Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
ОТВЕТЫ БИЛЕТОВ.docx
Скачиваний:
38
Добавлен:
08.09.2019
Размер:
125.09 Кб
Скачать

1.Колыты Аксойы рухстауæн куыст æмæ фыццаг поэтикон фæлварæнтæ.

Колыты Бесайы фырт Аксо райгуырди 1823 азы аргъуан хъахъæнджыты хæдзары.1-аг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы,стæй та Тибилисы духовой семинары. Семинар каст фæцис тынг хорз бæрæггæнæнтимæ,æмæ куыста бирæ азты сауджынæй.Аксойы царды хабæрттæ бæлвырдæй ничи зоны,фæлæ дзы цы зонæм ирон литературæйæ,уый у:

а)- ома,1862 азы ирон чызджытæн йæхи хæдзары байгом кодта скъола,æмæ сæ ахуыр кодта лæвар.

б)-Уырыссаг æвзагæй иронмæ тæлмац кодта дины чингуытæ.Фæндыдис æй цæмæй ирон адæм иууылдæр уыдаиккой иу диныл хæст(чырыстон диныл)къордтæ-дихтæ мА кæной.Æвæццæгæн æмæ Аксойы фæнд куы сæххæст уыдаид,уæд нæ бавзæрстаиккой Туркмæ Фæлидзыны трагеди:

Секъа афтæ зæгъы Аксойы тыххæй:

-Стыр зонды хицау уыди Аксо,фæлæ йыл нæ бантыст йæ фæллойы дыргътæ фенын,йæ хъуыддæгтæ æрдæгыл баззадысты.Чи зоны,Аксо йæ фæнд сæххæст кодтаид.Куындыхаты Муссæ йæ ныхмæ лæууын нæ бафæразтаид,фæлæ йæ æнафоны мæлæт æрцахста.

Амард 1866 азы.

Ныууагъта нын æрмæст æртæ уацмысы дины хабæрттыл фыст.

1.”Мах фыд”

2.”мады Майрæмы кады зарæг”

3.”Чырысти рухс райгасдзинад”

Сæ мидисмæ гæсгæ уацмыстæ сты,аргъуаны-иу адæм кæй кодтой,ахæм зарджытæ.

2. Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæ»

(иу æмдз. наизусть).

Цомахъ райгуырдис Ганисы хъæуы. Йæ фыд Секъа уыд зындгонд фыссæг. Секъа æвадат цард кодта Ганисы æмæ фæлыгъд цардагур Джæуджыхъæуы дины скъолайы, Стъаврополы семинары, Юрьевы унивирситеты (Эстонийы) историкон – филологон факультеты.

Цомахъ дæр ахуыр кодта Джызæлы райдайæн скъолайы, стæй Джæуджыхъæуы дины скъолайы, Стъаврополы семинары, Юрьевы университеты (Эстонийы) историкон – филологон факультеты.

Ам Цомахъ базонгæ сусæг къорды хайад чии ста уыдонимæ.

Уайтагъдæй базыдтой, æмæ йæ фæстæ пъалицæ зилын райдыдтой. 1905 азы йæ ахуыр ныууагъта æмæ ссыд Ирыстонмæ. Иудадзыг зылдысты йæ фæстæ æмæ йæ 1908 азы мартъийын æрцахстой.

1910 азы йæ арвыстой Сыбырмæ. Бирæ фæфыста Секъа паддзахмæ дæр, цæмæй сын сæ фырты ссæрибар кæной, фæлæ сæ бон нæ баци.

Æрмæст1917 азы февралы революцийы фæуæлахизы фæстæ суæгъд Цомахъ. Цомахъ ахæстоны дæр нæ уагъта йæ революцийон куыст, йæ фыссын куыст. Ахæстоны фыст æрцыдысты йæ æмдзæвгæтæ æмæ сын ахæм сæрдгон дæр уымæн ис.

« Ахæстоны фыстытæ» - сты 7 æмдзæвгæйы.

  1. «Хуры тын»

  2. «Бæлон»

  3. «Æрæхсæв»

  4. «Дæ чиныг»

  5. «Фын»

  6. «Ме фсымæртæ»

  7. «Хæлæг».

(сæ иу – наизусть)

3. Пейзаж - у французаг дзырд, амоны уацмысы ӕрдзон бынӕтты равдыст.

10 Билет.

1.Мамсыраты Темырболат - фыццаг ирон профессионалон поэт. «Сагъæстæ».

Нæ лит-йы историйы баззади, фыццаг ирон профессионалон поэтæй Мамсыраты Темырболат. 1865 азы Кавказы адæмтæй бирæтæ Туркмæ куы алыгъдысты, уæд Уæрæсейы æфсады афицер.

Мамсыраты Темырболат дæр уыди цух адæм фæндæгтыл æмæ æцæгæлон бæстæйы, цы хъизæмарттæ бавзарстой, уыдон поэт равдыста – йæ уацмысты.

Иуæй-иутæ дзы систы зарджытæ æмæ 1877-78 азы уырыссаг-туркаг хæстай чи’рбаздæхт, уыдон сæ семæ’рбахастой.

Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» - йы поэт æппæт адæмы номæй сагъæс кæны. Фыст у хъарæджы иронвæндаджы хуызы. Алы куплеты фæстæ дæр цæуы фæлхатгондæй, ома уый хуыйны рефрен.

Поэты сфæлдыстадимæ базонгæ сты Ирыстоны 1920 азты – уæд ын йæ къухфыстытæй иу хай Дзæуджыхъæумæ æрбаласта инæлар Куындыхаты Муссæйы фырт Бечырби, уæды Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.Муссæ та уыд Темырболатæн йæ мады æфсымæр.

Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» -æй скъуыддзаг наизусть зонын.

2.Фыдæлты æгъдæутты кълассон ахаст Туаты Дауыты драмæ «Сидзæргæс»- ы.

Ирыстоны æвæццæгæн нæ разындзæн ахæм адæймаг æмæ Дæуыты сфæлдыстад кæй зæрдæмæ нæ цæуы.

Дауытæн

3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.

11 билет.

1.Цæрукъаты Алыксандр. «Ныхас авдæны сывæллонимæ».

2.Коцойты Арсены радзырдты сæйраг тематикæ æмæ проблемæтæ.

3. Абарст -- фыссӕг уацмысы иу предмет иннӕйыл абары, йӕ миниуджытӕ хуыздӕр разынынӕн.

12 билет.

1.Хетæгкаты Къоста - ирон литературæйы бындурæвæрæг. (иу æмдз. наизусть).

2.Хъаныхъуаты Инал. Этнографион очерк «Ирон хъæуы». Традицитæ æмæ æгъдæутты æрфыст очеркы.

3.Басня - у фӕсномыг мидис кӕмӕн ис, ахӕм уацмыс.

13 билет.

1.Хетæгкаты Къоста «Додой». Æмдзæвгæйы темæ æмæ идейон мидис (иу æмдз. наизусть).

2. Брытъиаты Е. «Хазби». Адæмы сæрибар æмæ намыс хъахъхъæныны мотивтæ трагедийы.

3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.

14 билет.

1.Хостыхъоты Зинæ. Йæ поэзийыл афæлгæст.

2.Барахъты Гино. Поэмæ «Азджериты Куыцыкк». Патриотизмы мотивтæ уацмысы.

3. Поэмæ - у бердзенаг дзырд, лиро - эпикон хуызтӕй иу, стихӕй фыст сюжетон таурӕгъ, вӕййы дзы хъаруджын архайӕг.

15 билет.

1.Хетæгкаты Къоста. «Салдат», «Æнæ хай». Сæрибары тохы мотивтæ уацмысты.

2.Æгъуызарты Æхсарбег. «Куырды фырт». Амонды проблемæтæ романы.

3. Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.

16 билет.

1.Хетæгкаты Къостайы уацмысты бастдзинад адæмон сфæлдыстадимæ (баснятæ, «Уæлмæрдты»).

2.Плиты Грис. «Чермен». Социалон конфликт уацмысы. (скъуыддзаг наизусть).

3.Эпитет - у ӕдзухон бӕрӕггӕнӕн. (туг – ӕдзух дӕр вӕййы сырх).

17 билет.

1.Коцойты Арсен. Радзырд «Æмбæлттæ». Уацмысы мидис æмæ конфликт.

2.Хъуылаты С. Радзырд «Иудзонгон»-ы сюжет æмæ идейон мидис.

Архайд цæуы Хуссар Ирыстоны мидхасты рæстæг. Архайджытæ сты Мæхæмæт – ацæргæ лæг, большевик. Габе та – мæгуыр æвзонг лæппу. Ныхас кæнынц: Габе уарзы хъæздыг Хаджумары хо Саниаты. Габе кæддæр куыста Хадзумармæ æмæ йын 10 боны мызд нæ бафыста ныр æм мæсты у æмæ дзуры Мæхæмæтæн: «Большевиктæ куы фæзыниккой, уæд Хаджумары винтовкæ радавин æмæ дзы мæ маст райсин».

Иу хатт, дам, горæтмæ ацыдыстæм Хаджумар æмæ Сæниатимæ. Хаджумар горæты фæхыл кимæдæр æмæ йæ æрцахстой. Гæбе баззади Сæниатимæ æмæ раздæхтысты хæдзармæ. Ныр уыцы фæндаг мысы. Уæд ын иу бон Сæниат балæвар кодта зæнгæйттæ. Ам бæрæг у Сæниат дæр æй кæй уарзы. Хаджумар сæ куы базадта, уæд Сæниатыл дуæрттæ сæхгæдта.Æддæмæ йæ нал уагъта, цæмæй ма æмбæлой.

Райдыдта мидхæст. Габе дæр тохы быцыд меньшевиктимæ. Хæсты йæ цонг фесæфта. Иу бон ыл амбæлд Сæниат. Сæниатæй на фауы æнæ цонгæй дæр. Хъазæн ныхас дæр ма йын загъта:

- Куыдз къуылыхæй нæ мæлы.

Хæст фæсабар, фæлæ ма уæддæр кулактæ сæ маст истой. Сæниаты уарзон æфсымæр, Хъауырбег, дæр абырæг фæлыгъд хъæдмæ. Уырдыгæй хъыгдардтой адæмы. Иу ахæмы Габейыл амбæлд. Габейы нæ фæнды схæцын, фæлæ уæддæр уд адджын кæм нæу?

Нæй æндæр гæнæн Габейæн æмæ фехста, Хъауырбеджы амардта.

Дыккаг амбæлд та фæкодта Сæниат Габейыл къанторы раз, Хъауырбеджы зиан куы æрбацæйластой, уæд. Сæниат ахæм цæстæй ракаст Габемæ æмæ Габе бамбæрста йæ цонгæй куыд фæхицæн, афтæ фæхицæн йæ уарзон чызгæй дæр.

Афтæ фæхицæн сты дыууæ уарзоны рæстæджы аххосæй.

3. Цы у радзырд - у ахӕм прозӕйӕ фыст цыбыр аивадон уацмыс, ӕвдыст дзы ӕрцӕуы адӕймаджы цардӕй исты цау.