Добавил:
Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:

Практикум по родному языку. Учебно-методическое пособие

.pdf
Скачиваний:
0
Добавлен:
11.08.2026
Размер:
523 Кб
Скачать

34. Бакæсут текст.

Тыхгæнджытæн – мæлæт!..

Йæ тарф фынæйæ æрæгмæ хъал кодта бон. Æгæр зыдæй иста йæ уд æрвхуыздзыкку æхсæв. Зырзыргæнгæ æрцауындзæг æдзард быдыры сæрмæ. Иунæг стъалы ма фидиуæгау лæууыди арвы бæстастæу æмæ дунейæн æмбарын кодта, æхсæв йæ бартæ бынтон кæй нæма радта, уый.

Стæй æваст йæ бынатæй расхъиудта æмæ æрбадæлдзæх. Хаугæ-

хауыны ма йæ зынг къæдзилæй æхсаргардау иу дзæхст фæласта, æмæ арв йæ астæуыл дыууæ дихы фæци. Цыма сæуæхсиды фæзындыл цин кодтой, уыйау нæрыдысты сармадзантæ, сæ хъæрахст, се ’рдиагæй не ’нцадысты æфсæнбырынкъ уаритæ. Бон æрбасырх æфсæрмдзæстыг чызгау, мидбылты худти æмæ дунейæн рæдауæй хаста рухс.

Æгас цæуай, цард!..

Дæуæй адджындæр ницы ис хæстоны удæн, цæсты гагуыйау дæ хъахъхъæны зындоны сау тыхтæй, бындзарæй сафы, дæ фæндагыл цы цæлхдуртæ ис, дæ алыварс цы хъылма æрæмбырд, уыдон. Ды дæ, хæхты хъæбысы къæйтыл чи æрзад, ахæм уагъылыйы дидинæгау. Дæхимæ ивазыс хуры тынтæй нывæзт арвы сызгъæрин фæччи. Ды тæрсыс фыдбоны тымыгътæй, фæлæ æнцон басæттæн нæ дæ, сындзджын уагъылыйы дидинæг æнцон æртонæн куыд нæу, афтæ.

Калоты Хазби

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Æрхъуыды кæнут текстæн æндæр сæргонд.

2.Дзырдтæн фидиуæг, сæуæхсид, зындон, фæччи сбæрæг кæнут сæ лексикон нысаниуджытæ.

3.Тексты бæрæггонд дзырдтæ баивут синонимтæй.

4.Дзырдтæн æрæгмæ, зыдæй, цин, æнцон зæгъут сæ антонимтæ.

5.Рафыссут æмбисæндтæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут.

Цард домаг у. Цард тох у.

Цардимæ хъæбысæй хæцæн нæй.

51

35. Бакæсут текст.

Нæ фыдæлты фарн

Ирон адæмæн ис рагон истори. Нæ рагфыдæлтæн – скифæгтæ, сæрмæтæгтæ æмæ алайнæгтæн сæ ном айхъуыст Азийы æмæ Европæйы быдырты. Сæ хæстон балцытæй æмризæджы рызтысты паддзæхтæ æмæ императортæ, уымæ гæсгæ семæ кодтой цæдис æмæ хæстæгдзинад, агуырдтой сæ æххуыс.

Фæлæ æрмæст хæстон сгуыхтытæй нæ уыдысты зындгонд нæ номдзыд фыдæлтæ. Уыдон кодтой фос æмæ зæххы куыст. Арæзтой мæсгуытæ æмæ куырдадзтæ, сахартæ æмæ аргъуантæ. Тыхджын уыдысты сæ зонд æмæ сæ курдиат дæр. Диссаг уыдысты, скифæгтæ сызгъæрин дзаумæттыл цы нывтæ арæзтой, уыдон. Аланты аргъуантæ сты архитектурæйы егъаудæр æнтыстытæй. Фæлæ нæ фыдæлты сфæлдыстадон бынтæй æппæты стырдæр хæзнатæ стыне’взагæмæ нæ эпос. Уыдонстынæ адæмыфарн.

Джыккайты Шамилмæ гæсгæ

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут тексты сæйраг хъуыды.

2.Радзурут текст хи ныхæстæй.

3.Рафыссут текстæй синонимтæ.

4.Рафыссут зонды æмæ царды уаджы ныхæстæ. Бамбарын сын кæнут сæ хъуыды. Ссарутомоним, стæйдзырдтыахæсгæ нысаниуджытæ.

Тых æнæ ныфсæй уæзы хос у. Ныфс хæхтæ дæр фæлдахы.

Тыхæй саст – иу саст, зондæй саст – æртæ састы.

36. Бакæсут текст.

Скифаг æрдхорддзинад

Скифæгтæ кæд цæугæ цард кодтой, скъолатæ æмæ сæм академитæ кæд нæ уыд, уæддæр сæм ахуырдзинадмæ уыдис стыр тырнындзинад æмæ сæ рацыд бирæ зындгонд ахуыргæндтæ, бердзентæ æмæ иннæ адæмтæ дæр æмбисондæн кæй хастой, ахæмтæ. Анахарсис та бахаудта æппæты зондджындæр авд стыр лæджы номхыгъдмæ.

52

Анахарсис ахуыры фæдыл Бердзенты бæстæмæ куы бафтыд, уæд ыл амбæлдис иннæ ахуыргонд скифаг – Токсарид. Уæд федтой фыццаг хатт кæрæдзи. Анахарсис паддзæхты мыггагæй уыд, Токсарид та – хуымæтæг адæмæй. Токсарид Бердзенты бæстæйы куы сахуыр кодта, уæд уым цæргæйæ баззад. Фæлæ йæ кад æмæ йæ намысы кой скифæгтæм æрбахæццæ. Анахарсис дæр æй æрыхъусгæйæ зыдта, æмæ кæрæдзиуыл тынг бацин кодтой. Анахарсисæн æхсызгон уыд, æцæгæлон бæстæйы ахæм стыр ахуыргонд æмбæстагыл кæй фембæлд, уый. Токсариды зæрдæ та барухс, Анахарсисы фенгæйæ йыл йæ райгуырæн бæстæйы комытæф кæй æрбакалд, йæ ныхæстæй та йæ фыдыбæстæ, рагæй кæм нал уыд, уый йæ разы кæй сыстад.

Токсарид кæд бердзентæм цæргæйæ баззад, уæддæр йæ удыхъæд

нæ аивта – скифагæй баззад. Уымæн æвдисæн у рагон бердзенаг фыссæг Лукианы (цардис 120-180 азты) уацмыс «Токсарид кæнæ скифаг æрдхорддзинад». Уым Токсарид бердзенаг ахуыргонд лæг Минесиппимæ быцæуы, скифæгты тыххæй дзургæйæ, цы уарзондзинады æнкъарæнтæ æвдисы, сæ цардæй æрдхорддзинады фæдыл цы цаутæ дзуры, уыдон сæ бердзентæй сисынц уæлдæр.

«Ирон æмбисонды хабæрттæ»

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Цæмæн хуыйны текст «Скифаг æрдхорддзинад»? Сымах та йын цавæр сæргонд раттиккат?

2.Бамбарын кæнут бæрæггонд хъуыдыйады мидис. Сымахмæ гæсгæ, цымæ цавæр уыдис Токсариды удыхъæд?

3.Рафыссут текстæй синонимтæ.

4.Бацамонут, тексты кæцы дзырдтæй æрцыди пайдагонд сæ ахæсгæ нысаниуджыты.

5.Рафыссут Анахарсисы цыргъзонд ныхæстæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут. Бæрæггонд дзырдтæн зæгъут сæ синонимтæ.

Дæ ныййарджытæн кад кæн. Хæлæрттæн æххуыс кæн. Дæхицæй хистæрæн лæггад кæн. Дæхицæй кæстæрæн зонд амон. Æвæлмæцгæйæ ахуыр кæн.

53

6. Равзарут Анахарсисы цыргъзонд ныхæстæй иу. Уымæ гæсгæ ныффыссут уæ хъуыдытæ. Спайда кæнут синонимтæ æмæ антонимтæй.

37. Бакæсут æмдзæвгæ аив. Ир

Ирон адæм – цыкурайы фæрдгуытæ, Ыстъалытау фæрнæйдзаг ыстут, рухс. Ирон æвзаг, бæрзонд хæхтæ, нæ фæндыр, Ирон лæппу, дæ нымæты мæ стух!

Дæ хъал дæттæ хæлбурцъгæнгæ фæуайынц, Дæ хæхты сæрмæ цæргæстæ тæхынц, Дæ нæзытæ – нæ чызджытау гуырвидауц, Ам кафгæ-заргæ суадæттæ цæуынц.

Мæнæн мæ зæрдæ байдзаг вæййы цинæй, Куы фæкафынц нæ «Хонгæ кафт», нæ «Симд», Сæгуытты дзуг æртымбыл цыма фæзмæ, Цыма сын фæз сæхи ’вдисæн ысси.

Зæрватыччытау чызджытæ ыстæхынц, Нæ Иры къуымты ахстæттæ кæнынц, Ам сабитæ – нæ сонт сæрмæттæ, скифтæ Сæ мидбылхудтæй циндзинад хæссынц.

Æхсæрдзæнтау ам фыййæуттæ фæзарынц, Зæгъут-ма мын, хуыздæр бæстæ кæм и? Ам хуры фырттæ хъахъхъæнынц сæ уæзæг, Цы диссаг дæ, мæ зæрдæйыйас Ир!

Галуанты Нинæ

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды. Зæгъут, цавæр æнкъарæнтæ æвдисы автор.

2.Ныффыссут дзырдтæн фæрнæйдзаг, хæлбурцъгæнгæ, гуырвидауц

сæ синонимтæ, дзырдтæнрухс, бæрзонд, циндзинадта – сæ антонимтæ.

54

3.Зæгъут, тексты кæцы дзырдтæй пайдагонд æрцыди сæ ахæсгæ нысаниуджыты.

4.Рафыссут зонды æмæ царды уаджы ныхæстæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут. Ссарут дзы контекстуалон синонимтæ.

Адæмы фарн бирæ у.

Адæмæй цы хæрзтæ бамбæхсай, уыдон сæфт сты.

Адæймаг кæд истæмæй фæзминаг у, уæд йæ уæздан æфсарм æмæ йæ хорз æгъдауæй.

38. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Бæрæггонд дзырдтæ ивут синонимтæй.

1. Цыди Дзахо уыцы тыгъд уынджы. 2. Агаги бавнæлдта Тæубойы риумæ, майдантыл йæ уырзтæ æрхаста, цыма сын тæригъæд кодта, афтæ. 3. Фæлæ дзы уæддæр фылдæр ацæргæ адæм фæбады. 4. Бонизæрмæ къуымты зылд æмæ бустæ кодта – ахæм адæймаг уыд. 5. Дзахо

фестъæлфыд. (Хуыгаты С.)

39. Бакæсут текст.

Цъиах* æмæ бæлæттæ

Цъиах федта, бæлæттæн сæ бæлондоны иудадзыг хæринаг кæй кæнынц, уый. Йæхи урс ахорæны стылдта æмæ сæм бацыди. Цалынмæ йæ хъæлæсæй уынæр нæ хъуыст, уæдмæ йæ бæлæттæ семæ цæрын уагътой. Фæлæ дын иуахæмы æнæнхъæлæджы йæ «хъуахъ» куы райхъуысид. Бæлæттæ йæ уайсахат базыдтой æмæ йæ ратардтой.

Цъиахæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ йе ’мбæлттæм æрбаздæхти. Фæлæ йæ пакъуы урс кæй уыд, уымæ гæcræ йæ уыдон дæр расырдтой.

Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: дыууæмæ хъавæджы иу дæр нæ фæвæййы. Адæймагæн цы ис, уый хъуамæ фагыл нымайа. Зыдгæнаг фæстаг муртæй дæр æнæ хай фæвæййы.

Эзоп

* цъиах – галка

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1. Ссарут тексты æмбисонд.

55

2.Ныффыссут дзырдтæн иудадзыг, стылдта, уынæр, æнæнхъæлæджы, уайсахат, расырдтойсæ синонимтæ.

3.Рафыссут зонды æмæ царды уаджы ныхæстæ. Уæ зæрдыл сæ ба-

дарут.

Адæмы цæст уынаг у. Адæймаджы аразæг – адæм. Адæмы уарзон – Хуыцауы уарзон.

40. Бакæсут æмдзæвгæ аив.

Ме ’взаг

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг, Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!.. Мæлæн дын нæй, нæ фыдæлты æвзаг,

Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?! Ды незаманæй ацы боны онг Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс. Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд

Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.

Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ Лæхурдта скиф йæ тызмæджы ныхæстæ. «Тох! Тох!..» – сæрмæтаг сабийы дзыхæй Ысхаудта дзырд – лæг у, æрцыд йæ рæстæг!

Гуыпп… Мыхъхъ… Тъæпп… Дæнг, – Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг… Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:

Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта, Дæ сызгъæрин æй ракалын нæ фæндыд… Ныззарыд уæд ирон лæппу – Къоста –

Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.

56

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг, – Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори, Æмæ куы сæфа, – ма зæгъæд ызнаг, – Дæуимæ сæфы дунейы истори!

Хаджеты Таймураз

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды.

2.Дзырдтæн уаз, тыгъд, лæхурдта, ныццарыдта, ныккæндзæн,

хызта зæгъут сæ синонимтæ

3.Рафыссут æмдзæвгæйæ омонимтæ. Бамбарын сын кæнут сæ нысаниуджытæ.

4.Сахуыр кæнут æмдзæвгæ наизусть.

Темæ: «Ирон æвзаджы лексикæйы фæлтæрты равзæрд».

Фæрстытæ сахуыр кæнынæн:

1.Ирон æвзаджы лексикæйы фæлтæрты равзæрд.

2.Ирон æвзаджы лексикæйы сæйраг фæлтæртæ.

Ирон æвзаджы лексикæйы сæ фæд ныууагътой нæ рагфыдæлты бирæвæрсыг цард, сæ историйы цаутæ, царды социалон-экономикон фадæттæ, материалон уавæр.

Астæуккаг Азийæ Кавказмæ фæндагыл, стæй Уырысы хуссайраг быдырты сын дæргъвæтин рæстæджы сыхаг славяйнаг, финноугораг, гермайнаг, мангойлаг æмæ æндæр адæмыхæттытимæ уыдис бастдзинæдтæ. Кавказы нæ рагфыдæлтæ сæмбæлдысты кавказаг æмæ тюркаг æвзæгтыл дзурæг адæмтыл. Уыцы ахастдзинæдтæн æвдисæн сты, не ’взаджы цы æрбайсгæ дзырдтæ ис, уыдон.

Афтæмæй нæ лексикæйы раиртасæн ис ахæм сæйраг фæлтæртæ: 1) рагон ирайнаг; 2) кавказаг; 3) тюркаг; 4) уырыссаг æмæ интернационалон.

Бындурон дзырдтæ. Академик В. Ф. Миллер абаргæ-историон методы руаджы куыд сбæрæг кодта, афтæмæй ирон æвзаджы грамматикæйы фæрæзтæ æмæ лексикæйы дзæвгар хай сты ирайнаг æвзæгты иуæгты æнгæс. Ирон æвзаг æмæ ирайнаг æвзæгты дзырдтæ баргæйæ, рабæрæг ис, ирон æвзаг дæр ирайнаг къордмæ кæй хауы, уый.

57

Ирайнаг дзырдтæ æвдисынц нæ царды ахсджиагдæр фæзындтæ. Зæгъæм: а) хæстæгдзинад æвдисæг дзырдтæ (мад, фыд, фырт, хо, æрвад); æ) буары хæйтты нæмттæ (сæр, æрфыг, хъус, дæндаг, арм); б) цæрæгойтæ æмæ мæргъты нæмттæ (арс, рувас, мыст, калм, хæфс, цæргæс, бæлон); в) зайæгойты нæмттæ (бæрз); г) æрдзон æмбарынæдты нæмттæ (арв, æврагъ, мæй, стъалы, уалдзæг, сæрд); гъ) архайд æвдисæг дзырдтæ (амонын, аразын, нымайын); д) архайды бынат, афон, хуыз æвдисæг дзырдтæ (ам, ныр, афтæ, кæд); дж) нымæцонтæ (иу, дыууæ, æртæ, дæс, сæдæ); дз) номивджытæ (ды, уый, мах, сымах).

Кавказаг дзырдтæ. Нæ лексикæйы стыр бынат ахсынц кавказаг дзырдтæ. Уыдон æрбафтыдысты, цы предметтæ нысан кодтой, уыдонимæ. Зæгъæм, дзырдтæ: фæрдыг, джебогъ (хъыримаг кæнæ сæрмагонд лæдзæджы цъуппыл конд рæхойæн хæцæнгарз – штык), гобан, быру (дурæй, сыджытæй æ. æнд. ахæмæй арæзт æмбонд истæй алыварс – забор), цъында, сасир, кæрдзын, бырц, джитъри, битъына, булкъ, нуры, дзуар, къуыри æ. а. д. Æрбафтыдысты гуырдзиаг, цæцæйнаг, кæсгон æмæ æндæр кавказаг æвзæгтæй.

Тюркаг дзырдтæ. Ирон æвзаджы ис иу къорд тюркаг дзырды. Ист æрцыдысты гунтæй, авартæй, ногъайæ. Зæгъæм: хъæрццыгъа, хъаз, бирæгъ, теуа, денджыз, тохъхъыл, бабыз, егар, чызг, дамбаца, тæбæгъ, хъуымац.

Уырыссаг æмæ интернационалон дзырдтæ. Нырыккон ирон

æвзаджы стыр ахадындзинад ис уырыссаг æмæ интернационалон дзырдтæн. Уырыссаг дзырдтæ нæм æфтын райдыдтой 1774 азы фæстæ, ома Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу ис, уæд. Уыцы историон цауы фæрцы рæзын райдыдта ирон адæмы экономикæ æмæ культурæ. Царды цы ивддзинæдтæ цыдис, уыдон та домдтой сæхи нæмттæ.

Ирон æвзаджы фæзындысты ахæм дзырдты къордтæ: а) хæдзары дзаумæтты, дарæсы нæмттæ (стъол, тас, скъапп, асыкк, цайныкк,

къаробкæ, пец, пъалто, къалос, кофтæ,

пинжак, къандзол æ. а. д.);

æ) бæхифтындзæн дзаумæтты нæмттæ

(хамут, бози); б) хæринæгты

нæмттæ (борщ, кас, картоф, къафетт, пъамидор, цай æ. а. д.); в) хъуыддаджы лексикæ (газет, закъон, къамис, къæнцылар, пъырыстыф, къулер); г) æфсæддон терминтæ (салдат, афицер, инæлар, пъагон).

58

Уырыссаг дзырдты фылдæр хай ист æрцыдысты Октябры революцийы фæстæ: æхсæнадон-политикон æмæ социалон дзырдтæ (революци, комиссар, совет æ. а. д.); промышленносты, хъæууон хæдзарады, транспорты терминтæ (индустриализаци, электрификаци, экскаватор, пълан, турбинæ, бетон, элеватор, генератор, компрессор, радиатор, газ, металлурги æ. а. д.).

Дыууынæм æнусы, коллективизацийы рæстæг нæм фæзындысты дзырдтæ агроном, агротехникæ, колхоз, совхоз, коллективизаци, зоотехникæ, трактор, комбайн æ. а. д.

Фæндæгты арæзтады рæстæг фæзындысты дзырдтæ поезд, теплоход, автобус, троллейбус, метро, мотоцикл, велосипед, катер.

Ахуырады рæзтимæ баст сты ахæм дзырдтæ: скъола, алфавит, арифметикæ, атлас, аттестат, глобус, завуч, кабинет, каникултæ, кърандас, картæ, урок, чернилæ, пенал æ. а. д.

Наукон-техникон революцийы рæстæг зынгæ фæхъæздыгдæр сæрмагонд терминты къорд, зæгъæм: космос, космонавт, электрон, атомоход æ. а. д.

Литературæ

1.Гацалова Л. Б. Русско-осетинский, осетинско-русский толковый словарь лингвистических терминов. Владикавказ.: РИО СОИГСИ, 2007.

2.Гуыриаты Т., Гæбæраты Н., Исаты М. Нырыккон ирон æвзаджы лексикологи. Орджоникидзе.: Ир, 1989.

3.Гæбæраты Н. Ирон æвзаджы чиныг 6 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Ир, 2013.

4.Джиоты Г. Дзырдуатон-фразеологион куыст ирон литературæйы урокты. Орджоникидзе.: Ир, 1990.

5.Джусойты К. Г., Дзодзыккаты З. Б., Цопанты Р. Г. Нырыккон ирон æвзаг: Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. Дзæужыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2005.

6.Дзампаты Л. Г. Скъоладзауты дзырдуат хъæздыг кæныныл куыст ирон æвзаджы урокты: Ахуыргæнæн чиныг: ЦИПУ-йы рауагьдад. Дзæуджыхъæу, 2010.

7.Дзодзикова З. Б. Осетинский язык. Учебное пособие для невладеющих. Владикавказ.: Олимп, 2005.

59

8.Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат: 4 томæй. М.: Наукæ, 2007. 1 т.

9.Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат: 4 томæй. М.: Наукæ, 2010. 2 т.

10.Исаев М. И. Очерки по истории изучения осетинского языка. Орджоникидзе, 1974.

11.Медойты Б. Ирон æвзаджы лексикæ æмæ фразеологи. Цхинвал,

1988.

12.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи. Цхинвал.: Ирыстон, 1993.

13.Цопанты Р. Ирон æвзаджы чиныг 10 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Сем, 2013.

41. Бакæсут, базонут. Зæгъут, цы уæм фæкаст цымыдисаг.

Ирон адæмы историон бастдзинæдты æвдисæнтæ лексикæйы

Лексикæ у æвзаджы ахæм хай, кæцыйы ирдæй разыныц адæмы царды уаг æмæ се ’гъдæуттæ. Дзырдтæн сæ равзæрд бæрæггæнгæйæ та ма базонæн вæййы адæмты историон ахастдзинæдтæ дæр.

Ирон æвзаг кæд ирайнаг æвзæгты къордæй у, уæддæр йæ лексикæйы зынгæ хай у æндæр æвзæгтæй æрбайсгæ. Абайты Васо куыд сбæрæг кодта, афтæмæй ир рагæй дæр æнгом баст сты кавказаг æмæ тюркаг адæмтимæ. Уæвгæ, кавказаг æвзæгты фæд зыны ирон æвзагæн йе ’ппæт хæйтты дæр: фонетикæйы, морфологийы, синтаксисы, лексикæйы, семантикæ, æмæ фразеологийы.

Нæ рагфыдæлтæ – скифæгтæ æмæ сæрмæтæгтæ – фыццаг хатт кæд фæзындысты Цæгат Кавказы, уый бынтон бæрæг нæу. Ахуыргæндтæ йæ амонынц фæйнæхуызон. Абайты В. куыд амоны, афтæмæй дæуццаг нæу, скифæгты байзæддæгтæ Кавказы дыууæ мин азæй къаддæр кæй нæ цæрынц, уый.

Абайты Васойы «Историон-этимологион дзырдуат» куыд равдыста, афтæмæй не ’взаджы цы гуырдзиаг дзырдтæ æрфидар, уыдоны нымæц хæццæ кæны 190-мæ. Гуырдзиаг дзырдтæн сæ фылдæр хай ирон лексикæмæ æрбафтыдис тæтæр-манголы ныббырсты фæстæ, зæгъгæ, ахæм хъуыды ссарæн ис, Гуыриаты Т., Гæбæраты Н. æмæ Исаты М. цы

60

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]