Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
ОТВЕТЫ БИЛЕТОВ.docx
Скачиваний:
38
Добавлен:
08.09.2019
Размер:
125.09 Кб
Скачать

1.Кочысаты Розæ - фыццаг ирон сылгоймаг-драматург æмæ публицист.

Кочысаты Розæ уыд 1-аг ирон сылгоймаг – драматург. Кочысаты Розæ райгуырдис Олгинскæйы 1888 азы 12 майы захкусæджы хæдзары. Йæ фыд уыд нымад лæг, хорз зыдта ирон адæмы сфæлдыстад. Уымæ гæсгæ Розæ дæр чысылæй фæстæмæ йæ хъус дардта адæмон сфæлдыстадмæ.

Розæ 8-аздзыдæй бацыд Ольгинскæй сылгоймæгты дыууæкълассон скъоламæ, фæстæдæр бакаст ирон чызджыты приюты, Дзæуджыхъæуы 3 азы. 1907 азы Розæ ацыд моймæ Реуазты Хъасболатмæ. Цардысты Лабæйы, Æрыдоны, Салыгæрдæны. Фæлæ Розæ фæрынчын рæуджыты низæй æмæ 1910 азы амард.

Розæйæн цæрын бирæ нæ бантыст (22 азы), уымæ гæсгæ йын бирæ нæ бантыст йе сфалдыстады.

Ис ын артæ пъесæйы:

“Мæ уарзондзинад, æви мæ фыды ныхас”.

“Зæхх-ме‘вдисæн, хур – мæ тугисæг”.

“Гæды лæг” кæнæ “Нæ пъырыстыф сæрра”.

Адонæй мах базонгæ стæм пъесæ “Нæ пъырыстыф сæрра,” – зæгъгæ.

Комедийы сæйраг хъайтар Умархан æхца ссардта. Йæ усы дзыхæй йæхи хъахъхъæны æмæ æрхъуыды кæны æнæрцæугæ фыдфæливæн хъуыддæгтæ. Æмæ йæ цыргъзонды’руаджы цъысымæй фервæзы.

Æхца куы ссардта, уæд сæ бамбæхста. Йæ усæн зæгъта: «Æхца ссардтон, ныр дæ дзæбæх дзаумæтта хæдзары дарын у дæ бон».

-Кæд сæ æрхæсдзынæ? – фæрсы йæ ус.

-Хъæды æнгуыр сæвæрдта, æмæ кæсаг куы æрцахса, стæй доны та сæвæрдта къæппæг, уый та тæрхъус куы æрцахса, гъе уæд сæ æрхæсдзынæн.

Ус уыд дзæгъæлдзых. Адзырдта хабар сыхаг ус Комионæн. Комионы дзыхæй бахæццæ пъырыстыфмæ. Пъырыстыф æрбарвыста Умарханмæ. Умархан нæ сæтты; ницы ссардтон, зæгъгæ. Фæдзырдтой устытæм. Умарханы ус Мызылоны пъырыстыф схуыдта æрра. Мызылон фæхъыг æмæ йæм дзуры: « Куыд мæ хоныс æрра? Мæнæ дæхæдæг куы сæрра дæ, æмæ дæ æмæ дæ куы сбастой, уæд уыд гъе уыцы хабар».

Уый та уыд афтæ; Умархан æхца куы æрхаста, уæд æддейæ гæдытæ уасыдысты æмæ Умархан йæ усæн дзуры: «Уый дæлæ нæ пъырыстыф сæрра æмæ йæ сбастой æмæйæ фæкæнынц». Пъырыстыф устыты ныппарын кодта ныккæнды. Умархан та йæ цыргъзонды фæрцы фервæзт цъысымæй.

2. Къубалты Алыксандр. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ». Уацмысы историон бындур æмæ мидис.

Алыксандыр райгуырдис Цæгат Ирыстоны зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Йæ фыд Бызи уыд ахуыргæнæг сæ хъæуы райдайæн скъолайы. Алыксандр рынчынтæ арæх кодта æмæ уый тыххæй æрæгмæ фæцис каст райдайæн скъола. Скъолайы фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы гимназы, уый фæстæ – Киевы университеты юридикон факультеты. Сыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ куыста адвокатæй суанг Октябры революцийы агъоммæ. 1937 азы ахст æрцыд æнæаххосæй æмæ 1944 азы амард ахæстоны.

Къубалты Алыксандр кадæггæнæг Зыгъуыттаты Бибоимæ уыдысты иухъæуккæгтæ, Зæронд Бæтæхъойы хъæуæй. Алыксандр уымæй бирæ кадджытæ фехъуыста. Æфхæрдты Хæсанæйы тыххæй дæр уымæй фехъуыста æмæ йыл ныффыста кадæг. Бибо та йæ кадæджы кой исы ирон адæмы рагон трагикон цауæй. Уый уыдис тæтæр – манголты ныббырсты фæстиуæг. Адæм куы ныддихтæ сты , æфхæрд дæр уæд æййæфтой æлдæртты къухæй. Иунæг Хæсанæйæн дæр йæ мыггаг Æфхæрдтæй уымæн уыдис.

Кадæджы сæйраг фæлгонцтæ сты Госæма æмæ Хæсанæ. Кадæг райдауы хъарæгæй; Мулдарты хъал мыггаг амардтой Солæманы, Хæсанæйы фыды. Амардтой йæ цуаны иунæг кæй уыд, йæ сæрыл кæй ничи рахæцдзæн, уый ныфсæй. Уымæн æмæ мыггагон дунейы алчи дæр æрмæст йе фсымæр, йе рвады сæрыл дзурдта: афтæ уыд æгъдау. Дарддæр Мулдарты Хъуыдайнатмæ уый фаг нæ фæкаст æмæ йын йæ лæджы амардта, фæлæ ма йæ ноджы хъавы фæхудинаг кæнынмæ. Госæма барæхуыста хъамайæ Мулдары æмæ фæлыгъд йе нахъом сабиимæ тар хъæдмæ. Иу лæгæты æрцард æмæ хъомыл райдыдта йе сабийы. Госæма йæ лæджы туг æмæ йе фхæрд райсынмæ цæттæ кæны йæ иунæг хъæбул Хæсанæйы æмæ йæ алы уысм фæдзæхсы :

«Ма ныууадз Мулдартæн дæ фыды туг!

Райс- иу Хъуыдайнатæй саударæг мады фхæрд , …

Райста Хæсанæ йæ фыды туг, йæ мады фхæрд. Амардта Мулдарты хъал мыггагæй цыппары, фæлæ йæ маст не ссыди. Хæсанæ цæуы йæ масты фæдыл æмæ та амары фондз усгур Мулдартæй. Ам Уастырджи дæр Хæсанæйы фарс у. Хæсанæ дæр зоны Уастырджи рæстаг дзуар кæй у æмæ дзы куры æрмæст иунæг хорзæх- мигъы къуыбар .Уастырджи дæр Хæсанæйы иунæг хоны , уымæн æмæ йын ничи ис. Æфхæрдтæй дæр уымæн сты æмæ ма сæм фæстаг лæг баззад. Мулдартæ та хъал уымæй сты æмæ сæм бирæ хæстхъом адæм ис. Фæллойы кой никуы ис кадæджы, æрмæст лæгтæй сты иутæ хъал, иннæтæ – æфхæрд.

Хæсанæ- иунæг лæг, мард фæцис Мулдарты къухæй. Бæргæ йæ нæ фæндыд йæ мады фæстейæ ныууадзын, фæлæ хъысмæт афтæ рауад.Уый æмбæрста «йæ хæс», фæлæ хъуыды кодта : « Мæ мады куы бафснайон, уæд «мæ хæс» бафиддзынæн».

Кадæджы историон бындур у- 18 æнусы манголты тыхгæнджыты ныббырсты фæстæ быдырон цæрджытæ фæцагъды сты , чи ма дзы баззад, уыдон хæхтæм фæлыгъдысты, фæлæ цард сног кæнын сæ бон нал ссис. Аланты паддзахад дæр фехæлд, уый фæдыл стыхджын мыггагон ахастытæ æмæ æгъдæуттæ, æхсæны царды фæтк ма æрмæстдæр уыдон бон уыдис. Хæхты цы мыггæгтæ цард, уыдон æнæхъæнæй баззадысты, нæ сæм баххæст тыхгæнджыты къух, æмæ хъал уыдысты Мулдартау.

3.Кадæг - у ахӕм уацмыс, кӕцыйӕн йӕ бындуры ӕвдыст фӕцӕуы царды ӕцӕгдзинад.

Билет №6.

1.Гæдиаты Секъа. Уарзондзинад æмæ социалон æбардзинады конфликт радзырд «Азау»-ы.

2.Патриотизмы мотивтæ Илас Æрнигоны æмдзæвгæты ( «Сомы» , «Хæрзбон» , «Гъæйтт , цы фестут!», «Сагъæс»).

3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.

Билет №7.

1.Брытъиаты Елбыздыхъойы драматургийыл афæлгæст.

2. Кочысаты Мухарбеджы поэзийы сæйраг мотивтæ ( иу æмдзæвгæ наизусть).

3.Драмæ --- у ахӕм уацмыс, цыран ӕвдыст фӕцӕуы тох архайджыты дыууӕ къорды ӕхсӕн, кӕнӕ та иу архайӕджы тох бирӕ адӕмты ныхмӕ. Драмон уацмыстӕ фыст вӕййынц сценӕйы равдисыны тыххӕй.

Билет№8

1.Токаты Алихан. Фыццаг ирон сонет «Цыкурайы фæрдыг».

2.Джусойты Нафи. Роман «Фыдæлты туг». Историон цаутæ – романы.

Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы Ногхъæуы Дзауы районы Хуссар Ирыстоны. Йæ фыд æй чысылæй фæстæмæ ахуыр кодта кусыныл, адæмæн лæггад кæныныл. Зæрдæргъæв лæппу аив дзырды ад бамбæрста йæ мады рвад Хуыгаты Илас æмæ номдзыд таурæгъгæнæг Наниты Андрейæ. Астæуккаг скъола каст куы фæцис , уæд бархийæ ацыд æфсадмæ . 1945 азы куы сыздæхт , уæд куыста 1949 азмæ бирæ бæрнон бынæтты Хуссар Ирыстоны. Стæй уæд бацыд Ленинграды уырыссаг лит-йы аспирантурæмæ, фæстæдæр та бахъахъхъæдта диссертаци «Хетæгкаты Къоста æмæ уырыссаг литературæ» æмæ райста филологон зонæдты кандидатты ном.

1830 азты Уæрæсейы хæдхæцæг паддзах сфæнд кодта Ирыстоны æххæстæй йæ дæлбар бакæнын. Уый тыххæй дыууæ æфсады æрвыст æрцыдысты Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгатмæ --- дыууæ цæфæй хъавыд ирон адæмы басæттын.

Цæгат Иры æрдыгæй æфхæрæг афсад бабырстой Хъобаны коммæ. Адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæм гæсгæ æфсады раз æрлæууыд дзырддзæугæ лæг Алыккаты Хазби йæ хъæбатыры чысыл къордимæ. Ацы цаутæ æвдыст æрцыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Хазбийы».

Дыккаг къорд та æрвыст æрцыд Хуссар Ирмæ Чеселтгомыл. Æфсады фыд митæ æвдыст æрцыдысты Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг» -ы. Романы сæйраг архайæг у Коцты Бега. Бегайы æмрæнхъ сты æндæр архайджытæ дæр: Ака, Солтан,.. Кæд тыхджын æмæ ныфсхаст уыдысты Чеселтгомы адæм, уæддæр паддзахы æфсад фылдæр уыдысты, стæй хæцæнгарзæй дæр уыдысты рæвдздæр. Састы фесты хæххон адæм, сæ раздзæуджытæ Бега æмæ йе мбæлттæ. Æмæ кæд абон нал сты, уæддæр фæлтæрæй – фæлтæрмæ сæ рухс ном лæвæрд цæуы æмæ сæ стæм сæрыстыр.

3.Сонет -- у 14 рӕнхъӕй фыст ӕмдзӕвгӕ, зæгъæм «Цыкурайы фæрдыг».

Билет№9