Добавил:
Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:

Практикум по родному языку. Учебно-методическое пособие

.pdf
Скачиваний:
0
Добавлен:
11.08.2026
Размер:
523 Кб
Скачать

Нысаниуджытæй иутæ æндæрты бындурыл куы сæвзæрынц, уæд сæ фæхонынц ахæсгæ нысаниуджытæ, дзырдæн йæ бындурон нысаниуæг та – комкоммæ.

Арæхдæр дзырдæн ног нысаниуæг сæвзæры, æцæгдзинады фæзындтæ цæмæйдæр æнгæс куы вæййынц кæнæ та баст куы вæййынц, уæд. Уыцы фæрæз хуыйны метафоризаци. Зæгъæм, дзырд къона-йы фыццаг æмæ сæйраг нысаниуæг у артдзæст, йæ ахæсгæ нысаниуæджы та у рæвдауæн дзырд.

Бирæнысаниуæгады дыккаг хуыз у метоними – иу предмет иннæимæ баст куы вæййы тыгъдады, рæстæджы, æмæ уый фæрцы иу ном куы фæхæссынц (октябрь – революци æмæ мæйы ном).

Хицæн фæрæзыл ма нымад цæуы синекдохæ – æнæхъæн предметы, фæзынды номæй хуынд куы æрцæуы йæ хай, кæнæ хайы номæй хуынд куы фæцæуы æнæхъæн предмет, йе фæзынд.

Литературæ

1.Гацалова Л. Б. Русско-осетинский, осетинско-русский толковый словарь лингвистических терминов. Владикавказ.: РИО СОИГСИ, 2007.

2.Гуыриаты Т., Гæбæраты Н., Исаты М. Нырыккон ирон æвзаджы лексикологи. Орджоникидзе.: Ир, 1989.

3.Гæбæраты Н. Ирон æвзаджы чиныг 6 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Ир, 2013.

4.Джиоты Г. Дзырдуатон-фразеологион куыст ирон литературæйы урокты. Орджоникидзе.: Ир, 1990.

5.Дзампаты Л. Г. Скъоладзауты дзырдуат хъæздыг кæныныл куыст ирон æвзаджы урокты: Ахуыргæнæн чиныг; ЦИПУ-йы рауагьдад. – Дзæуджыхъæу, 2010.

6.Джусойты К. Г., Дзодзыккаты З. Б., Цопанты Р. Г. Нырыккон ирон æвзаг: Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. Дзæужыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2005.

7.Дзодзикова З. Б. Осетинский язык. Учебное пособие для невладеющих. Владикавказ.: Олимп, 2005.

8.Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат: 4 томæй. М.: Наукæ, 2007. 1 т.

41

9.Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат: 4 томæй. М.: Наукæ, 2010. 2 т.

10.Исаев М. И. Очерки по истории изучения осетинского языка. Орджоникидзе, 1974.

11.Козырева Т. З. Лексика осетинского языка с точки зрения ее исторического происхождения. Орджоникидзе, 1962.

12.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы лексикæ æмæ фразеологи. Цхин-

вал, 1988.

13.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи. Цхинвал.: Ирыстон, 1993.

14.Цопанты Р. Ирон æвзаджы чиныг 10 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Сем, 2013.

25. Бакæсут текст.

Амонд

Иу хъæуы царди зæронд лæг. Æппынæдзух дæр уыди хъуынтьыз, æлхынцъæрфыг. Ноджы цас фылдæр цард, уый бæрц кодта тызмæгдæр, мæстыгæрдæр. Фæлæ йыл æстай азы цы бон сæххæст, уыцы бон ницæмæйуал хъаст кодта, мидбылты худын байдыдта, цæвиттон, йæ бакастыл, йæ митыл амондджын лæджы миниуджытæ фæзынд, æмæ цæсгомы æнцъылдтæ слæгъз сты.

Лæг кæй фендæрхуызон, уый уайтæккæ хъæубæстæ базыдтой æмæ йæ хæдзары дуармæ æрæмбырд сты, фæрсынц æй:

Цы дыл æрцыди, дæ зæрдæйы уаг куы аивта?

Ницы, – дзуапп радта зæронд лæг. – Æстай азы дæргъы амондджын суæвыныл фæцархайдтон, фæлæ мын дзы ницы рауади. Ныр амондыл мæ къух ауыгътон, æмæ кæсут – амондджын дæн!

Журнал «Мах дуг»-æй

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Радзурут текст хи ныхæстæй. Сбæрæг ын кæнут йæ сæйраг хъуыды.

2.Сбæрæг кæнут 1-аг абзацы дзырдты грамматикон нысаниуджытæ.

3.Дзырдтæн уайтæккæ, хъæубæстæ, аивта сбæрæг кæнут сæ лексикон нысаниуджытæ.

4.Зæгъут, тексты кæцы дзырдæй æрцыди пайдагонд йæ ахæсгæ нысаниуæджы.

42

5. Бакæсут амындтæ æмæ фæдзæхстытæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут. Æдзæстуарзон ма у.

Искæй циныл цин кæнын зон, искæй мастыл – маст.

Дæхицæн дæ цы хæрзтæ фæнды, уыдон дæ цæст адæмæн дæр бауарзæд.

26. Бакæсут текст.

Къодахы маст

(1)Æз дæн къодах. Фæлæ къодахæй нæ сæвзæрдтæн, къодахæй не срæзыдтæн. Æз уыдтæн бæлас. Бæлас дæр ахæм бæлас, æмæ мæ цъупп арвыл æндзæвыд, мæ уæрхыл цæст не ’ххæссыд.

(2)Æз фæцардтæн æртæфондзыссæдз азы. Дзæвгар хур федтон, дзæвгар тымыгътæ бавзæрстон. Дзæвгар фыдбылызы дымгæтæ баурæдтон мæ фæтæн риуæй, мæ фидар къабæзтæй. Цас æмæ цас гыркъотæ мыл æрзади! Цал æмæ цал хатты сæ байтыдтон мæ алыварс! Цас цъæхсыфтæр къохтæ æмæ сау хъæдтæ айтыгъди мæнæй фæйнæрдæм! Æмæ мæ райгуырæн зæххæн, кусæг адæмæн цы æхцоны сатæг фæдардтон, уый та!..

(3)Æз фæцардтæн æртæфондзыссæдз азы. Мæ байзæддæгтимæ бæстæн чысыл ахъаз нæ фестæм. Махæй иу æмæ дыууæ науы нæ рауади. Наутæ арфæйаг балцы ленк кодтой æмæ кæнынц æгæрон денджызты. Мах иу æмæ дыууæ стыр хиды нæ фестадыстæм фурды сæрты. Бирæ дард зæрдæтæ бабастам кæрæдзиуыл. Махæй бирæ фæрныг хæдзæрттæ сарæзта лæг. Иу фæлтæр уым райгондæй ивта æмæ ивы иннæйы.

(4)Æз фæцардтæн æртæфондзыссæдз азы. Æртæфондзыссæдз азæй иу бон дæр дзæгъæлы нæ ацыд. Æвæдза, куыд хорз у уый! Ныр та дæн къодах. Фæлæ ахæм къодах, æмæ дунейы тавæн артæн сугтæ кæуыл сæттынц. Æмæ кæд афтæ у, уæд алы зæронды къодах ма хонут!

Мыртазты Барис

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Зæгъут, кæй æвдисы фыссæг къодахы хуызы.

2.Сбæрæг кæнут тексты сæйраг хъуыды.

3.Радзурут текст хи ныхæстæй.

4.Сбæрæг кæнут 1-аг абзацы дзырдты грамматикон нысаниуджытæ.

43

5.Бамбарын кæнут 2-аг абзацы дзырдтæ тымыгътæ, фыдбылызы, къохтæ, айтыгъди, сатæг-ы лексикон нысаниуджытæ.

6.3-аг æмæ 4-æм абзацты ссарут, сæ ахæсгæ нысаниуджыты цы дзырдтæй пайдагонд æрцыди, уыдон.

7.Бакæсут амындтæ æмæ фæдзæхстытæ. Ссарут дзы антонимтæ. Раттут сæм фæрстытæ. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты.

Хистæр æмæ кæстæр зон.

Де ’фсармы сæрты макуы ахиз.

Иухъуыддагдæ зæрдылбадар: зæххылхорздæрнæ сæфы, æвзæрдæр.

27. Хицæн къордтæй рафыссут иунысаниуæгон æмæ бирæнысаниуæгон дзырдтæ. Æрхъуыды кæнут семæ хъуыдыйæдтæ.

Агуывзæ, адаг, аив, айдæн, æмдзæвгæ, ахсын, ахсæн, барын, дæсны, губакк, гага, боныг, къудзи, къæрис, къæм.

28. Æмбарынгæнæн дзырдуатæй пайдагæнгæйæ, сбæрæг кæнут лæвæрд дзырдты лексикон нысаниуджытæ. Ныффыссут дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ.

Алдымбыд, æмбонд, гаруз, дзæнхъа, зæрæхсид, къала, къæрмæг.

29. Бакæсут текст.

Адæмæн се ’взаг у сæ уды фарны зайæгхал, æппындæр руайгæ чи нæ кæны æмæ æнусты дæргъы ногæй-ногмæ дидинæг чи калы, историйы арæнтæй бирæ æддæдæр чи аххæссы, ахæм. Æвзаг уддзыд скæны адæмы æмæ райгуырæн бæстæйы. Адæмы уды фарн æмæ сфæлдыстадон тыхы фæрцы фыдыбæстæйы арв, уæлдæф, физикон фæзындтæ, климæт, быдыртæ, хæхтæ æмæ дæлвæзтæ, хъæдтæ æмæ дæттæ, тымыгътæ æмæ тæрккъæвдатæ, цæвиттон, æрдзы арф хъуыдытæй, монцтæй æмырдзаг хъæлæс басгуыхы æвзаджы æвæджиау хъæлæс. Уый вæййы адæмы уарзты хъæлæс йæ райгуырæн бæстæмæ. Æмæ уæлдай ирддæрæй разыны, поэтты сфæлдыстады.

44

Адæмы æвзаджы рухс, райдзаст, рæсуг æрфытæй канд райгуырæн æрдз нæ сæрттивы, фæлæ адæмы уды фарны истори æнæхъæнæй. Фæлтæртæ кæрæдзи фæдыл ацæуынц, фæлæ алы фæлтæрæн дæр йæ царды мидис баззайы æвзаджы – сæ фæстæ чи цæуы, уыдонæн. Алы ног фæлтæр дæр мадæлон ныхасы хæзнадонмæ бахæссы, йæ зæрдæйы æрфыты цы бæркæдтæ æрæвзæры, историон цаутæ цы тыллæг раттынц, уыдон, зондахаст, уырнæнтæ, хъыгтæ, цинтæ, иу дзырдæй, адæмæн сæ миддунейы цыдæриддæр фæрныгæй ис, уыдон хæдзардзинæй, цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц сæ мадæлон æвзаджы.

Æвзаг у, ивгъуыды, абоны æмæ фидæны фæлтæрты кæрæдзиуыл æнгом чи бæтты æмæ сæ иу егъау хъомысджын историон буар чи аразы, ахæм цардæгас тых. Уый адæмы канд цæрæццаг нæ кæны – уый йæхæдæг адæмы цард у, се ’вдадзы хос. Адæмон æвзаг куы фесæфы, уæд адæмæн сæ мыггаг сыскъуыйы.

Адæмæн се ’взаг у се стырдæр зондамонæг. Уый сæ ахуыр кодта, чингуытæ, скъолатæ куы нæма уыд, уæд æмæ сæ ахуыр кæндзæни, цалынмæ адæмæн истори уа, уæдмæ. Мадæлон æвзаг æнцонæй, æнæкъуылымпытæй ахуыр кæнгæйæ алы ног фæлтæр дæр йæ зæрдæмæ исы, йæ размæ цы мингай фæлтæртæ цардис, уыдоны хъуыдытæ æмæ æнкъарæнты æвæджиау бæркæдтæ æмæ фарн.

Константин Ушинский

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Раттут текстæн сæргонд.

2.Текстæй рафыссут, сæ ахæсгæ нысаниуджыты цы дзырдтæй æрцыди пайдагонд, уыдон. Сбæрæг сын кæнут сæ комкоммæ нысаниуджытæ дæр.

Темæ: «Синонимтæ. Антонимтæ. Омонимтæ».

Фæрстытæ сахуыр кæнынæн:

1.Лексикон синоними æмæ йæ хуызтæ ирон æвзаджы.

2.Антонимтæ.

3.Омонимтæ.

45

Лексикон синоними æмæ йæ хуызтæ ирон æвзаджы. Синонимтæ сты, сæ нысаниуджытæм гæсгæ æввахс кæнæ æмхуызон чи вæййы, ахæм дзырдтæ (бердзенаг synonymos – иу ном кæмæн ис, уыдон).

Синонимикон ахастдзинæдтæй баст дзырдты къорд хуыйны синонимиконрæнхъ. Синонимтырæнхъыиудзырдфæхуыйныбындурон(доминантæ). Уыцы дзырдæй фæпайда кæнынц арæхдæр, уымæн æмæ йæ нысаниуæг, иннæтимæ абаргæйæ, вæййы уæрæхдæр, стилистикæйы ’рдыгæй та вæййы нейтралон.

Иртасынц æххæст (абсолютон), семантикон æмæ стилистикон синонимтæ.

Æххæст (абсолютон) синонимтæ сты, æмхуызон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм дзырдтæ (зæгъæм: куатæ æмæ раздарæн).

Семантикон синонимтæ сты, сæ нысаниуджытæ цавæрдæр фæлгъуызтæй кæмæн хицæн кæнынц, ахæм дзырдтæ (зæгъæм: стыр, дынджыр, егъау).

Стилистикон синонимтæ сты, иу предмет, æмбарынад, æууæл кæнæ архайд цы дзырдтæ нысан кæнынц, фæлæ хицæн стильты кæмæй цæуы пайдагонд, ахæм дзырдтæ (зæгъæм: хæрын, æмпулын, æвдæрзын, æвгæнын).

Антоними. Антоними у æвзаджы лексикон-семантикон системæйы фæзындтæй иу. Антонимтæ сты ахæм дзырдтæ, кæцытæн сæ лексикон нысаниуæг сæвæрæн ис ныхæй ныхмæ (бердзенаг anti ныхмæ æмæ onima ном). Антонимтæ арæзтцæуынцдыууæ ныхмæвæрддзырдæй.

Антонимты сæйраг семантикон миниуæг у уый, æмæ иу дзырды нысаниуæджы æвдыст фæцæуы йæ ныхмæвæрддзинад иннæ дзырды нысаниуæгмæ. Антонимтæ ныхасы мидæг ныхмæвæрд цæуынц кæрæдзимæ, æнæ уымæй сын антонимтæ уæвæн нæй.

Антонимтæ æвдисынц:

ныхмæвæрд миниуджытæ æмæ нысæнттæ: стыр – гыццыл, рог – уæззау, фæлмæн – хъæбæр;

кæрæдзи ныхмæ æвæрд предметтæ: цæгат – хуссар, арв – зæхх;

кæрæдзи ныхмæ арæзт архæйдтытæ: акалын – байдзаг кæнын, æрбадын – стæхын;

ныхмæвæрд аргъгондтæ: хорз – æвзæр, раст – мæнг;

адæймаджы ныхмæвæрд æнкъарæнтæ æмæ уавæртæ: цин – маст, цин – рыст, æнæниз – рынчын æ. а. д.

46

Антонимтæ вæййынц номдартæ (арв – зæхх), миногонтæ (рæсугъд – фыдуынд), фæрсдзырдтæ (бирæ – чысыл), фæсæвæрдтæ (дæле – уæле).

Антоними у аивадон ныхасы ахадгæ мадзæлттæй иу. Арæх æмбæлынц антонимтæ æмбисæндты, фразеологион дзырдбæстыты.

Омоними. Омонимтæ сты, дзургæ кæнæ фысгæ æмхуызон кæй фæкæнынц, сæ нысаниуджытæ та алыхуызон кæмæн вæййынц, ахæм дзырдтæ (бердзенаг homos – æмхуызон æмæ onima – ном).

Иртасынц лексикон омонимтæ (æххæст æмæ æнæххæст хуызтæ), омофонтæ, омоформæтæ æмæ омографтæ.

Æххæст лексикон омонимтæ æппæт формæты дæр рауайынц иухуызон, уымæн æмæ вæййынц уыцы иу ныхасы хаймæ ахæсгæ (хос – хус кæрдæг; хос – дзæбæхгæнæн фæрæз).

Æнæххæст лексикон омонимтæ хуыйнынц, æппæт формæты дæр иухуызон цы дзырдтæ нæ вæййынц, ахæмтæ (зæгъæм: хæрын – хæринаг; хæрын – буары хæрд). Ацы дзырдтæй иутæ æнгæс нал вæййынц æххæст хуызы формæйы (бахæрын, схордта).

Омоформæтæ хуыйнынц, сæ цавæрдæр грамматикон формæты æмхуызон цы дзырдтæ рауайынц, ахæмтæ (зæгъæм: худ – номдар; худ – мивд. фæдз. зд.; хъус – номдар; хъус – мивд. фæдз. зд.).

Омографтæ сты, фысгæ æмхуызон кæй фæкæнæм, дзургæ та алыхуызон, ахæм омонимтæ (зæгъæм: Фидар – сæрмагонд ном; фидар – миногон, номдар).

Литературæ

1.Бесолты Е. Б. Ирон æвзаджы антонимты дзырдуат. Дзæуджыхъæу,

1991.

2.Гацалова Л. Б. Русско-осетинский, осетинско-русский толковый словарь лингвистических терминов. Владикавказ.: РИО СОИГСИ, 2007.

3.Гуыриаты Т., Гæбæраты Н., Исаты М. Нырыккон ирон æвзаджы лексикологи. Орджоникидзе.: Ир, 1989.

4.Гæбæраты Н. Ирон æвзаджы чиныг 6 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Ир, 2013.

5.Джиоты Г. Дзырдуатон-фразеологион куыст ирон литературæйы урокты. Орджоникидзе.: Ир, 1990.

47

6.Джусойты К. Г., Дзодзыккаты З. Б., Цопанты Р. Г. Нырыккон ирон æвзаг: Ахуыргæнæн чиныг уæлдæр скъолаты студенттæн. Дзæужыхъæу.: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2005.

7.Дзампаты Л. Г. Скъоладзауты дзырдуат хъæздыг кæныныл куыст ирон æвзаджы урокты: Ахуыргæнæн чиныг: ЦИПУ-йы рауагьдад. Дзæуджыхъæу, 2010.

8.Дзодзикова З. Б. Осетинский язык. Учебное пособие для невладеющих. Владикавказ.: Олимп, 2005.

9.Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат: 4 томæй. М.: Наукæ, 2007. 1 т.

10.Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат: 4 томæй. М.: Наукæ, 2010. 2 т.

11.Исаев М. И. Очерки по истории изучения осетинского языка. Орджоникидзе, 1974.

12.Медойты Б. Ирон æвзаджы лексикæ æмæ фразеологи. Цхинвал,

1988.

13.Медойты Б. Г. Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи. Цхинвал.: Ирыстон, 1993.

14.Цопанты Р. Ирон æвзаджы чиныг 10 къласæн. Дзæуджыхъæу.:

Сем, 2013.

30. Бакæсут текст.

Маргъы кадæг

Уалдзыгон райсом. Хур ног чындзау рагъæй скаст. Йæ мидбылты фæлмæн бахудти. Бæстæ ныррухс. Дыгоппонцъиу сызгъæрин мырмырагау кæцæйдæр фегуырд. Бон æй арвы цъæхмæ фехста. Цæст ма йæ кæдæм ахста, уырдæм куы схæццæ, уæд æваст фæлæууыди. Йæ базыртæ ма зындысты, саулох бæхыл арф комы тæхгæйæ чи адард вæййы, ахæм барæджы нымæты фæйлауæнтау. Йе ’хсызгон фæндырдзагъд быдыртæ æмæ къохыл анхъæвзта. Цъусдуджы фæстæ йæхи уæлдæрæй-уæлдæр исын байдыдта. Æрдз иууыл цъыбар-цъыбур, хъæлдзæг мыртæ сси. Адæймаджы зæрдæ радиæмæ йæ бафæрсынæрфæндыд:

– Гъе уæлæ цины маргъ! Дæ рæсугъд зарæг зæххæй афтæ бæрзонд цæмæн фæхастай?

Дыгоппонцъиу дзурын куы зонид, уæд ын, æвæццæгæн, ахæм дзуапп раттид:

48

– Гъе дæлæ лæг! Æз мæ рæсугъд зарæг зæххæй афтæ бæрзонд уымæн фæхастон, æмæ æппæтмæ дæр куыд фехъуыса.

Мыртазты Барис

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут тексты сæйраг хъуыды.

2.Дзырдтæн ног, арф, æхсызгон, уæлдæрæй-уæлдæр, хъæлдзæг

ныффыссут сæ антонимтæ.

3.Тексты бæрæггонд дзырдтæ контекстмæ гæсгæ баивут синонимтæй.

4.Ссарут тексты омонимтæ. Бамбарын сын кæнут сæ нысаниуджытæ.

5.Бакæсут æмбисæндтæ. Бамбарын сын кæнут сæ хъуыды. Бæрæггонд дзырдтæн зæгъут сæ антонимтæ.

Иунæг адæймаг хъæды халонæй – мæгуырдæр. Адæмæн хорзæх нæ сæфы.

Адæймагæн адæм – йæ номæвæрæг.

31. Бакæсут сонет.

Сонет

Уæлвонг хъуыдытæм нал тасы мæ зæрдæ, Æрхуымæй мыл нытталынг вæййы бон… Уæдæ зæгъын æвзонгадæн хæрзбон, – Ныхгæнæнт мыл йæ ахсджиаг къæсæртæ. Мæ Ирыстон ма у мæ цин, мæ рис, Йæ разы дæн мæгуыргурау къæмдзæстыг.

Мæ лæмæгъæй… нынныхъуыр уæд дæ цæссыг, – Дæ райст-бавæрд бæлццоны ныфс фæци.

Æмæ цы сты фæндонхорзтæ, фæндтæ, Куы лæууой ивылд доны раз æдзынæг. Куынæуал тыхсай хионыл, æрвадыл?! Уæдæ, фæлдисæг, кæд æцæгæй дæ, Уæд баууæнд мæ Иры къæссы дзыллæйæн

Сæ Тых, сæ Ныфс, сæ Æфсымæрдзинадыл!

Хаджеты Таймураз

49

Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1.Сбæрæг кæнут сонеты сæйраг хъуыды. Зæгъут, цæуыл сагъæс кæны автор æмæ цавæр æнкъарæнтæ æвдисы.

2.Ссарут тексты омоним æмæ синонимтæ.

3.Бæрæггонд дзырдтæн зæгъут сæ антонимтæ.

4.Бакæсут амындтæ æмæ фæдзæхстытæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут. Ссарут дзы антонимтæ.

Æппæлын æмæ фауын цæмæй хъæуы, уый зон. Адæймаг кæй дæ, уый рох ма кæн.

Хатыр кæнын зон.

32. Рафыссут æмбисæндтæ. Æрдзурут сын сæ хъуыдыйыл. Ссарут дзы антонимтæ. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты.

1.Хæларæй цæрын мыды кæхц у, хæрамæй цæрын бындзы цæф у.

2.Фыдбылыз – дард, амонд – хæстæг. 3. Хæрдмæ цæуын кæм хъæуы, уым уырдыгмæ цæуын дæр бахъæудзæн. 4. Æдылы дзурæгмæ зондджын хъусæг хъæуы. 5. Æмбаргæ лæг зынгæй йæхи тавгæ кæны, æдылы та дзы йæхи судзы. 6. Æнæууæнк æууæнкджыны дæр йæхи хуызæн æнхъæлы. 7. Лæг тыхæй æнцон абырсæн у, фæлæ зондæй абырсын зын у. 8. Æгадгæнæг дæр, кадджынгæнæгдæр – лæгæн йæ хъуыддæгтæ. 9. Æнцойдзинад æмæ зындзинад радæй сты. 10. Зын куы нæ фенай, уæд æнцон дæр нæ фендзынæ.

11.Мæнгард æргом нæ цæуы, сусæгæй архайы. 12. Æфсæст æххормаджы

рис нæ зоны. 13. Барон лæг æвæсмон у, æнæбарон – фæсмойнаг. 14. Куыстæн йæ сæр сындз у, йæ бын та – сой. 15. Дард æрвадæй хæстæг сыхаг хуыздæр у. 16. Зæронд æвæринаг у, æвзонг – хъахъхъæнинаг. 17. Дзургæ – къаддæр, фылдæр – хъусгæ. 18. Æвзонгæй цы байтауай, уый зæрондæй æркæрддзынæ. 19. Фæлмæн ныхас хур у, дæрзæг ныхас – къæвда. 20. Хорз мад арфæйаг у, æвзæр мад – æлгъыстаг.

33. Бамбарын кæнут омонимты нысаниуджытæ. Ныффыссут дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ.

Арм, арфæ, ахсын, æвзаг, бал, кæсæг, ных, уарын, тас, сис, сом, рахиз, мæй, къах, æргъæвæг.

50

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]