Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
ОТВЕТЫ БИЛЕТОВ.docx
Скачиваний:
38
Добавлен:
08.09.2019
Размер:
125.09 Кб
Скачать

24 Билет.

1.Мамсыраты Дæбейы сфæлдыстады характеристикæ. Йæ радзырды идейон мидис.

Дæбе райгуырд 1907 азы Цæгат Иры, Дæргъæвсы. Хъæууон скъола каст куы фæци, уæд бацыд Ц. И. пед.техникуммæ. Техникумы фæрцы Дабе ссардта йæ царды сæйраг фæндаг, ома фыссын райдыдта лит- он уацмыстæ. Мыхуыры йын цæуын райдыдтой 1927 азы.

Куыста Джызæлы скъолайы ахуыргæнæгæй, Заманхъулы скъолайы директорæй. Дабейæн лæвæрд æрцыд Ленины орден, Фæллойады Сырх Тырысайы орден, майдантæ йæ лит - он æмæ æхсæнадон куыстыты тыххæй. Дабе нымад у Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.

Дабейы сфæлдыстадæй мах ахуыр кодтам: 5 къласы - « Хъœндил». Ацы радзырды æвдыст æрцыд магуса цард кæй нæ ары царды.

6 къласы радзырд - «Ӕрдхорд». Де’мгар, де ‘мбал куы рæдийы, уæд ын рæстæгыл баххуыс кæн, йе’ взæрдзинадын æмбæхсгæ ма кæн, фæлæ йын йæ ных бакъуыр, цæмæй царды раст фæндаг ссара.

2. Гаглойты Владимиры драмæ «Ныййарæджы кадæг».

“Газданты 7 зынгхуыст салдаты мад Тасойы рухс ном дзы арын”.

(Гаглойты Владимир).

Трагедийы архайд авдыст цауы 1941-48 азты. Сценӕйы фӕзынд мад,стӕй авд ӕфсымӕры ӕндӕрджытӕ иумӕ ӕмӕ ныхас кӕнынц сӕ мадимӕ.Мад сыл уайдзаф каны.********Ӕфсымӕртыл ӕвӕрд ӕрцыд Нӕртон нӕмттӕ(Сӕхӕдӕг афтӕ зӕгъынц).

Хистӕр – Уырызмӕг,Хистӕры кӕстӕр-Хӕмыц,Ӕхсар ӕмӕ Ӕхсӕртӕг- фаззӕттӕ кӕй уыдысты,Батрадз тыхджын кӕй уыд, Сослан йӕхиуыл ӕфхӕрд нӕ уагъта, Ацӕ-та-чысылӕй кӕуаг уыд,йӕ хъӕлӕс ,дам, зарынмӕ хорз уыдзӕн.Сты бинонджын.Ацӕйӕн йӕ чындзӕхсӕвы боны фӕдис фӕцыд,хӕст,зӕгъгӕ райдыдта…

Хӕстмӕ ацыдысты 5-ӕй,Уырызмӕг ӕмӕ Ацӕ баззадысты фӕстагмӕ. Ам ӕвдыст цӕуы бинонтӕ кӕрӕдзиуыл иузӕрдион куыд сты.Чындзыты кӕрӕдзимӕ ахаст. Госӕма куыд бирӕ уарзы йӕ чындзыты.Кӕрӕдзийӕ куыд ӕфсӕрмы кӕнынц. Хӕ‍ст цӕуы.Фӕмард Ӕхсар.Фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кӕнынц кӕрӕдзийӕн.Кӕрӕдзийы зӕрдӕтӕ куы фӕриссой,уымӕй тӕрсынц.Фӕмард Хӕмыц дӕр.Ацӕ уый куы фехъуыста,уӕд Фӕрдыгӕн хӕрзбон загъта ӕмӕ хӕстмӕ фӕраст.Хӕстмӕ цӕугӕйӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ ӕвӕрынц.**********************************

Уый хыгъд сӕм фӕзынд Сослан.Госпиталы фӕстӕ йӕ 2 къуыри рауагътой сӕхимӕ.Госӕма йыл тынг фӕцин кодта,фӕлӕ куы базыдта Ацӕ дӕр хӕстмӕ ацыд,уӕд тынг фӕгъыг кодта.

Хӕ‍ст цӕуы.Фӕмард Ӕхсар.Фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кӕнынц кӕрӕдзийӕн.

«Хӕст-хӕст у,тӕригъӕд нӕ зоны»Сылгоймӕгтӕ дӕр цыдысты хос кӕрдынмӕ.

Иу ӕхсӕв Госӕма хъуыдыты куыд аныгъуылди,афтӕ дуар чидӕр хойы.

-Чи дӕ?

-Ӕз гыцци.

Дуар бакодта ӕмӕ Ацӕмӕз.Уый ралыгъд хӕстӕй (стр 182) бамбӕхст 1 мӕй ӕмӕ ӕрдӕг кӕмдӕр лӕгӕты,стӕй ӕрцыд гыццимӕ.Фӕлӕ Госӕма ууыл разы нӕу ӕмӕ йын зӕгъы:

-Фӕстӕмӕ!!!Кӕцӕй ралыгъдтӕ,уырдӕм!Дӕхи хохы скъуыды ӕмбӕхсынмӕ хъавыс,фӕлӕ дын дӕ фыдраконд нӕ ныббардзӕнис зӕхх.Фӕрсджытӕ фӕхаудзӕни къӕдзӕх,ӕмӕ дӕ дӕ худинагимӕ нынныгӕндзӕни йӕ быны.Цӕугӕ мӕ хӕдзарӕй!Цалынмӕ дӕ худинаг дӕ цӕсгомӕй ныхсай,-нӕ дын ис а зӕххыл бынат.Нӕ дӕ райсдзӕн де взонг ус Фӕрдыг дӕр!Ацӕмӕз йӕ зонгуытыл ӕрхауд,фӕлӕ Госӕма дзуры:

-Быр,быр дӕ зонгуытыл, кӕд ӕй дӕ сӕрмӕ хӕссыс,уӕд.Ӕмӕ дӕ кӕд афтӕ цӕрын нӕ фӕнды,уӕд та сыст уӕлӕмӕ ӕмӕ цӕугӕ!

-Ныххатыр мын кӕн гыцци.Фӕрӕдыдис дӕ фырт.Тӕппуд нӕ дӕн.Фӕтарстӕн.Зыдтон ӕй ахст мын цӕттӕ кӕй у,ӕмӕ лӕгӕты мӕ хъиутӕ хордтон.Ӕмӕ ма рбакӕс!(йӕ сӕр миты къӕрттау-урс).Госӕма йӕхимӕ февнӕлдта:

“Куы мын базӕронд дӕ”.

-Ма мӕм ӕрбацу хӕстӕг.Ӕз дӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ ӕрбацыдтӕн.Фӕтыхстӕн,фӕтарстӕн ӕмӕ ралыгътӕн.Ӕрӕджиау ма йӕ бамбӕрстон мӕ рӕдыд.Ӕрцыдтӕн дӕм хатыр курынмӕ нӕ,фӕлӕ фӕтыхст дӕ фырт,ӕмӕ йын баххуыс кӕн йӕ тыхсты.Ахст мын цӕттӕ у,фӕлӕ де лгъыст карздӕр у мӕлӕтӕй.

Ацӕ ацыд,Фӕрдыджы дӕр нӕ федта,ӕфсӕрм дзы кодта.

Адӕмӕн сӕ зымӕгон хос зӕй фӕласта. Госӕма йӕ цыппар чындзимӕ,стӕй ма ноджы дӕр цалдӕр сылгоймаджы сӕ фос аскъӕрдтой,цӕмӕй сӕ уалдзӕгмӕ аирвӕзын кӕной.

Фӕци хӕст дӕр.Фӕлӕ Госӕмайы фырттӕй иу дӕр нал сыздӕхт.Батрадзы ус Ларисӕ дӕр хъӕдын къахимӕ ссыд,фӕлӕ уый раздӕр ссыдис.Адӕм хӕстӕй здӕхынц.Хъызларӕй дӕр ӕрцыдысты,сӕ фос сӕ разӕй.Адӕм архайынц хъӕлдзӕг дарой сӕхи ,фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕ нӕ комынц.Рахӕссын кодтой фӕндыр.Госӕмайы размӕ дуду бауад йӕхи хойгӕ:

-Ӕз ӕмӕ ды кӕуинаг куы фестӕм!Ӕз мӕ иунӕджы мард куы нӕ уромын,уӕд ды 7 зынгхуыст мард куыд бауромдзынӕ.(Дудуйы фырт Дади дӕр амард нозтӕй).Госӕма сагъдӕй алӕууыд,стӕй фӕцуды.Сонт худт ныккодта.Уый та чи загъта?Мӕ 7 хъӕбулӕй иу дӕр нал ӕрыздӕхт?Уый кӕй ӕвзаг бахус?Чындзыты цӕстысыг куы федта,уӕд йӕхи фӕтыхджындӕр кодта ӕмӕ загъта:Ныхъхъус ут, чындзытӕ!Цӕсты сыг уӕ иуӕн дӕр куы нӕ фенон йӕ рустыл!Нӕ бӕлццӕтты мах заргӕ арвыстам балцы.Цӕссыг сыл чи ӕрыппара,уый уыдзӕн се знаг.Ныззарут ма сын сӕ тохы зарӕг!Ныззарут!Ныззарут тохы зарӕг!Никӕй зӕрдӕ бакуымдта.Зарӕг систа фронтӕй чи сыздӕхт,ахӕм салдат.Адӕм ахӕлиу сты.Госӕмайӕн ма Дуду ныфсытӕ ӕвӕры,фӕлӕ йӕм ницы хъары.Ӕрвиты Дудийы дӕр.

Госӕма сагъӕс кӕны,сиды адӕммӕ:

-Афтӕ мачи зӕгъӕд ӕнӕхицау,ӕдзӕрӕг у Хӕрдзойты Афӕхъойы хӕдзар.Ӕрбадзурут–иу мӕ фыртты номӕй.Курын уӕ, сӕр куы бахъӕуа,уӕд-иу- фӕдис хъӕргӕнӕг куы фӕзына,ныхъхъӕр-иу-кӕнӕд мӕ фырттӕм дӕр сӕ номӕй.

Уӕдмӕ йӕм йӕ чындзытӕ ӕрбацыдысты сауты ӕмӕ сӕм дзуры:

-Стыр фыд ныл ӕрцыд,уӕ сӕрыл хӕст*******,ӕмӕ сауты бӕсты-урсытӕ скӕнут!Чындзытӕ кӕрӕдзийӕн цӕмӕй”7 хойы стъалыйау”иумӕ цӕрой Госӕмаимӕ.

Иу бон сӕм Госӕма 4 боны ******** кӕй ӕмбӕхста,уыцы гӕххӕтт радта ӕмӕ йӕ Фӕрдыг кӕсы.Уый арфӕ кӕны Советон Цӕдисы Хицауад,йӕ фырттӕ 7-хъӕбатырӕй кӕй фӕмард сты,ныр та йын йӕ фырты Аланы кӕй агурынц.чындзытӕ кӕуынц. Госӕма сӕм дзуры:”Чындзытӕ,ныр нӕ бон базыдтам нӕ цӕргӕстӕй,цӕрын хъӕуы дарддӕр.Хъӕбатыртӕ нӕ мӕлынц.Фӕрдыг,чындзӕхсӕвмӕ куы цыдтӕн,рӕвдздӕр ут,аивут уӕ саутӕ,цӕут чындзӕхсӕвмӕ.”Чындзытӕ нӕ куымдтой,фӕлӕ сӕ арвыста тыххӕй.

Ныффыста горӕтмӕ Ларисӕ ӕмӕ Дзӕнӕтхаимӕ дӕр.Ӕрбамбырд кодта йӕ чындзыты ӕмӕ сын иу ӕхсӕв дзуры,цӕмӕй сӕ амӕндтӕ ссарой.

Чындзытӕ йын уайдзӕф дӕр бакодтой.

-Мах дӕ нӕ мады хуызӕн куы уарзӕм,уӕд нӕ куыд тынг бафӕлладдӕ.

-Зонын ӕй,ӕз уӕ мад дӕн,ӕмӕ ӕз тыхсын уӕ абонӕй уӕ сомыл.Госӕма ӕрбамбырд кодта йӕ чындзыты ӕмӕ сӕ ӕрвиты сӕ цӕгатмӕ.

Хӕдзар баззад афтидӕй.Госӕма тынг ӕнкъард кӕны.Иу ӕхсӕв ӕм дуар ӕрбахостӕуыд.Дуар бакодта ӕмӕ ӕд чемодан лӕууы Суворовы ахуыргӕнӕндоны дарӕсы йӕ фырты фырт Алан.

Госӕма дзуры :”Нӕ фӕцудыдта мӕ хӕдзарӕн йӕ бындур.”

3.Сурæт - у цӕсгомы ныв, уый ӕвдисы адӕймагӕн йӕ уынд ӕмӕ йӕ конд. Уый фӕрцы нӕ цӕстытыл ауайы хъайтары ӕддаг бакаст, йӕ хуыз.