Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
ОТВЕТЫ БИЛЕТОВ.docx
Скачиваний:
38
Добавлен:
08.09.2019
Размер:
125.09 Кб
Скачать

1.Ирон адӕмы дзургӕ сфӕлдыстад куыд литературӕйы фӕзынды аивадон бындур. «Нарты кадджытӕ».Сӕйраг циклтӕ ӕмӕ хъайтартӕ. Кадджыты историон бындур.

Раджы заманы нӕ уыдис фыссынад ,нӕ уыдис чиныг.Уымӕ гӕсгӕ адӕм сӕ хъуыдытӕ,се нкъарӕнтӕ ,сӕ бӕллицтӕ ӕвдыстой дзыхы ныхасӕй, аргъӕутты , таурӕгъты, кадджыты, уыци- уыциты, ӕмбисӕндты фӕрцы. Ацы хуызтӕ сты адӕмон сфӕлдыстад, кӕнӕ та фольклор.

Адӕмон сфӕлдыстадӕн ис цалдӕр хуызы: аргъӕуттӕ, кадджытӕ, зарджытӕ, ӕмбисӕндтӕ, таурӕгътӕ, уыци-уыцитӕ.

Ацы хуызтӕй зынгӕдӕрыл нымад сты кадджытӕ,уӕлдайдӕр та Нарты кадджытӕ. Нарты кадджытӕ дих кӕнынц 5 циклыл:

1.«Уӕрхӕг ӕмӕ йӕ фырттӕ».

2.«Уырызмӕг ӕмӕ Сатана».

3. «Хӕмыц ӕмӕ Батрадз».

4. «Сослан».

5. «Сырдон».

Нарты кадджыты сӕйраг хъайтартӕ сты :

УЫРЫЗМÆГ—Нарты зондамонӕг, сӕ кадджын хистӕр, фӕразон.

ХÆМЫЦ—Нарты хистӕртӕй, Уырызмӕджы кӕстӕр ӕфсымӕр.

СОСЛАН—хъӕбатыр, ныфсхаст, ӕндонӕй сӕрст, ӕрхъуыдыджын.

БАТЫРАДЗ—Нарты хъӕбатыртӕй иу, АИПП кӕмӕ нӕй ,ахӕм болат гуырд , тох

кодта уӕйгуыты, зӕдты, хуыцӕутты ныхмӕ.

СЫРДОН—Нартӕн фыдбылызтӕ аразӕг, цыргъӕвзаг, цыргъзонд адӕймаг.

САТАНА—Нарты ирвӕзынгӕнӕг стонг заманы, зондджын, кӕрдзын дӕттон. Йӕ

къӕбиц уыд уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ, абон дӕр ма ӕмбисондӕн баззад

«Сатанайау бӕркадкъух»,зӕгъгӕ.

Нарты кадджыты ӕвдыст ӕрцыд нӕ раг фыдӕлтӕн сӕ тых, сӕ зонд, сӕ хъару, сӕ цард ӕмӕ сӕ культурӕ.

Нартӕмӕ уыдис ӕртӕ мыггаджы:

1.БОРӔТӔ -уыдысты фӕрныг, мулкӕй хъӕздыг.

2.ӔХСӔРТӔГКАТӔ-хъӕбатыр мыггаг.

3. АЛӔГАТӔ- лӕгӕй хорз.

Нарт дих кодтой ӕртӕ хайыл:

  1. Уӕллаг Нарт.

  2. Астӕуккаг Нарт.

  3. Дӕллаг Нарт.

2.Гӕдиаты Цомахъ. «ОС-Бӕгъатыр». Трагедийы историон бындур, йӕ конфликт.

Гӕдиаты Цомахъ райгуырд 1882 азы,14 январы, Ганисы хъӕуы, Хъуды комы. Йӕ фыд Секъа цардагур ралыгъд ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕрцард Джызӕлы.Секъа йӕ сывӕллӕттӕй Цомахъӕй фылдӕр никӕй уарзта. Цомахъ нымад у нӕ лит-йы куыд поэт,прозаик,куыд революционер. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕрцахстой 1908-азы. Дыууӕ азы фӕбадт ахӕстоны, стӕй хаст ӕрцыд Сыбырмӕ.Сыбырӕй сыздӕхт 1917 азы, йе нӕниздзинад фесӕфта , афтӕмӕй. Амард 1931 азы , 24 октябры.

Йӕ цардмӕ гӕсгӕ дих кӕны йе сфӕлдыстад дӕр —3 хайыл:

  1. ----1905 азмӕ.

  2. 1909—1917 азмӕ.

  3. 1917—1931 азмӕ.

Йе сфӕлдыстады зынгӕ бынат ахсы трагеди «Ос-Бӕгъатыр».

Мыхуыры рацыд 1929 азы.

Архайд цӕуы Иры хӕхты ӕмӕ Гуырдзыстоны. Ирыстоны, Цӕгаты адӕмы ӕлхъивынц манголтӕ, кӕсӕг, Хуссары та ӕвирхъау митӕ кӕнынц гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ. Иннӕрдыгӕй сӕм лӕбурынц цӕцӕн, тӕрынц сын сӕ фос, кӕнынц сӕ цагъарӕн.

Афтӕмӕй хӕлдис ирон фарн. Уымӕн ӕмӕ Ирон адӕмӕн нал уыд паддзах, стӕй сӕм нӕ уыд ӕфсад, политикӕ.ӕмӕ ӕдасдзинады стратеги(закон).

Габе (ОС-Бӕгъатыр)ӕххуысмӕ растад мӕгуыр адӕмӕн. Сӕрибар кӕны ӕппӕт мӕгуыр адӕмы Ир ӕмӕ Гуырдзыйы хъӕуты ӕлдӕрттӕй.

Ис ын ӕххуысгӕнджытӕ Ирӕй дӕр ӕмӕ Гуырдзыйӕ дӕр. Габе та у сӕ раздзог. Ӕлдӕрттӕ кӕд ӕмӕ Гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ уыдысты , уӕддӕр Габе фӕдзӕхсы йӕ адӕмы, цӕмӕй ӕнӕаххос гуырдзыйӕ мачи ӕрцӕуа ӕфхӕрд.

Пырх ӕрцыд ӕлдары фидар(крепость). Мард фӕцис ӕлдар. Суӕгъд кодтой ныккӕндӕй ахст адӕмы. Ӕлдары чызг куры, цӕмӕй йын баныгӕной йӕ фыды. Габе сӕххӕст кодта чызджы курдиат. Ӕлдар йӕхӕдӕг фыдлӕг уыд. Ирон сылгоймӕгтӕн йӕ къӕбылаты хӕссын кодта. Уахтанджы мад ӕмӕ фыды сифтыхта ӕмӕ сыл дур ласта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фырт мард ӕрцыд Уахтанджы къухӕй.

Кетеван бауарзта Габейы. Акодтой йӕ семӕ Габейы мадмӕ.Кетеван ӕмӕ Гыццийы тынг фӕндыд ӕмӕ Габе куы бафидыдтаид ӕлдӕрттимӕ.

Ӕлдӕрттӕ йӕм барвыстой , цӕмӕй бафидауой. Габе сыл баууӕндыдис ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕцис. Уый Кетеван куы фехъуыста , уӕд уый дӕр йӕхи доны ныппӕрста.

3.Метафорӕ - у грекаг дзырд, амоны дзырдӕн йӕ фӕсномыг, ахӕсгӕ нысаниуӕг.

Билет №3.

1.Плиты Грис. Фыдыбæстæйы хæсты темæ Грисы сфæлдыстады. Поэмæ «Авд цухъхъа»-йæ(скъуыддзаг наизусть).

Плиты Грис райгуырд Хуссар Ирыстоны ,Ручы хъæуы 1913 азы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ. 1920-азы йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Хуссар Ирæй Цæгат Ирмæ æмæ æрцардысты Ногиры. Скъолайы фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ир. Педтехникумы, Мæскуыйы аивадон скъолайы артистты хайады. 1935 азы байгом ирон театр æмæ уым куыста актёрæй. Фыссын райдыдта1929 азты. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы йæ поэмæ«Авд цухъхъайы». Гæздæнты 7 æфсымæр сæ удтæ нывондæн æрхастой Райгуырæн бæсты сæрвæлтау.Сæ мады сагъæс æмæ хъыг æвдыст æрцыд ирдæй поэмæйы. Поэт радзырдта 7 хъæбулы сæфты хабæрттæ хъарæджы хуызы. Ирдæй æвдыст æрцыд куыд хæстонты хъæбатырдзинад , афтæ мады хъæбатырдзинаддæр. Уый у фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг æмæ фидар адæмаг. (скъуыддзаг наизусть).