Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
ОТВЕТЫ БИЛЕТОВ.docx
Скачиваний:
38
Добавлен:
08.09.2019
Размер:
125.09 Кб
Скачать

1.Æгъуызаты Иуане- фыццаг ирон рухстауæг.

Æгъуызаты Иуане Гиуæргийы фырт , йе цæг мыггаг –Гæбæратæй, цæмæй уæздан мыггагыл нымад æрцыдаид , уый тыххæй йæхи ныффыста рагон ирон паддзахы мыггаг Æгъуызатыл. Райгуырд Хуссар Ирыстоны Залдайы хъæуы . Ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодта , уымæ гæсгæ, чысылæй ахауд Гуырдзыстонмæ, Калакмæ, æмæ паддзах Илакрийы æххуысæй ахуырмæ бацыд дингæнæг Карумидземæ. Ахуыр æй кодта гуырдзийаг æвзагыл. Ахуыры фæстæ нысангонд æрцыд ахуыргæнæгæй Душетмæ. Акуыста дзы 3-азы , стæй кусын райдыдта тæлмацгæнæгæй, Уырыссы паддзахæн гуырдзыстоны цы хицæуттæ уыд, уыдонимæ.

Хицæутты хъуыдис , цæмæй сæ адæм бамбарой , æмæ уый тыххæй та хъуыдис семæ сæ мадæлон æвзагыл ныхас кæнын. Иуане та хорз зыдта 3- æвзаджы æмæ зæрдиагæй куыста семæ. Æмбарын кодта ирон адæмæн , цæмæй уырысы адæмы ныхмæ ма стох кæной, уыдон сæ бахъахъхъæндзысты гуырдзийаг æлдæртты æфхæрдæй,уæлдайдæр та Мацабел æмæ Ерыстау æлдарæй.Куыста Калачы дины семинары дæр , амыдта семинары ирон сабитæн ирон æмæ гуырдзийаг æвзаг.

Фæстагмæ рынчынтæ кæнын райдыдта. Йæ тыхтæ ма радта ирон æвзагыл дины чингуытæ тæлмац кæнынмæ, сарæзта райдайæн скъолатæн абеты чиныг «Дамгъуат», стæй ма саразын кодта Хуссар Иры Чеселтгомы иу скъола. Æппæт ацы хабæрттæ дзурæг сты Иуане рухстауæг кæй уыд.

Иуане амард 1830 азы, 5августы халерæй.

Иуане ма махæн ныууагъта хъайтарон кадæг гуырдзийаг æвзагыл фыстæй «Алгузиати»,зæгъгæ , кæцы ран бæрзонд бынаты æвæры ирон лæджы кад. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Бестауты Геуæрги, «Алгъуызы кадæг» , зæгъгæ.

2. Булкъаты Михал. Роман «Теркæй - Туркмæ»-йы конфликт æмæ ныхмæвæрд фæлгонцтæ.

Хъомысджын, хъæбатыр хæстон адæм уыдысты нæ рагфыдæлтæ. Фæлæ амондджын нæ рауад нæ хъысмæт историйы. Фыццаг гунты ныхмæ тохы æрдæг фесты нæ кадылмард фыдæлтæ, уый фæстæ та сæ тæтæры

æрбабырст ныппырх кодта Кавказы хæхты цъассыты. Цы армыдзаг адæм ма баззад ирæттæй, уыдоны иу къорд та Турчы æдзæрæг быдырты баззадысты.

Уырыссаг-туркаг хæст куы банцад, уæд ирон хæстонтæ дæр сыздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ, адæм сын цины куывдтæ фæкодтой, скодтой сыл кады зарджытæ. Паддзах сын радта хохæй быдырмæ ралидзыны бар. Кодтой амондджын царды уынаффæтæ. Фæлæ уæдмæ стыхджын уырысы паддзахы колониалон политикæ дæр. 1840-м азы рацыд паддзахы бардзырд, цæмæй быдыры зæххытæ уæгъдгонд æрцæуой. Бæргæ ма архайдтой ирон адæм сæ зæххытæ бахъахъхъæныныл, фæлæ та уæдмæ рацыд ног бардзырд: «Зæххытæ асыгъдæг кæнын ирæттæй 1849 азы уалдзæгмæ, æмæ дзы æрцæрæд Владикавказы фыццаг хъазахъхъаг полк». Афтæ 1851 азмæ быдыры хъæуты (цалдæры) иунæг ирон хæдзар дæр нал аззад; чи фæстæмæ хохмæ алыгъд, чи Кæсæгмæ, се'ннæ хай та сæ сæр бафснайынæн равзæрстой пысылмон Турк.

19-м æнусы райдианы райдыдта Кавказы адæмты хæст Уæрæсейы паддзахы ныхмæ. Йæ сæргъы æрлæууыд дагъистайнаг имам Шамиль. Хæст уыд дæргъвæтин, йæ фæстæ ирæтты иу хай райста пысылмон дин. Уыдон тарстысты, сæ дин сын чырыстон динимæ куы сæмхæццæ кæной, уымæй æмæ сагъæсы бацыдысты. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы идейæтæ парахат кодта паддзахы администраци. Уый йæ колониалон политикæ хъахъхъæнгæйæ, стæй хæххон адæмты ныссабыр кæныны тыххæй сразæнгард кодта Кавказаг адæмты егъау хай Туркмæ алидзыныл. Уыдонимæ ирон адæмы иу хай дæр. Уыцы хъуыддаг хæсгонд æрцыд паддзахы æфсады инæлар Куындыхаты Муссæйæн. Кæсæм уæды рæстæджы сусæг писмо: «Уыцы хъуыддаджы бæрны уый йæхæдæг (Куындыхаты Муссæ) цæуы æмæ сусæг мадзæлттæй спайда кæныны фæстæ сæрды мæйты 3 мин хæдзарæй къаддæр кæй нæ акæндзæн, ууыл гуырысхо нæ кæны...». Афтæмæй ирон адæмы иу хай Туркмæ хуыздæр цардæнхъæл аивылд. Уый уыд ирон адæмы трагеди.Уый æмбаргæйæ бирæтæ архайдтой сæ бауромыныл, зæгъæм, зындгонд рухстауæг Колыты Аксо, фæлæ сын дзы ницы рауад.

Семæ уыд фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболат дæр, цыдис ыл 22 азы, фыццаг ирон публицист Хъаныхъуаты Инал.

Нырыккон фысджытæ Богазты Умар æмæ Булкъаты Михал зæрдæрисгæйæ æвдисынц уыцы цаутæ, стæй Мамсыраты Темырболат, 1922 азы Муссæйы фырт Дзæуджыхъæумæ æрхаста Темырболаты уацмыстæй 10 æмдзæвгæйы къопитæ æмæ ма загъта, уый размæ адæмон зарæджы хуызы кæй зыдтой иры дзыллæ, уыцы «Сагъæстæ» дæр Темырболаты фыст кæй сты.

(Чи сты уацмысы сæйраг архайджытæ?

  • Муссæ æмæ Темырболат.

  • Чи уыд Муссæ? Чи уыд Темырболат?

  • (Муссæ - паддзахы æфсады инæлар, Темырболат- фыццаг ирон профессионалон поэт, Муссæйы хæрæфырт).

Куындыхаты Муссæ æмæ Мамсыраты Темырболат сты ныхмæвæрд фæлгонцтæ. Ирон лигъдæттæ фыдæнхъæл фесты, цы дзæнæты бæстæйæ сын ныфс æвæрдта Муссæ, стæй моллотæ дæр, уымæй. Бæргæ ма чидæртæ афæнд кодтой фæстæмæ раздæхын, фæлæ уый æнцон хъуыддаг нæ уыд. Уæды заманы архивон гæххæтты фыст уыд: «1872 азы 850 «черкесаг» бинонтæ, фæстæмæ нын нæ райгуырæн бæстæмæ ацæуыны бар раттут, зæгъгæ, ахæм курдиат балæвæрдтой Уæрæсейы минæвæр Константинополы инæлар Игнатьевмæ. Сæ тыхст уавæры тыххæй уыдон фыстой: «Ныр аст азы дæргъы кæнæм æххуырсты куыст. Цы тыллæг æрзайын кæнæм, уымæн йæ растæмбис айсынц зæххыты хицæуттæ. Исынц нын нæ фос, адæймаг цæмæйдæриддæр цæры, уый, суанг ма нæ сывæллæтты дæр, æмæ сæ цагъайрæгтæй уæй кæнынц...Нæ уæрджытыл лæугæйæ дын лæгъстæ кæнæм æмæ йæ бæрзонддзинад императорæй ракур, цæмæй нын бар ратта нæ райгуырæн бæстæмæ аздæхынæн. Хуыцауы номæй дæ курæм, адзалæй, хъизæмары цардæй нæ фервæзын кæн». Уыцы курдиатмæ 1873 азы райдианы император Александр III куы 'ркасти, уæд ыл цæхгæрмæ бафыста: «Се 'рбаздæхыныл дзургæ дæр мачи кæнæд».

Кæй зæгъын æй хъæуы, туркаг ирон адæмæн дæр Муссæйы ном сси æлгъыстаг («Уæ, Муссæ, дæ хъæбул амæла»), зæгъгæ.

Бирæ азтæ рацыд, романы дзырд цы цаутыл цæуы, уыдонæй. Фæлæ абон дæр ирон адæмы ном сæфт нæу Турчы зæххыл. Турчы цæрæг ирон адæм абон дæр архайынц сæ фыдæлты æвзаг бахъахъхъæныныл, ис сæм ирон культурæйы центр. Сæ фæсивæд архайынц ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ фыссыныл. Зæгъæм, Цъæхилты Ехья, Мамсыраты Музаффар æмæ бирæтæ.

3.Иу æмдзæвгæ наизусть радзурын.

Билет №5.