Добавил:
Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:

Практикум по родному языку. Учебно-методическое пособие

.pdf
Скачиваний:
0
Добавлен:
11.08.2026
Размер:
523 Кб
Скачать

Æрмæст уæд бамбæрста фырт: амонд æмæ æнамонд кæрæдзиуыл баст сты, бирæ хаттамондйæ фæдылæнамондрасайы, æнамондта– амонд.

Цæвиттон, зын сахат æппæтæй хуыздæр хос – банхъæлмæ кæсын.

Журнал «Мах дуг»-æй

* ефс – сыл бæх (кобыла)

емылыкк – саргъ æвæрд кæуыл нæма уыд, ахæм бæх (необъезженная лошадь)

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут тексты сæйраг хъуыды.

2.Радзурут текст хи ныхæстæй.

3.Литературæйы теорийæ спайда кæнут, афтæмæй сбæрæг кæнут тексты бабаст, кульминаци æмæ райхæлд.

4.Сымах та куыд хъуыды кæнут: цы у амонд? Кæмæй ис зæгъæн: уый амондджын адæймаг у?

5.Рафыссут, сæ райдайæны зылангон æмхъæлæсонтæ кæмæн ис, ахæм дзырдтæ. Кæцы æмхъæлæсонтæн дзы ис къæйттæ?

6.Цавæр хъæлæсонтæ (тыхджын/лæмæгъ) ис дзырдты хуымгæнæг, æрфæндыд, зæхкусæджы?

7.Бакæсут æмбисæндтæ. Æрдзурут сын сæ хъуыдыйыл. Рафыссут дзырдты къордтæ:

а) æрмæстдæр зылангон æмхъæлæсонтимæ; æ) æрмæстдæр æзылангон æмхъæлæсонтимæ.

Амонд фæндонæй нæу. Амæндты сæр – уарзондзинад. Амæндтæ куыстæй цæуынц.

9. Базонгæ ут Бедойты Шалвайы (кæнæ Дзиуаты Батрадзы, Дзантиаты Юрийы, Джыккайты Мураты, Сабанты Хаджумары, Абысалты Юрийы, Есенаты Æхсары, Кæркуысты Роберты) нывтимæ. Сæ иумæ гæсгæ дзы ныффыссут сочинени. Уæ сочиненийæ фондз дзырды мыртæнраттутхарактеристикæ.

21

10. Рафыссут дзырдтæ къордгай, кæцыты ис: а) был-былон æмхъæлæсонтæ; æ) был-дæндагон æмхъæлæсонтæ.

Тыхулæфт, сæумæрайсом, сæнæфсир, мидæгæй, адæймаг, фæллой, мур, пурти, ныппарын, бампъузын, свæййы, уæлдæф, уарзондзинад, бумбули, музыкалон, мыртгæ, фехъуыста, æппынфæстаг, фæзынди, æрбахастой, бахъардта, æмбисонд, амондджын, бафсæст, базæронд, фæлтæр, фендзысты, фыстытæ, армукъа, фæныкхуыз, дзыппытæ.

11. Бакæсут дзырдтæ. Бацамонут æмхъæлæсонтæ: а) разæвзагон; æ) астæуккагæвзагон; б) фæсæвзагон.

Лæвар, къаддæр, ерыс, дарддæр, æрмæг, бакаст, раззаг, изæрдалынгтæ, нымæц, атадысты, цард, æцæгдзинад, фæхастой, бауромын, дзуапп, афтæмæй, фат, æрбалæууыд, бузныг, цымыдисаг, сусæгæй, бацамыдта, æддæмæ, нымайын, пайда.

12. Рафыссут, хурхон æмхъæлæсонтæ кæм ис, уыцы дзырдтæ. Æрхъуыды кæнут семæ хъуыдыйæдтæ.

Хъæбысæйхæцæг, фылдæр, даргъ, хуыз, дыккаг, цъар, фæхастой, зилын, ныддæргъвæтин, ныууагътон, хъахъхъæдта, ныхæстæ, хицау, бæлвырд, æрвылбон, хъуыдытæ, æлгъыст, тагъд, рæнхъытæ, сфæлдыстад, æрæджиау, хъæлæсон, балхæнын, кæмæндæр.

13. Бакæсут аргъау рольтæм гæсгæ.

Æвзæрæй хорз скæнæг ус

Иу лæг æмæ усæн уыдис иунæг чызг. Чызгмæ курджытæ цыдысты, фæлæ мой нæ кодта, афтæмæй йæм йæ мад æмæ йæ фыд смæсты сты, цæуылнæ, дам, мой кæныс, хорз усгуртæ дæм куы цæуы. Чызг сын загъта:

– Мæн адæмы хæрзæджытæ нæ хъæуы, уымæн æмæ хорз мой куы скæнон, уæд æй æз уæлдай хуыздæр нæ фæкæндзынæн æмæ йын уæд мæ хъару цæмæй равдисдзынæн? Фæлæ мæ кæд мой кæнын кæнут, уæд мæ раттут, мæнæ нæ хъæуы цы æвзæр усгур лæппу ис, сывæллæттæ кæмæй фæхынджылæг кæнынц, гъе уымæн.

22

Мад æмæ фыдæн хъыг бæргæ уыдис, фæлæ сæ чызджы фæндоныл уæлдай ницы загътой æмæ йæ радтой уыцы æвзæрæн.

Чызг йæ моймæ базылдис, цæхсадта йæ æмæ йæ хорз ныссыгъдæг кодта.

Æвзæр бонæй-бон хуыздæр кæнын райдыдта, райдыдта адæмы æхсæнмæ цæуын, йæхиуыл схæцгæйæ, æгъдауыл ныхас кодта, сывæллæттæ дæр æм нал уæндыдысты исты æвзæр сдзурын.

Иу къорд афонты фæстæ лæг адæмæй хуыздæр фæцис, афтæмæй иу бон йæ усимæ фæбыцæу ис, æмæ йын ус загъта:

Цæуыл быцæу кæныс, æз дæ куы слæг кодтон?! Лæг ыл кæм састи:

Уд мæ ды куы нæ бауагътай æмæ мын зонд ды куы нæ радтай, мыййаг.

Уæд ын ус афтæ:

Кæд дæ æз не схорз кодтон, уæд бафæлварæм.

Ус æм нал касти, йæхи бар та йæ ныууагъта. Лæг бонæй-бон фыддæр кодта æмæ та йæ фыццаджы бынаты абадтис, хынджылæг кæнын та дзы райдыдтой сывæллæттæ дæр.

Уæд хæстæджытæ æрæмбырд сты, усæн балæгъстæ кодтой, æмæ та ус ногæй райдыдта зилын йæ моймæ, фæстæмæ та йæ слæг кодта, æмæ ма абон дæр дзæбæхæй цæрынц.

Журнал «Мах дуг»-æй

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сымах та куыд хъуыды кæнут, æвзæр лæгæй хорз скæнæн ис? Куыдæй? Цæй мидæг ис бинонты амонд? Уæ хъуыдытæ бафидар кæнут дæнцæгтæй аивадон литературæ кæнæ нырыккон цардæй.

2.Рафыссут дзырдтæ къордгай: а) 1-аг абзацæй – дзырдтæ разæвзагон æмхъæлæсонтимæ; æ) фæстаг абзацæй – дзырдтæ фæсæвзагон æмхъæлæсонтимæ.

3.Ссарут тексты дзырдтæ: а) астæуккагæвзагон æмхъæлæсонимæ; æ) сонорон æмхъæлæсонтимæ.

4.Бакæсут æмбисæндтæ. Бамбарын сын кæнут сæ хъуыды. Зæгъут, кæцы дзырдты ис разæвзагон æмхъæлæсонтæ.

Цард дæр аудгæйæ у æмæ амонд дæр. Æнæ царды рæстадæй амонд нæй. Æппæтæй æнамонддæр – удæй мæгуыр.

23

14. Рафыссут дзырдтæ. Æвиппайдон æмхъæлæсонты бын иу хахх бакæнут, фрикативон (зыхъхъырон) æмхъæлæсонты бын та – дыууæ хаххы.

Сыхаг, тъæпæн, æрхъуыды, кадджын, хъысмæт, тыхст, мæсыг, бæстæ, рæстдзинад, ахъаззаг, хæрзхъæд, уалдзыгон, æрæджиау, уацмыс, хивæнд, ахастдзинæдтæ, къæрттытæ, здухынц, ныхмæвæрд, уидæгтæ, хъæздыг, уайдзæф, къуым, цæхæркалгæ, æдзынæг, зонд, хуымæтæг, фæдтæ, æууæндын, фæйнæрдæм, æнкъарæнтæ, æдзухдæр, хъуыды, равзарын, фæразын, уазджытæ.

15. Лæвæрд дзырдты райдайæн дамгъæтæ баивут æндæртæй, афтæмæй саразут ног дзырдтæ. Цы дзырдтæ сарæзтат, уыдонимæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

Хуызæг: бон – рон, дон, гон, зон.

Бон, мой, бар, лæг, уæд.

Темæ: «Уæнг. Дзырд уæнгтыл дих кæныны æгъдæуттæ».

Фæрстытæ сахуыр кæнынæн:

1.Уæнг.

2.Уæнгты хуызтæ.

3.Дзырдтæ уæнгтыл дих кæныны æгъдæуттæ.

Нæ ныхасы раиртасæн ис цыбыр скъуыддзæгтæ – уæнгтæ. Уæнг арæзт вæййы иу кæнæ цалдæр мырæй.

Уæнгтæ вæййынц гом æмæ æхгæд. Гом уæнг фæвæййы уæнгаразæг мырæй, æхгæд уæнджы кæрон та вæййы, уæнг чи нæ фæаразы, ахæм мыр.

Ирон æвзаджы уæнгты хуызтæ сты æхсæз:

1)хъæлæсонæй арæзт (хайыгтæ о æмæ и, мивдисæг у, номивæг а);

2)хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон (ам, æз);

3)хъæлæсон , æмхъæлæсон, æмхъæлæсон (авг, аст);

4)æмхъæлæсон æмæ хъæлæсон (дæ, нæ);

24

5)æмхъæлæсон, хъæлæсон, æмхъæлæсон (фат, баз);

6)æмхъæлæсон, хъæлæсон, æмхъæлæсон, хъæлæсон (фаст, баст).

Ирон æвзаджы дзырдтæ уæнгтыл дих кæнынц ахæм æгъдæуттæм гæсгæ:

1)дзырды уæнгтæ вæййы, цал хъæлæсоны дзы вæййы, уал;

2)æмхъæлæсон дыууæ хъæлæсоны æхсæн куы вæййы, уæд хаст æрцæуы дыккаг уæнгмæ;

3)хъæлæсонты æхсæн дыууæ æмхъæлæсоны куы вæййы, уæд раззаг æмхъæлæсон баззайы фыццаг уæнджы, фæстаг æмхъæлæсонтæ – иннæ уæнджы;

4)æртæ æмхъæлæсоны куы баиу вæййынц, уæд фыццаг дыууæ æмхъæлæсоны баззайынц фыццаг уæнджы, фæстаг æмхъæлæсон та рахизы дыккаг уæнгмæ.

Литературæ

1.Абаев В. И. Грамматический очерк осетинского языка. Владикавказ, 1959.

2.Багаев Н. К. Современный осетинский язык. Часть I, Орджоникидзе: Ир, 1982.

3.Гацалова Л. Б. Русско-осетинский, осетинско-русский толковый словарь лингвистических терминов. Владикавказ.: РИО СОИГСИ, 2007.

4.Грамматика осетинского языка / Под ред. Г. С. Ахвледиани. Часть I. Орджоникидзе.: Ир, 1963.

5.Джимиева К. Т. Обучение осетинскому языку как второму. Владикавказ.: Издательство СОГПИ, 2011.

6.Джусойты К. Г., Дзодзыккаты З. Б., Цопанты Р. Г. Нырыккон ирон æвзаг: Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. Дзæужыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2005.

7.Дзодзикова З. Б. Осетинский язык. Учебное пособие для невладеющих. Владикавказ.: Олимп, 2005.

8.Дзодзыккаты З. Б., Джиоты Г. Х. Ирон æвзаджы чиныг 5 къласæн. Дзæуджыхъæу.: Ир, 2013.

9.Камболов Т. Т. Очерк истории осетинского языка. Владикавказ.:

Ир, 2006.

25

10.Кудинова Т. А. Виды языкового разбора. Ростов-на-Дону.: Фе-

никс, 2006.

11.Куыдзойты А. Ф. Ирон æвзаджы практикум: Орфографи. Дзæуджыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2010.

12.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи. Цхинвал.: Ирыстон, 1993.

13.Цакулова А. М. Обучение осетинскому языку как второму. Владикавказ.: Издательствово СОГПИ, 2009.

14.Цопанты Р. Ирон æвзаджы чиныг 10 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Сем, 2013.

16. Рафыссут дзырдтæ, уæнгтыл дихгæнгæйæ. Сбæрæг кæнут уæнгты арæзт, стæй сæ хуыз (гом / æхгæд).

Æвзист, сыгъдæг, æвиппайды, æвæндонæй, курдиатджын, къамисæг, æрттиваг, фæндаггæрон, разамонæг, баууæндын, миниуджытæ, къухфыстытæ, цæхæрадон, уавæртæ, æрлæууыдысты, хъуыддæгтæ, хъæууонхæдзарадон, æрбалæууыди, афойнадыл, тæнтъихæг, æхсызгондзинад, бамбæрста, æрбаййæфтой, æнæдæрæрдæм, æндæрæбон, сындæггай, тыхджындæртæ, мыхуыргонд, æрæййæфта, æхсæрдзæн, æнæкæрон, бафтаудзынæн.

17. Бакæсут текст.

Рувас æмæ хъæддзау

Рувас цуанæттæй рацæйлыгъди, хъæддзауыл хæрхæмбæлд фæци æмæ йын лæгъстæтæ кæны, бахъахъхъæн мæ, зæгъгæ. Хъæддзау ын афтæ, уæртæ, дам, мæ халагъуды бамбæхс.

Уалынмæ цуанæттæ дæр фæзындысты æмæ хъæддзауы фæрсынц, ауылты, дам, рувас лидзгæ нæ федтай. Уый сын загъта, нæ федтон, зæгъгæ, йæхæдæг та сын къухæй амоны халагъудмæ. Фæлæ цуанæттæ уый нæ бафиппайдтой æмæ ацыдысты.

Рувас дæр халагъудæй рахызт æмæ уыцы æнæдзургæйæ фæраст. Хъæддзау ын уайдзæфтæ кæны, мæ фæрцы, дам, фервæзтæ, афтæмæй мын бузныг дæр нæ загътай. Рувас ын ахæм дзуапп радта: «Бæргæ дын загътаин бузныг, дæ ныхæстæ æмæ дæ митæ кæрæдзиуылкуыбадтаиккой, уæд».

26

Ацы æмбисонд хауы, дзыхæй рæсугъд ныхæстæ чи кæны, йæ хъуыддæгтæ та галиу кæмæн сты, ахæм адæймæгтæм.

Эзоп

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут тексты сæйраг хъуыды.

2.Радзурут текст хи ныхæстæй.

3.1-аг абзацы дзырдты ссарут гом æмæ æхгæд уæнгтæ.

4.Рафыссут 2-аг æмæ 3-аг абзацтæ. Дзырдтæ дих кæнут уæнгтыл. Зæгъут, куыд арæзт сты уæнгтæ.

5.Бакæсут зонды æмæ царды уаджы ныхæстæ. Æрдзурут сын сæ хъуыдыйыл. Зæгъут, кæцы дзырдты æмбæлынц: а) æрмæстдæр лæмæгъ хъæлæсонтæ; æ) сонорон æмхъæлæсонтæ; б) æмхъæлæсон у; в) былбылон æмхъæлæсонтæ.

Сайын сахуыр æмæ йыл æууæнк нæй. Алчи сайын йæ сæрмæ нæ хæссы. Мæнгард лæг царды ад не ’мбары.

18. Бакæсут æмдзæвгæ аив.

Ды дæ нæртон

О Иры дзыхъхъ, æртхутæгдон уыдтæ, Æртхутæджы бын цас фæкодтай дзир-дзур. Дæ фæстаг зынг нæ ахуыссыд уæддæр, Ыссыгъдис æмæ фестадис зæрин хур. Ыссу бæрзонддæр арвы цъæхыл, Ир, Ды – хуры лæппын, хуры фæдыл ахæт. Дæ ном, дæ кадæй дунетыл æрзил,

Ныфс райс, нæ зæххыл чи нæма уыд, ахæм. Куыд цæрæццаг уыд де ’ртхутæг кæддæр, Дæ ныфс уæд афтæ алкæд дæр æвдудон.

Цыфæнды зын дыл сагъуыйа, уæддæр Ды дæ нæртон æмæ дын нæй фæцудæн.

Хостыхъоты Зинæ

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды. Зæгъут, цавæр æнкъарæнтæ æвдисы автор.

2.Рафыссут æмдзæвгæ, дзырдтæ уæнгтыл дихгæнгæйæ.

27

3.Зæгъут, куыд арæзт сты уæнгтæ.

4.Тексты ссарут дзырдтæ: а) æрмæстдæр лæмæгъ хъæлæсонтимæ; æ) æрмæстдæр тыхджын хъæлæсонтимæ; б) сонорон æмхъæлæсонтимæ.

5.Бакæсут амындтæ æмæ фæдзæхстытæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут. Бацамонут дзырдты зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ.

Дæхицæн аргъ кæн, æмæ дын адæм дæр аргъ кæной. Цыфæнды уавæры дæр дæхи дарын зон.

Сывæллонæн æппæты раздæр йæ уды æнæниз æмæ сыгъдæгыл бакус.

6.Сахуыр кæнут æмдзæвгæ наизусть.

19. Бакæсут текст.

Зарæг

Лæууынц æрыгон цардбæллон лæппутæ, ас лæгтæ, зондджын зæрæдтæ. Лæууынц æнгом. Иу сты сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ, иу – сæ зæрдæйы уаг, сæ тырнындзинад. Сæ зæрдæты цæф баиу, æмæ хъуысынц сæ нæргæ рæсугъд хъæлæстæ. Амонæг базары, йæ зарæг ын ацахсынц иннæтæ, сисынц æй æмæ йæ æрмынæг кæнын нал уадзынц.

Хъуысы зарæг, кадгæнæг ирон зарæг. Уый райгуырдис хæхты: æхсæрдзæнты сæх-сæх, тъыфыл цæргæсты базырты пæр-пæр, зæйты æмæ знæт цæугæдæтты гыбар-гыбурмæ, сæрибар æмæ рæстдзинадыл тохгæнæг ирон лæджы ныфсхаст зæрдæйы. Зæлы Иры хæхтыл лæгдзинады зарæг. Адæмы уарзондæр фыртыл æй снывæстæуыд. Уый хæхтау сæрыстыр æмæ фидар, тызмæг æмæ æхцон у. Намысыл æй скодтой адæм. Козбаудзинад æмæ æхсины лæгтимæ йын иумæйагæй ницы ис. Йе ’нæуынон сты. Ссæнды сæ йæ быны, мæрдырохы амæттаг сæ кæны.

Цы диссаг дæ, ирон лæгдзинады зарæг. Цас тых æмæ намыс, кад æмæ рæстдзинад æмбæхст дæ ис! Æвидигæ суадонау гуырыс æмæ гуырыс адæмы зæрдæты. Куы знæт вæййыс, бауромæн дын нал вæййы æмæ срæдувыс. Агайыс лæджы зæрдæ, æрызгъалыс ын йæ цæссыг. Афтæмæй нын фыдæлтæй туджы æртахæй зынаргъдæрæн баззад. Нæ йæ æрæппары адзалы раз дæр. Ахæм дæ ды! Тыхджын дæ, хъомысджын, дæ ныхмæ фæлæууæн нæй.

28

Куы та булæмæргъы зардау хъуытаз хъæлæстæй спæр-пæр кæныс дунемæ. Фæузæлыс не ’нкъарæнтыл. Æдзухдæр ныл тауыс сæрыстырдзинад, царды рæстдзинад æмæ намыс, кæныс нæ ныфсджындæр, цардбæллондæр æмæ лæгуарзондæр.

Зарынц къордæй. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты иннæтæ дæр, зарæг хъæрдæрæй систа æгас Ирыстон. Ацахстой йæ æгомыг хæхтæ, урсбарц æхсæрдзæнтæ, фыййауы уадындз ныззарыд семæ.

Зæлы зарæг, лæгдзинады зарæг, кадгæнæг ирон зарæг, æмæ йын æрмынæггæнæн нал ис. Уымæн æмæ йæ адæмы зæрдæйæ срæдывта лæджы намыс. Намысæн та мæлæт нæй.

Цгъойты Хазби

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут тексты сæйраг хъуыды.

2.Саразуттекстæнпълан. Пъланмæ гæсгæ йæ радзурутхиныхæстæй.

3.Рафыссут тексты 1-аг æмæ 2-аг абзацтæ. Дзырдтæ дих кæнут уæнгтыл. Сбæрæг кæнут уæнгты арæзт.

4.Бацæттæ кæнут цыбыр хъусынгæнинаг ацы ныхæстæм гæсгæ: «Зæлы Иры хæхтыл лæгдзинады зарæг. Адæмы уарзондæр фыртыл æй снывæстæуыд». Уæ дзуапп бафидар кæнут дæнцæгтæй.

20. Бакæсут æмдзæвгæ аив.

Мæ бæстæ

Мæ бæстæ… Мæ бæстæ, мæ райгуырæн бæстæ,

Цъæх денджызы риуæй фæтæндæр – дæ фæзтæ. Цъæх денджыз сæууон хурмæ калы тæмæнтæ, – Фæлæ мын рæсугъддæр – дæ бæркадджын фæзтæ.

Нæ бæстæ, ды махæн – нæ намыс, нæ кад. Дæ дæлвæзты бирæ ис, бирæ, бæркад.

Мæ бæстæ… Мæ бæстæ, мæ райгуырæн бæстæ,

29

Ызмæлынц æфсирджын мæнæутæй дæ фæзтæ, – Дзаджджындæр та ноджы – фыдæлтыккон хæхтæ, Ныгъуылынц цъæх арвы хъæбысы сæ рæгътæ.

Нæ бæстæ, ды махæн – нæ намыс, нæ кад. Дæ хæхбæсты бирæ ис, бирæ, бæркад.

Мæ бæстæ… Мæ бæстæ, мæ райгуырæн бæстæ,

Сывæллонæй абонмæ зонын дæ хæрзтæ, Æз дæр дæн дæ хъæбул, дæ тугæй, дæ хъæстæ, Тæхуды, куы бафидин искуы дæ хæстæ.

Нæ бæстæ, ды махæн – нæ намыс, нæ кад. Дæ къæбицы бирæ ис, бирæ, бæркад.

Дарчиты Дауыт

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды. Зæгъут, цавæр æнкъарæнтæ уæмсæвзæрди, æмдзæвгæ бакæсгæйæ.

2.Хицæн къордтæй рафыссут дзырдтæ: а) иууæнгон; æ) дыууæуæнгон; б) æртæуæнгон; в) цыппаруæнгон.

3.Сбæрæг кæнут æртæуæнгон æмæ цыппаруæнгон дзырдты уæнгты

арæзт.

Темæ: «Цавд æмæ йе ’гъдæуттæ нырыккон ирон æвзаджы. Цавд акцентуалон комплексты. Дзырды фонетикон æвзæрст».

Фæрстытæ сахуыр кæнынæн:

1.Цавд.

2.Цавд акцентуалон къордты.

3.Дзырды фонетикон æвзæрст.

Цавд хуыйны, дыууæ кæнæ фылдæр уæнгон дзырды йе та дзырдбасты искæцы уæнг хъæлæсы уагæй иртæст куы фæцæуы, уæд уый.

30

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]