Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
ОТВЕТЫ БИЛЕТОВ.docx
Скачиваний:
35
Добавлен:
08.09.2019
Размер:
125.09 Кб
Скачать

Билетты фӕрстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ ирон лит-йӕ 11-къласӕн.

Билет №1.

1.Ирон литературӕйы равӕрд.

18-ӕнусы ӕмбисы райдыдта ирон адӕмы ног истори.

Дыууӕ ӕнусы манголтимӕ тугуарӕн хӕстӕн кӕрон ӕрцыд.

Ӕппӕт Кавказы адӕмты раз фӕзындис фарст: цы фӕуой, кӕдӕм цӕуой сӕ дарддӕры цардвӕндагыл?

Сӕ разы уыд дыууӕ фӕндаджы: кӕнӕ пысылмон Турк кӕнӕ Уӕрӕсе.

1865 азы ирон дзыллӕйӕ иу хай равзӕрстой Турк ӕмӕ фӕлыгъдысты уырдæм, иннӕтӕ баззадысты Уӕрӕсейы.

Сабыргай нӕ адӕмы ӕхсӕн национ хиӕмбарынад рӕзын райдыдта.

Ирыстоны чырыстон дин сног кӕнынӕн арӕзт ӕрцыд къамис (1743 азы).

Къамис 18 -ӕнусы дӕргъы архайдта, цӕмӕй ирон сабитӕн арӕзт ӕрцӕуа дины скъола ӕмӕ дины чиныг.Уымӕ гӕсгӕ 1-аг скъола арӕзт ӕрцыд 1753 азы —Мӕздӕджы. 18-ӕнусы кӕрон фыццаг ирон чиныгӕн дӕр бантыст йӕ рауадзын 1798 азы Мӕскуыйы ахӕм номимӕ «Начальное учение человеком, хотящим учитися книг божественного писания». Ацы чиныджы размӕ ма уыд ирон ӕвзагыл Хуыцаумӕ кувӕн чингуытӕ, фӕлӕ сӕ къухы ницы баззад. Уымӕ гӕсгӕ ацы чиныг нымад ӕрцыд фыццаг ирон чиныгыл.

Литературӕйы фӕзынды ӕнӕмӕнг культурон уавӕрыл нымайӕм: сӕйрагдӕр—скъола ӕмӕ чиныг.

19-ӕнусы фыццаг ӕрдӕджы Ирыстоны (Цӕгаты дӕр ӕмӕ Хуссары дӕр) иугай скъолатӕ уыд, ирон сабитӕ кӕм ахуыр кодтой, ахӕмтӕ. Хъӕздыг адӕм сӕ сабитӕ ӕрвыстой Уӕрӕсейы скъолатӕм, уӕлдайдӕр та —ӕфсӕддон скъолатӕм. Афтӕмӕй рӕзыд ӕмӕ бӕрзонддӕр кодта иумӕййаг ахуырдзинад, кӕсын-фыссын чи зыдта, уыдоны нымӕц. Фӕзынд нӕм ахуыр лӕгтӕ, адӕмы хсӕн рухс тауӕн куыст чи кодта, ахӕмтӕ (Колыты Аксо, Ӕгъуызаты Иуане).

2. Брытъиаты Елбыздыхъо. Трагеди «Амыран» - ы сюжет ӕмӕ идейон мидис. Брытъиаты Е. уыд ӕхсӕнадон кусӕг ӕмӕ курдиатджын фыссӕг. Райгуырд 1881 азы 23 мартъийы Куырттаты комы, Дӕллагхъӕуы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты зӕхкусджытӕ. Елбыздыхъо нымад у ирон литературӕйы куыд –ирон театр ӕмӕ драматургийы бындурӕвӕрӕг. Йӕ тыхтӕ сарӕзта ирон театр саразынмӕ. Йӕ драмӕты бындурыл фӕзынд ирон театр. 1905 азы революцийы тохы бацыд , ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ахастой Назраны фидармӕ.Фӕлӕ уым дӕр нӕ ныуагъта йӕ фыссыны куыст. Фӕтӕгены рухсмӕ ныффысста йӕ диссаджы драмӕ «Дыууӕ хойы».

Елбыздыхъойӕн йӕ фӕстаг егъау драмӕ уыд «Амыран». Драмӕйыл хъуыды кӕнын раджы райдыдта , фӕлӕ йӕ фыста 12 азы. Райдыдта йӕ фыссын 1909 азы ӕмӕ йӕ фӕцис 1921 азы. Елбыздыхъо йæ драмæйы равдыста революцийы уылæнтæ. 1905 -07 азты кæй нæ фæуæлахиз революци ,уый тыххæй тынг хъыг кодта. Уымæ гæсгæ Советон хицауад куы ӕрфидар , уӕд ӕй фӕцис фыст,уымæн æмæ Елбыздыхъо йӕ разы цы хӕстӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕн дзуапп ссардта Октябры революци куы фӕуӕлахиз, уӕд . Уымæн 12 азы цы нӕ бантыст , уый йын бантыст цалдӕр мӕймӕ. Драмӕйы сӕйраг архайӕг, фыййау Беса бахауд бӕрзонд хохы цъасмӕ. Уым банызта суадонӕй, кӕцы арӕзт уыд Амыраны туг ӕмӕ цӕссыгӕй. Уæд бамбæрста Амыраны сагъæс, уæд ракаст йæ цæстытæй. Бамбæрста Амыран кæй у адæмы хæрзгæнæг.Бамбæрста адæмæн уæларвæй зынг чи æрхаста, уый лæгæты баст кæй у æмæ йын уари кæй хæры йæ игæр æмæ йын æххуыс кæй хъæуы. Æххуыс та йын уый бакæндзæн æмæ йын йæ суадонæй чи фæхъæстæ уа.Суадонæй фæхъæстæ Бесæ.Тох кæны йе суæгъд кæныныл. Уый тыххæй хъуыд рæхыс. Рæхыс саразынæн та—куырдадз. Куырдадз саразынæн та—рæстæг.( Ома ацы рæстæг - 1905-æй --1917-мæ рацыд 12азы -революцийы рæстæг).

Бесæ райдыдта кусын , нæй йын æххуысгæнæг. Адæм ыл не ууæндынц, схæрам æм сты йæ бинонтæ дæр. (Фыссæг та афтæмæй æмбарын кодта революцийы хабар адæмæн). Бесæ уæддæр сарæзта рæхыс æмæ йæ схаста лæгæтмæ. Адæм æй фæстæмæ фæкæсын кодтой æмæ уымæй уыд Бесæйы мæлæт. Арв æй арцавта æмæ фæмард, лæгæты дуæрттæ ахгæдта.(Ам дæр та фыссæг зæгъы ома иунæг адæймагæн йæ тых фаг нæу сæрибар ссарынæн).

3. Трагеди-- у ахӕм уацмыс цы ран сӕйраг архайӕг ӕрцӕуы мард.

Билет №2.