Добавил:
Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:

Практикум по родному языку. Учебно-методическое пособие

.pdf
Скачиваний:
0
Добавлен:
11.08.2026
Размер:
523 Кб
Скачать

Ирон æвзаджы цавд фæхауы хицæн сæрмагонд дзырдтыл дæр стæй дзырдбæстытытыл дæр. Цавды бынат дзырды дæр æмæ дзырдбасты дæр аразгæ у иухуызон æгъдæуттæй:

1)фæхауы фыццаг кæнæ дыккаг уæнгыл;

2)фыццаг уæнджы тыхджын хъæлæсон куы вæййы, уæд цавд фæхауы ууыл (зарæг, джитъри), лæмæгъ хъæлæсон дзы куы вæййы, уæд та – дыккаг уæнгыл (фæтæн, лыстæг).

Фиппаинаг.

Хибарæй лæууынц иуæй-иу дзырдтæ (хъазахъхъаг, хæлын, мысын, уыдон, фыццаг, дыккаг æ. æнд.).

Ирон нæмтты цавд фæхауы дыккаг уæнгыл (Аслæнбег, Дзæрæхмæт). Мыггæгты цавд фæхауы фыццаг уæнгыл дæр (Бирæгътæ, Кокайтæ)

æмæ дыккаг уæнгыл дæр (Гæдиатæ).

Цавд комплексты фæхауы:

2)бæрæггæнæн (цавæрфæнды ныхасы хайæ загъд куы ’рцæуы, уæддæр) æмæ бæрæггæнинаг дзырдыл: бæрзондˆчызг;

3)фæсæвæрдтæ æмæ разæвæрдтæ, цы дзырдтæм хаст цæуынц, уыдонимæ ааразынц иу акцентуалон комплекс: хæдзарыˆсæр, стъолыˆбын;

4)æппæрццæг хайыгтæ нæ, нæма, мама, æппæрццæг номивджытæ

мауал, мачи, ничи, никæцы æ. а. д. æмæ æппæрццæг фæрсдзырдтæ никæцæй, макæдæм æ. а. д. семæ баст дзырдтимæ аразынц акцентуалон комплекстæ: мауалˆбад, ничиˆлæууы, маˆзæгъ, неˆ’мбæлы, налˆхъуысы, никæдæмˆцæуы, ничердыгæйˆзыны;

5)нымæцон номдаримæ бастæй: æртæˆчъири, фондзˆчиныджы; амад нымæцонтæй алкæмæн дæр ис хицæн цавд, комплекс аразы

æрмæстдæр фæстаг нымæцон номдаримæ: мин фарастсæдæ æхсайˆæртыккæгæм азы, фæлæ æртæˆминˆадæймаджы;

6)фарстон номивджытæ æмæ фæрсдзырдтæ зæгъинæгтимæ иумæ аразынц акцентуалон комплекс: Чиˆзары? Кæмæнˆзагътай?

7)бæттæг æмæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ куы фæиу кæны, уæд арæхдæр саразы кæмплекс йæ фæстæ лæууæг дзырдимæ: Зарæг райдыдта ивазгæ æмæˆлæмæгъ зæлтæй.

8)æххуысгæнæг дзырдтæ æмæ номивджыты цыбыр формæтыл цавд фæхауы иууæнгон дзырдты фæстæ: æзˆæм бадзырдтон, дыˆйыл ахъуыды кæн.

31

Дзырды фонетикон æвзæрст

(Хуызæг)

1.Дзырд адих кæнын уæнгтыл (æв-заг).

2.Сбæрæг кæнын, дзырды цал мыры (хъæлæсон / æмхъæлæсон) ис,

уый (хъæлæсонтæ – 2, æмхъæлæсонтæ – 3).

3.Хъæлæсон мыртæн характеристикæ раттын ([æ] – æнæцавдон,

лæмæгъ, астæуккагрæнхъон, астæуккаг систы; [а] – цавдон, тыхджын, астæуккагрæнхъон, бинаг систы).

4.Æмхъæлæсон мыртæн характеристикæ раттын ([в] – зылангон, æмкъай, был-дæндагон, зыхъхъырон; [з] – зылангон, æмкъай, зыхъхъырон; [г] – зылангон, æмкъай, фæсæвзагон, æвиппайдон).

5.Банымайын дамгъæтæ æмæ мыртæ (дамгъæтæ – 5, мыртæ – 5).

Литературæ

1.Абаев В. И. Грамматический очерк осетинского языка. Владикавказ, 1959.

2.Багаев Н. К. Современный осетинский язык. Часть I, Орджоникидзе: Ир, 1982.

3.Гацалова Л. Б. Русско-осетинский, осетинско-русский толковый словарь лингвистических терминов. Владикавказ.: РИО СОИГСИ, 2007.

4.Грамматика осетинского языка / Под ред. Г. С. Ахвледиани. Часть I. Орджоникидзе.: Ир, 1963.

5.Гуыриаты Т. А. Цыбыр ирон-уырыссаг дзырдуат. Дзæуджыхъæу: Респект, 2013.

6.Джимиева К. Т. Обучение осетинскому языку как второму. Владикавказ.: Издательство СОГПИ, 2011.

7.Джусойты К. Г., Дзодзыккаты З. Б., Цопанты Р. Г. Нырыккон ирон æвзаг: Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. Дзæужыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2005.

8.Дзодзикова З. Б. Осетинский язык. Учебное пособие для невладеющих. Владикавказ.: Олимп, 2005.

9.Дзодзыккаты З. Б., Джиоты Г. Х. Ирон æвзаджы чиныг 5 къласæн. Дзæуджыхъæу.: Ир, 2013.

32

10.Камболов Т. Т. Очерк истории осетинского языка. Владикавказ.:

Ир, 2006.

11.Корнаева З. В. Методика преподавания осетинского языка для невладеющих языком. Владикавказ: Издательство СОГПИ, 2011.

12.Кудинова Т. А. Виды языкового разбора. Ростов-на-Дону.: Фе-

никс, 2006.

13.Куыдзойты А. Ф. Ирон æвзаджы практикум: Орфографи. Дзæуджыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2010.

14.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи. Цхинвал.: Ирыстон, 1993.

15.Токазов Ф. М. Самоучитель осетинского языка. Владикавказ: Респект, 2012.

16.Цакулова А. М. Обучение осетинскому языку как второму. Владикавказ.: Издательство СОГПИ, 2009.

17.Цопанты Р. Ирон æвзаджы чиныг 10 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Сем, 2013.

21. Рафыссут дзырдтæ. Сæвæрут сыл цавды нысæнттæ. Бамбарын кæнут уæ дзуапп.

Хуссарварс, цæстæнгас, æрæнцадысты, ныффыста, агуырдтой, хъахъхъæнын, æцæгдзинад, æхсæвиуат, боныцъæхты, уæлвæндагæй, дарæс, æрæввахс, æхсæвæрафон, номхыгъд, хъæубæстæ, хæрзæгъдау, фæхъæлдзæгдæр, индустриализаци, лæвæрттæ, æвæндонæй, паддзахад, интернационалон, æппынæдзух, æрымысыдысты, афæлдæхта, бакуымдта, æнцондæр.

22. Бакæсут æмдзæвгæ аив.

Хурсыгъд бæллицтæ

Ныззæронд и нæ ныллæг хæдзар хъæуы, Æркæлынæввонг иуæрдæм фæкъул. Уæддæр æй хъарм, хуыздæр бынат нæ хъæуы, Бæрзонд рагъæй йыл бацин кæны хур. Фыццаг къахдзæфтæ акодтон йæ кæрты.

33

Хъызт зымæджы-иу дымгæмæ ныссалд. Æзæй дзыццайау бадардтон мæ зæрдыл, Йæ фæрссæгтæй мæм рухсы цыхцыр калд. Фæлæ тыхст адæм ралыгъдысты хохæй, Ысси сын дард кæйдæр уæзæг зынаргъ. Нæ хæдзар баззад комы рæбын рохæй, Изæрыгон дзы нал сыгъди цырагъ. Уæдæй нырмæ чысыл рæстæг нæ рацыд. Æрыхъал и мæ рагон бæллиц фын: Ыссыдтæн хохмæ стыр сахарæй балцы, Нæ рох хæдзармæ хастхуызæй кæсын. Ам баззади мæ гыццыл авдæн цары, Йæ хъазæнтæй мын адджындæр нæ уыд! Нæ хæдзарыл тæдзынæг къæвда уары, Фыр цинæй мыл ныййарæгау кæуы...

Хæмыцаты Албег

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Зæгъут, цæуыл сагъæс кæны æмдзæвгæйы автор.

2.Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта æмдзæвгæ? Цæмæн?

3.Сбæрæг кæнут, кæцы дзырдтæ аразынц акцентуалон комплекстæ.

4.Фонетикон æвзæрст ракæнут дзырдтæ къахдзæфтæ, бæллиц,

тæдзынæг.

23. Бакæсут текст.

Иу изæр хъæуы

(1)Хуры зиллакк æрвгæрон хæхтыл цæхæры стъæлфæнау атылд. Фæстаг ивæзтытæ ма ныккодта йæ бирæхстон æрдын, æмæ йæ зæрин тæмæнкалгæ тын-фæттæ зыр-зыр кæнын райдыдтой уæлдæфы.

(2)Ирыстоны сæрмæ арв тынуафæны хуызæн фестад. Кæмдæрты дзы сныхстысты рæгътæ, обæуттæ, бæлæстæ æмæ мæ чысыл хъæуы цъупсæр хæдзæрттæ. Сæ аууæттæ торпедæйау атахтысты зæххы уæлцъарыл, ивæзынц æбæрæг дард кæдæмдæр. Хуры æрныгуылдимæ æрбайсæфдзысты уадидæгæн.

(3)Æз лæууын обауыл, цымыдисæй фæлгæсын изæры æгъуыстаджы нывтæм. Цæст зыдæй ахсы æрдзы алы ног фæзынд дæр. Не ’фсæдын сæ

34

уындæй. Тæрсын, куы æрбайсæфой, куы нæ сæм бафсæдон кæсынæй.

Тагъд сæ талынджы фæлм акæндзæн йæ хъæбысы...

(4)Хур æрдæгмæ хохы цъассы нынныхст. Æрвгæрон æртæвзаг фестад. Арты цæхæр рагъыл хъæды сæрмæ схæццæ. Бæлæстæ мыдадзын цырæгътау судзгæ лæууынц æнæсым...

(5)Галæгон уæлдæф сасирæй фæрсудзы. Арв фæцъæхдæр, æрмæст ыл скæсæны урс хъулæттæ разынд. Цъиутæ бæлæстыл сарæзтой оркестр, цæгъдынц изæры рапсоди*. Уæдмæ фосрæгъау къахвæндагыл иугай фæуæлбыл. Дыууæизæрастæу мæ хъæу, арвæй йæм стъалы æрхауæгау, сфæдис...

(6)Хуры фæстаг тын-фæттæ ныцъцъæл сты æхсæвы уартыл. Æмæ боны æмдзугæнæг фæллад хæстонау йæхи æруагъта хæхты фæстæ, æрмæст хурныгуылæны арвыл зæрин тын-фæтты згъæлæн нæ сысы...

(7)Хъæугæрон цавæрдæр цъиу зæрдæхалæн уаст кæны – кæуы боны сæфтыл... Æхсæвы æндæрг кæмтты рацу-бацу систа... Мæй бахудтис арвыл, æмæ хæхты сæрмæ мигъы бындзыг митхъæпæнау разынд. Хæстæг сыхæй ирон фæндыры æрдхæрæн цагъд райхъуыст. Дзуапп ын радтой иннæ сыхтæй фæндыры амонæнтæ. Бахъырныдта сын зарæг.

(8)Хæхтæй цъитийы сатæг раскъæфта дымгæ, баулæфы йæ хъæуыл, суры йын йе ’нтæф боны æнуд. Кæмдæр нæ дæлбыл хæфсытæ самадтой цæлхъзард...

(9)Ахсæв та ныссабыр уыдзæн Дуне, йæ уæлмонцты ныгъуылдзæн. Æдзæмдзинад* йæ къух æрæвæрдзæн мæ хъæуыл, банорддзæн æй тары. Мæй, арвы æргъæуы ленк кæнгæ, хъæуыл луардзæн йæ тынтæ. Æхсæвы сатæг ыл узæлдзæн, хъусдзæн æм авдæны зарæгау. Æрра доны хæл-хæл, куыройы зыррытт-зыррытт æмæ æнæнцой хуымгæнæг тракторы хъæр. Хуысдзæн тар фынæйæ фæллой боны фæстæ мæ хъæу.

(10)Дæ фæллад уадз, мæ хъæу, дæ фæллад, цæмæй дæ сомбон уа бæркадджындæр, фæрнджындæр!

Цгъойты Хазби

* рапсоди – рапсодия – инструментальное или вокальное произведение, написанное в свободном, импровизационном, эпическом стиле. Для рапсодии характерно чередование разнохарактерных эпизодов на народ- но-песенном материале

35

æдзæмдзинад – искæй, истæй хиад миногон æдзæм-ы нысаниуæгмæ гæсгæ: æдзæм – чи нал улæфы, ахæм; мард

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут тексты темæ.

2.Зæгъут, цавæр ахаст æвдисы автор, цæуыл фыссы, уымæ. Куыдæй йæ сбæрæг кодтат?

3.1-аг абзацы ссарут дзырдтæ: а) æрмæстдæр лæмæгъ хъæлæсонтимæ; æ) æрмæстдæр тыхджын хъæлæсонтимæ.

4.Раттут характеристикæ 2-аг æмæ 3-аг абзацты дзырдты райдайæн мыртæн.

5.4-æм æмæ 5-æм абзацты дзырдты бацамонут разæвзагон, астæуккагæвзагон æмæ фæсæвзагон æмхъæлæсонтæ.

6.Ссарут 6-æм абзацы дзырдты æвиппайдон æмæ фрикативон (зыхъхъырон) æмхъæлæсонтæ.

7.Бацамонут сонорон æмхъæлæсонтæ 7-æм абзацы дзырдты.

8.Рафыссут 8-æм æмæ 9-æм абзацтæ. Дзырдтæ дих кæнут уæнгтыл. Сæвæрут цавды нысæнттæ. Зæгъут, кæцы дзырдтæ аразынц акцентуалон комплекстæ.

9.Фонетикон æвзæрст ракæнут дзырдтæ 10-æм абзацæй: фæллад,

бæркадджындæр, фæрнджындæр.

24. Бакæсут аив.

Сонет ирон дзырдæн

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт! Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй. Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тавсæй Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.

Дæ норст цæхæрæй равзæрдысты нарт, Æхсидæвтæ æрхастай Анахарсæй.

Дæ фарны хъæр, дæ мæт æмæ дæ уарзтæй Нæхи Къостайæн сæнусон йæ цард.

О ме ’намонд! Евразийы быдыртæй Кæнынц фæдисхъæр удисгæ нæ дзырдтæ, Мæ уды хæзна хауæггаг фæцис.

36

Дæу чи хъыгдара – урс уæрыкк дын фестæд! Дæ фыдæлтæ – санскрит æмæ авестæ.

Цæр се ’рцыдмæ! Мæ рæзæнтæ! Мæ ис!

Хъодзаты Æхсар

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, цы хонæм сонет.

2.Сбæрæг кæнут сонеты сæйраг хъуыды.

3.Ссарут акцентауалон комплекстæ. Сæвæрут сыл цавд.

4.Фонетикон æвзæрст ракæнут дзырдтæ: æрттив, æхсидæвтæ,

дзырдтæ, хæзна, санскрит.

Контролон куыст 1-аг модулæй 1-аг вариант

1. Хицæн къордтæй рафыссут

дзырдтæ, кæцыты ис:

а) æрмæстдæр лæмæгъ хъæлæсонтæ;

æ) æрмæстдæр тыхджын

хъæлæсонтæ.

 

Тъæпæн, уæлæсых, зæрдæ, голлаг, ирон, бинойнаг, цытджын, уынгтæ, уæддæр, архайдтон, уарди, цæуæг, иугай, æппæлын, урок, бакаст, фæдзæхсын, ракодта, хицауад, касти.

2. Фæбæрæг кæнут, зылангон æмхъæлæсонтæй цы дзырдтæ райдыдтой, уыдон.

Фын, дæттын, кæрæдзи, бæрц, чызг, талынг, дуар, знон, бæрзонд, пайда, фæндыр, дарæс, дзоныгъ, сахат, дзыпп.

3. Бакæсут скъуыддзаг. Бæрæггонд дзырдтæ фонетикон æвзæрст ракæнут.

- Уадз равзæрæд сæдæ ’взаджы мæ комы, Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс, Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды, - Цæмæй ныззарон булæмæргъау æз.

Хостыхъоты Зинæ

37

2-аг вариант

1. Хицæн къордтæй рафыссут дзырдтæ, кæцыты ис: а) æрмæстдæр лæмæгъхъæлæсонтæ; æ) æрмæстдæртыхджынхъæлæсонтæ.

Ныффыста, скъоладзау, хæдивæг, философ, загъта, бафиппайдта, уæлæмæ, нартхор, быдырмæ, хъуыды, хабар, скæсы, æнæдзургæйæ, рæстæг, фенкъард, бахудти, æцæгдæр, дымгæ, афарста, æнæнхъæлæджы, автобус.

2. Фæбæрæг кæнут, сонорон æмхъæлæсонтæй цы дзырдтæ райдыдтой, уыдон.

Радзырд, роман, сирвæзт, бынат, мадзал, номыр, фæндаг, нуазын, комкоммæ, къул, луарын, номæвæрæг, хистæр, раттын, нымайын.

3. Бакæсут скъуыддзаг. Бæрæггонд дзырдтæ фонетикон æвзæрст ракæнут.

Æвæдза, диссаг у лæджы цард,

Лæмбынæг æм æрдар дæ хъус: Хатт афæдз акæны уысмы тахт, Хатт иу бон ахæссы æнус.

Бырнацты Барон

38

2-аг модуль. Лексикологи. Фразеологи

Терминтæ æмæ сæйраг æмбарынæдтæ лексикологи æмæ фразеологийæ:

активон дзырдуат антоним архаизм

ахæсгæ нысаниуæг æрбайсгæ дзырд бирæнысаниуæгон дзырд бындурон дзырд диалектон дзырд дзырд

дзырды лексикон æвзæрст историзм комкоммæ нысаниуæг лексикæ лексикологи лексикон нысаниуæг метоними неологизм окказионализм омограф ономастикæ омоним омофон омоформæ

пассивон дзырдуат профессионалон дзырд синоним синонимикон рæнхъ термин фразеологи

фразеологион дзырдбаст эвфемизм

39

Темæ: «Дзырды лексикон нысаниуæг».

Фæрстытæ сахуыр кæнынæн:

1.Дзырд.

2.Дзырды грамматикон æмæ лексикон нысаниуджытæ.

3.Дзырды лексикон нысаниуæджы структурæ.

4.Дзырды комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæ.

5.Бирæнысаниуæгон дзырдтæ.

Æвзаджы сæйрагдæр иуæг у дзырд. Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц лексикæ. Æвзаджы дзырдуатон сконд иртасæг æвзагзонынады хай хуыйны лексикологи (бердзенаг lexikos – дзырд æмæ logos – ахуырад).

Дзырды грамматикон æмæ лексикон нысаниуджытæ. Дзырды мидисы иртасынц грамматикон æмæ лексикон нысаниуджытæ. Грамматикон нысаниуджытæ дзырдты къордтæн вæййынц иумæйаг. Зæгъæм, здæхæнты, афонты, цæсгæмтты формæтæ иумæйаг сты мивдисджытæн.

Алы дзырдæн дæр вæййы хицæн лексикон нысаниуæг. Уый фæрцы дзырд фæхицæн кæны иннæ дзырдтæй. Уыцы иу нысаниуæг дзырдæн вæййы йæ алыхуызон грамматикон формæты дæр.

Лексикон нысаниуæг ис æппæт сæрмагонд ныхасы хæйттæн дæр. Алы дзырдæн дæр ис мырон сконд, мидис æмæ морфологион арæзт.

Æвзагзонынады исиумæйагном предметтæн, фæзындтæн, архæйдтытæн, миниуджытæн, уавæртæн. Уый у денотат. Нæ хъуыдыкæнынады æвдыстæй денотатаразылексиконнысаниуæджыбындур, хуыйныдзырдыконцептуалон нысаниуæг. Концептуалон нысаниуæджы æвдыст æрцæуынц иумыггаг денотаттыиумæйагдæр, сæйрагдæрминиуджытæ.

Дзырдтæн ма вæййы коннотативон фæлгъуызтæ дæр. Уыдон сты дзырдты стилистикон, экспрессивон уæлæмхасæн фæлгъуызтæ.

Коннотативон æмæ концептуалон нысаниуджытæ иумæ аразынц дзырды лексикон нысаниуæг.

Иртасын ма хъæуы дзырды комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæ. Бирæнысаниуæгон дзырдтæ. Иуæй-иу дзырдтæн вæййы дыууæ кæнæ фылдæр нысаниуæджы. Дзырды нысаниуджытæ вæййынц

кæрæдзиуыл баст, фæлæ æмсæр нæ вæййынц.

40

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]