, кæцыйы фæрцы кæрæдзийæ хицæн кæнынц дзырдтæ æмæ дзырдты нысаниуæгджын хæйттæ – морфемæтæ.

Уыцы иу фонемæ алы фонетикон уавæрты фæхъуысы бынтон алыхуызон. Уыцы хуызтæ хуыйнынц фонемæйы варианттæ.

Ирон æвзаджы хъæлæсон мыртæ. Нырыккон ирон æвзаджы раиртасæн ис авд хъæлæсоны: а, æ, и, ы, е, о, у. Хъæлæсонтæ аразгæйæ æппæты тынгдæр фæархайынц æвзаг, былтæ æмæ фæлмæн комарынг. Уыцы хæйтты змæлдмæ гæсгæ хъæлæсонтæ дих кæнынц цалдæр къордыл.

Горизонталон уавæры змæлгæйæ æвзагæн йæ кæцы хай йæхи сисы комарынгмæ (раззаг, астæуккаг æви фæстаг), уымæ гæсгæ иртасынц раззаг рæнхъы хъæлæсонтæ е æмæ и, астæуккаг рæнхъы хъæлæсонтæ а, æ,

ыæмæ фæстаг рæнхъы хъæлæсонтæ о, у.

Æвзаг йæхи цас бæрзонд сисы, ома вертикалон уавæры куыд змæлы, уымæ гæсгæ та иртасын хъæуы: бинаг систы хъæлæсон а; астæуккаг систы хъæлæсонтæ е, æ, о; уæллаг систы хъæлæсонтæ и, ы, у.

Мыртæ у æмæ о аразгæйæ ма архайынц былтæ, уымæ гæсгæ хуыйнынц лабиализацигонд.

Хъæлæсонтæ дих кæнынц тыхджынтæ æмæ лæмæгътыл. Тыхджын хъæлæсонтæ сты а, е, и, о, у, лæмæгъ хъæлæсонтæ сты æ, ы.

Литературæ

1.Абаев В. И. Грамматический очерк осетинского языка. Владикавказ,

1959.

2.Багаев Н. К. Современный осетинский язык. Часть I, Орджоникидзе: Ир, 1982.

3.Бесолов Л. М. Уроки фонетики и орфографии в осетинской школе. Учебное пособие. Орджоникидзе: Ир, 1989.

12

4.Гацалова Л. Б. Русско-осетинский, осетинско-русский толковый словарь лингвистических терминов. Владикавказ.: РИО СОИГСИ, 2007.

5.Гæбæраты Н. Я. Ирон æвзаджы чиныг 6 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Ир, 2013.

6.Грамматика осетинского языка / Под ред. Г. С. Ахвледиани. Часть I. Орджоникидзе.: Ир, 1963.

7.Джусойты К. Г., Дзодзыккаты З. Б., Цопанты Р. Г. Нырыккон ирон æвзаг: Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. Дзæужыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2005.

8.Дзодзикова З. Б. Осетинский язык. Учебное пособие для невладеющих. Владикавказ.: Олимп, 2005.

9.Дзодзыккаты З. Б., Джиоты Г. Х. Ирон æвзаджы чиныг 5 къласæн. Дзæуджыхъæу.: Ир, 2013.

10.Камболов Т. Т. Очерк истории осетинского языка. Владикавказ.:

Ир, 2006.

11.Кудинова Т. А. Виды языкового разбора. Ростов-на-Дону.: Фе-

никс, 2006.

12.Куыдзойты А. Ф. Ирон æвзаджы практикум: Орфографи. Дзæуджыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2010.

13.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи. Цхинвал.: Ирыстон, 1993.

14.Токазов Ф. М. Самоучитель осетинского языка. Владикавказ: Респект, 2012.

15.Цакулова А. М. Обучение осетинскому языку как второму. Владикавказ.: Издательство СОГПИ, 2009.

16.Цопанты Р. Ирон æвзаджы чиныг 10 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Сем, 2013.

1. Бакæсут текст.

Адæмтæ кæрæдзимæ кæсгæйæ ахуыр кæнынц рæзты хъуыддæгтыл. Куыд бинонты æхсæн, афтæ хъæубæсты æмæ комбæсты астæу дæр фæлтæртæ баст фæцæуынц хистæрæй кæстæрмæ царды фæзминаг æмæ фауинаг миниуджытæй. Адæймаг сæрмагондæй цавæр гуырдзон-æрдзон буарыхъæд рахæсса мады хуылфæй, уый свæййы бындур йæ рæзты фæндагыл æхсæнадон уавæрты. Куыд хуыз æмæ уындæй, афтæ

13

удыхъæды мидисæй дæр сывæллоны буарыл сахады ныййарджыты туг, фæлæ йæ дарддæры рæзты фæндагыл æхсæнадон уавæртæ нæй, уæд ын адæмы хуыздæр уагыл бæллиццаг фидæн дæр нæ вæййы.

Сывæллонæн йæ рæзты уавæртæ аразæг раздæр сты мад æмæ фыд, бинонтæ, стæй – алыварсы цæрæг адæм. Уыдоны астæу цы уына æмæ цы хъуса, уый фæзмы хорзæй-æвзæрæй, растæй-зылынæй. Ууыл дзурæг сты фыдæлты æмбисæндтæ æмæ зонды ныхæстæ: «Мад – ныййарæг, фыд – схæссæг», «Туг æмæ мыггаг авд фæлтæрмæ æххæссынц», «Сау хохæй урс дур нæ хауы», «Куысыфтæджы цы ныдздзурай, уый дæм сдзурдзæни» …

Кусын, рæстыл дзурын æмæ рæстæй цæрын фыдæлтæ нымадтой сæ удхъомысы сæйрагдæр нысæнттыл, æмæ, уыцы бындурон фæткыл хæцгæйæ, хъомыл кодтой рæзгæ фæлтæры.

Айлары Измаил

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Æрхъуыды кæнут текстæн сæргонд. Сбæрæг ын кæнут йæ темæ æмæ йæ сæйраг хъуыды.

2.Радзурут текст хи ныхæстæй.

3.Сымах та цы хъуыды кæнут сывæллæтты хъомылады тыххæй? Разы стут авторы ныхæстимæ?

4.1-аг абзацæй рафыссут, æрмæстдæр лæмæгъ хъæлæсонтæ кæм ис, ахæм дзырдтæ.

5.2-аг абзацæй рафыссут дзырдтæ дамгъæ у-имæ. Сбæрæг кæнут, цавæр мыр у (хъæлæсон æви æмхъæлæсон) уыцы дзырдты мидæг.

6.Бакæсут зонды æмæ царды уаджы ныхæстæ. Бамбарын сын кæнут сæ хъуыды. Зæгъут, кæцы дзырдты ис æрмæстдæр лæмæгъ хъæлæсонтæ.

Адæмы фарн бирæ у.

Адæм æмзонд, æмвæндæй фидауынц.

Хорз адæм фылдæр кæм уой, уым æнцондæр цæрæн у.

14

2. Бакæсут таурæгъ.

Зæрæмæджы чиныг

Уæлладжыры комы мидæгау, иу рæсугъд уæлвæзы, лæууы Зæрæмæджы хъæу. Бæрзонд фæцыдысты ныр дæр йæ рагон мыггагон мæсгуытæ – фидæрттæ, сæ алыварс та батыгуыртæ сты чысыл хæдзæрттæ. Уыцы мæсгуытæй иу у Сикъоты мыггаджы.

Иу хатт, бирæ æнусты размæ, Сикъоты ног чындз донмæ рацыди. Уыди ирд сæрдыгон райсом. Æвиппайды чындз ауыдта сызгъæрин цъиу – бæрзонд тахти арвыл æмæ сызгъæринау æрттывта хуры сæууон тынтæм. Ахæм æнахуыр диссаг фенгæйæ, чындз дзыхълæуд фæкодта. Цъиу ленкгæнæгау йæхи рауагъта æмæ йе уæхскæй чиныг, сызгъæринæй фыст чиныграйста, бахастайæ сæ мæсыгмæ æмæ радзырдтайæ хабæрттæ.

Чиныг хæзнайау бавæрдтой мæсыджы, мæсыг та уæдæй фæстæмæ ссис дзуары бынат.

Журнал «Мах дуг»-æй

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Раттут текстæн æндæр сæргонд.

2.Зæгъут, цавæр хъæлæсонтæ (тыхджын/лæмæгъ) ис дзырдты иу,

рагон, ног, ирд, диссаг, цъиу.

3.Текстæй рафыссут, æрмæстдæр лæмæгъ хъæлæсонтæ кæм ис, ахæм дзырдтæ.

4.Рафыссут амындтæ æмæ фæдзæхстытæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут. Зæгъут, кæцы дзырдты ис æрмæстдæр тыхджын хъæлæсонтæ.

Иу бон хистæрæн дæр хистæры лæггад кæн.

Фыдæлты хæзнатыл хорзæй цы бафтауай, уый уыдзæни дæ цæрæнбонты фæндаггаг фæстагæттæн фæзминагæй.

3. Рафыссут, æрмæстдæр астæуккаг систы хъæлæсонтæ кæм ис, уыцы дзырдтæ. Æрхъуыды кæнут семæ дзырдбæстытæ.

Æмбырд, фыдæлтæ, фарстатæ, худ, хъомылад, бинойнаг, кæстæртæ, æнцондæр, дзуапп, сылгоймаг, хатдзæг, сыхæгтæ, ныууагътой, æрвиты, иумæ, институт, район, уацхъуыд, æмдзæвгæ, æнæнхъæлæджы, уазæгуаты, æмхуызон.

15

4. Ссарут, æрмæстдæр астæуккаг рæнхъы хъæлæсонтæ кæм ис, уыцы дзырдтæ. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты. Ныффыссут семæ хъуыдыйæдтæ.

Уарзондзинад, дуне, хъæу, иннæтæ, ныхæстæ, цæсгом, бон, кæддæриддæр, фæзæгъы, æркæсдзысты, хæдæфсарм, уæлæмхасæн, æхсæв, бæрæггæнæн, æхсызгон, фæлварæн, дæсныйад, хабар, цингæнгæйæ, фыстæг, кæсæн, дзаума, хъуымац, арм, бафиппайын, наукон, программæ.

5. Хицæнкъордтæйрафыссутдзырдтæ:

а) æрмæстдæрбинагсистыхъæлæсонтимæ; æ) æрмæстдæрастæуккагсистыхъæлæсонтимæ; б) æрмæстдæруæллагсистыхъæлæсонтимæ.

Йæхинымæр, ахаста, уидыг, куыддæр, бур, цонг, фæхæцыд, фыццаг, мыд, аст, æрдхорд, рамбылдта, аг, уайтагъд, зæрдиагæй, быру, сахат, æмбырдгонд, иту, æцæгæлон, куыст, раппæлыд, мыст, худгæйæ, фат, мæнон, баууæндыдысты, хъазгæйæ, ард, бакъуырдта, кæронбæттæн, фарс, кусæг, аспирантурæ, буар, сфæлтæрын, цæлхдур, дзæгъæлы, гæххæтт.

Темæ: «Ирон æвзаджы æмхъæлæсон мырты дих».

Фæрстытæ сахуыр кæнынæн

1.Ирон æвзаджы æмхъæлæсонтæ мыртæ.

2.Ирон æвзаджы æмхъæлæсон мырты дих.

Ирон æвзаджы ис 28 æмхъæлæсоны: б, в, г, гъ, д, дж, дз, з, й, к, къ,

л, м, н, п, пъ, р, с, т, тъ, у, ф, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ. Мыртæ ж, ш, щ

æмбæлынц æрмæстдæр æрбайсгæ дзырдты. Æмхъæлæсонтæн нæй равзæрæн æнæ сыбырттæй.

Æмхъæлæсонтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц дзурæн буары хæйтты архайдмæ гæсгæ æмæ мыртæн сæ арæзты фæрæзмæ гæсгæ.

Æмхъæлæсонтæ б, м, п, пъ, у арæзт цæуынц былты фæрцы æмæ уымæ гæсгæ хуыйнынц был-былонтæ; в æмæ ф та сты был-дæндагонтæ.

16

Иу къорд æмхъæлæсоны арæзты тыхджынæй фæарахайы æвзаг. Уыцы æмхъæлæсонтæ дих кæнынц афтæ: разæвзагонтæ (д, дж, дз, л, н, р, с, т, тъ, ц, цъ, ч, чъ), астæуккагæвзагон (й) æмæ фæсæвзагонтæ (г, к, къ). Дзыхы ноджы рæбындæрцыæмхъæлæсонтæ равзæрынц, уыдонтастыхурхонтæ (гъ, х, хъ).

Æмхъæлæсонтæн сæ арæзты фæрæз цавæр вæййы, уымæ гæсгæ иртасын хъæуы ахæм къордтæ: 1) æвиппайдонтæ: б, г, д, дж, к, къ, п, пъ, т, тъ, хъ, цъ, ч, чъ; 2) фрикативонтæ (кæнæ зыхъхъыронтæ): в, гъ, з, с, ф, х.

Æвиппайдон мыртæ аразгæйæ дзурæн буары хæйттæ бынтондæр байгом вæййынц, стæй сæ уæлдæф æвиппайды фæхицæн кæны, æмæ равзæры сыбыртт.

Æвиппайдонтыæхсæнсты«кавказаг» æмхъæлæсонтæ къ, пъ, тъ, цъ, чъ. Зыхъхъырон æмхъæлæсонтæ аразгæйæ дзурæн буары хæйтты æхсæн

сæвзæры зыхъхъыр æмæ уæлдæф ууылты фæцæуы æнæкъуылымпыйæ. Мыртæ р, л, м, н, й, у хуыйнынц сонорон. Иннæ æмхъæлæсонтæй

уæлдайсоноронтыарæзтыхъæлæсыархайдуæлахизкæнысыбырттыл. Æмхъæлæсонтæ алыхуызон сты хурхы уадындзты архайдмæ гæсгæ

дæр: уыдон æлвæст куы вæййынц æмæ куы фезмæлынц, хурхæй зыланг куы ссæуы, уæд равзæрынц зылангон æмхъæлæсонтæ: б, в, г, гъ, д, дж, дз, з. Хурхыуадындзтæ куы нæ фезмæлынц, уæд та æрмæст сыбырттæй равзæрынц æзылангонтæ: к, къ, п, пъ, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ.

Дыууæ къорды мыртæй цалдæр сæ кæрæдзиимæ аразынц къæйттæ: б-п, в-ф, г-к, з-с, д-т, гъ-х, дз-ц, дж-ч.

Æмхъæлæсонтæ нæ ныхасы æмбæлынц куыд иугæйттæй, афтæ дæргъвæтинæй дæр.

Литературæ

1.Абаев В. И. Грамматический очерк осетинского языка. Владикавказ, 1959.

2.Багаев Н. К. Современный осетинский язык. Часть I, Орджоникидзе: Ир, 1982.

3.Бесолов Л. М. Уроки фонетики и орфографии в осетинской школе. Учебное пособие. Орджоникидзе: ИР, 1989.

4.Гацалова Л. Б. Русско-осетинский, осетинско-русский толковый словарь лингвистических терминов. Владикавказ.: РИО СОИГСИ, 2007.

17

5.Гæбæраты Н. Я. Ирон æвзаджы чиныг 6 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Ир, 2013.

6.Грамматика осетинского языка / Под ред. Г. С. Ахвледиани. Часть I. Орджоникидзе.: Ир, 1963.

7.Гуыриаты Т. А. Цыбыр ирон-уырыссаг дзырдуат. Дзæуджыхъæу: Респект, 2013.

8.Джусойты К. Г., Дзодзыккаты З. Б., Цопанты Р. Г. Нырыккон ирон æвзаг: Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. Дзæужыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2005.

9.Дзодзикова З. Б. Осетинский язык. Учебное пособие для невладеющих. Владикавказ.: Олимп, 2005.

10.Дзодзыккаты З. Б., Джиоты Г. Х. Ирон æвзаджы чиныг 5 къласæн. Дзæуджыхъæу.: Ир, 2013.

11.Камболов Т. Т. Очерк истории осетинского языка. Владикавказ.:

Ир, 2006.

12.Кудинова Т. А. Виды языкового разбора. Ростов-на-Дону.: Фе-

никс, 2006.

13.Куыдзойты А. Ф. Ирон æвзаджы практикум: Орфографи. Дзæуджыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2010.

14.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи. Цхинвал.: Ирыстон, 1993.

15.Цопанты Р. Ирон æвзаджы чиныг 10 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Сем, 2013.

6. Рафыссут дзырдтæ хицæн къордтæй сæ райдайæн дамгъæтæм гæсгæ: а) зылангонæмхъæлæсонимæ; æ) æзылангонæмхъæлæсонимæ.

Хæдзар, тых, зæронд, бынмæ, худинаг, дзаумæттæ, дуртæ, бæстæ, цыдæр, сæрæй, тыхулæфт, цæстытæ, цæрын, дзæвгар, хуыссæн, кæсаг, бинонтæ, загътаис, кусаг, дысон, къалиу, цъæх, пец, кæддæр, байгас, дыргътæ, цыдæртæ, баруад, кæрдæг, зындысты, дæхимæ, пуцæлттæ, дзæбуг, хъæлдзæгæй, зæрдæмæдзæугæ, цъæхснаг, хæрзуынд, касти.

18

7. Бакæсут текст.

Диссаджы бæлас

Хъæд хонынц æрдзæн йæ фæлыст дæр æмæ йæ рæуджытæ дæр: иуæй йæ аив кæны, иннæмæй, сыгъдæг уæлдæф дæтты, ноджы ма гагадыргътæ æмæ бирæ æндæр лæвар хойраг, стæй арæзтадон æрмæг.

Бæлæсты диссагдæртæй иу у баобаб. Йæ райгуырæн бæстæ, ома хæдæвзæрдæй кæм зайы, уый – Африкæйы тæвддæр бынæттæ, фæлæ йæ садзгæ Скæсæн Индийы дæр кæнынц.

Хæрдмæ бирæ нæ зайы баобаб – æдæппæт фондз метры бæрц, фæлæ ахæм ставд у, æмæ йыл цæмæй аххæссай, уый тыххæй бахъæуид ссæдз адæймаджы кæрæдзийы къухтыл ныххæцын, уымæн æмæ бæласы зæнг 30 метры стæвдæн дæр вæййы. Бынтон диссаг та йæ къалиутæ сты. Уыдон фæйнæрдæм фæцæуынц ссæдзгай метрты бæрц, æмæ дардæй кæсгæйæ афтæ фæзыны, цыма иу бæласы цæнгтæ не сты, фæлæ æнæхъæн къох. Зæгъæм, горæтаг адæм æрдзы хъæбысмæ сæ фæллад уадзынмæ ацыдысты, уæд иунæг баобабы аууоны бацæуид цалдæр фондзыссæдз адæймаджы. Ноджы ма сын фадат уаид йæ адджын-туаг дыргътæй сæхи хорз фенынæн дæр.

Уæйыг-бæлас цæргæ дæр бирæ кæны – мингай азтæ. Сенегалаг хъæу Гранд Галардусы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ баобабтæй иуыл цæуы æхсæз мин азы.

Журнал «Ногдзау»-æй

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Ныффыссут текстмæ гæсгæ фæрстытæ. Раттут сæ уæ кæрæдзимæ, афтæмæй саразут диалог.

2.Ссарут тексты дзырдтæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ.

3.Хицæн къордтæй рафыссут дзырдтæ: а) сæ кæроны зылангон æмхъæлæсонтæ кæмæн ис, уыдон; æ) сæ кæроны æзылангон æмхъæлæсонтæ кæмæнис, ахæмтæ.

4.Текстæй рафыссут, сонорон æмхъæлæсонтæй чи райдыдта, уыцы дзырдтæ.

5.Цавæр хъæлæсонтæ (тыхджын/лæмæгъ) ис дзырдты диссаг, хой-

раг, баобаб, къох, фадат?

19

6. Бакæсут æмбисæндтæ. Бамбарын сын кæнут сæ хъуыды. Зæгъут, кæцы дзырдты райдайæны ис зылангон æмхъæлæсонтæ. Æзылангон æмхъæлæсонтæ та?

Бæлас уидагæй рæзы.

Кæрдæг кæм нæ зайы, уым хор дæр нæ зайы. Хъæд мын зæгъ, æмæ дын бæстæ зæгъон.

8. Бакæсут текст рольтæм гæсгæ.

Банхъæлмæ уал кæсæм

Иу китайаг хуымгæнæг цæрæнбонты уæхскуæзæй фæкуыста, фæлæ йын бынтæ скæнын нæ бантысти. Уыйхыгъд æй цард сарæзта зонды фæндагыл. Бон-сауизæрмæ йæ фыртимæ йæ зæхмæ зылди, мамæлайы къæбæр амалгæнгæйæ, сæ бонтæ æрвыстой.

Иуахæмы фырт йæ фыдæн афтæ:

Баба, æнамонд хабар – нæ ефс* фесæфти.

Афтæ æнхъæл цæмæн дæ, æмæ уый æнамонд хабар у? – загъта фыд. – Банхъæлмæ уал кæсæм.

Цасдæр рæстæджы фæстæ ефс фæзынд, йемæ ма емылыкк* дæр æрбакодта.

Лæппу йæ фыдмæ цингæнгæ базгъордта:

Баба, амондджын хабар – нæ бæх емылыккимæ æрбацыд!

Афтæ æнхъæл цæмæн дæ, æмæ уый амондджын хабар у? Банхъæлмæ уал кæсæм.

Лæппуйы æрфæндыд емылыккыл абадын. Багæпп ын кодта йе рагъмæ. Бæх йæ фæстæгтыл алæууыд æмæ йæ разыввытт ласта. Лæппуйæн йæ къах асасти.

Баба, æнамонд хабар – мæ къах асасти, – дзуры фырт йæ фыдмæ.

Уый дæм æнамонд хабар цæмæн кæсы? Багæдзæ уал кæн.

Лæппуйæн йæ фыды ныхас æхсызгон нæ уыди, фæлæ дзургæ ницы скодта.

Къорд боны фæстæ хъæуы фæзындысты императорæй æрвыст лæгтæ – хъуамæ фæсивæды акодтаиккой хæстмæ. Зæхкусæджы хæдзармæ дæр æрбацыдысты, фæлæ, лæппу цæуынхъом дæр нæу, уый куы федтой, уæд æй ныууагътой.

20

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]