Добавил:
Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:

Методические рекомендации к самостоятельной работе бакалавров по дисциплине «Методика обучения родному языку и литературе»

.pdf
Скачиваний:
0
Добавлен:
09.08.2026
Размер:
463 Кб
Скачать

1-аг амонæг: Æвзаг у адæмы уарзты хъæлæс райгуырæн бæстæмæ. Уæлдай ирддæрæй разыны мадæлты зарджыты, музыкæйы, поэтты сфæлдыстады.

(3-аг архайæг кæсы æмдзæвгæ)

Сонет ирон дзырдæн

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт! Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй. Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тавсæй цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.

Дæ норст цæхæрæй равзæрдысты нарт, æхсидæвтæ æрхастай Анахарсæй.

Дæ фарны хъæр, дæ мæт æмæ дæ уарзтæй нæхи Къостайæн сæнусон йæ цард.

О ме ’намонд! Евразийы быдыртæй Кæнынц фæдисхъæр удисгæ нæ дзырдтæ, мæ уды хæзна хауæггаг фæцис.

Дæу чи хъыгдара – урс уæрыкк дын фестæд! Дæ фыдæлтæ – санскрит æмæ авестæ.

Цæр се ’рцыдмæ! Мæ рæзæнтæ! Мæ ис!

Хъодзаты Æхсар

2-аг амонæг: Æвзаг у, ивгъуыды, абоны æмæ фидæны фæлтæрты кæрæдзиуыл æнгом чи бæтты, ахæм цардæгас тых. Уый адæмы канд цæрæццаг нæ кæны – уый йæхæдæг адæмы цард у, се ’вдадзы хос. Мадæлон æвзаг куы фесæфы, уæд адæмæн сæ мыггаг дæр сыскъуыйы.

(4-æм архайæг кæсы æмдзæвгæ)

Ме ’взаг

Æз æнæ дæу, цæй, зæгъ-ма, цы дæн? Ницы! Ницы у мæ цард, мæ бон дæр. Ме стыр ныфс, мæ цардамонд ды дæ, Ард хæрын кæддæриддæр дæ номæй.

71

Авгау дын æрхауынæй тæрсын, Зæл æнустæм ацы хæхты риуæй! Æз дæ фарн сæрыстырæй хæссын,

Мæн хъæуы мæ цард æрмæст дæуимæ.

Плиты Илья

1-аг амонæг: Адæмы æвзаджы рухс, райдзаст, рæсуг æрфытæй канд райгуырæн æрдз нæ сæрттивы, фæлæ адæмы уды фарны истори æнæхъæнæй. Фæлтæртæ кæрæдзи фæдыл ацæуынц, фæлæ алы фæлтæрæн дæр йæ царды мидис баззайы æвзаджы – сæ фæстæ чи цæуы, уыдонæн.

2-аг амонæг: Алы ног фæлтæр дæр мадæлон ныхасы хæзнадонмæ бахæссы, йæ зæрдæйы æрфыты цы бæркæдтæ æрæвзæры, историон цаутæ цы тыллæг раттынц, уыдон, зондахаст, уырнæнтæ, хъыгтæ, цинтæ, иу дзырдæй, адæмæн сæ миддунейы цыдæриддæр фæрныгæй ис, уыдон хæдзардзинæй, цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц сæ мадæлон æвзаджы.

(5-æм архайæг кæсы æмдзæвгæ)

Мадæлон æвзаг

Дзæмдзæмы суадон, тар æнусты ды Цыдтæ сыгъдæгæй донмарæнты цадæг. Дæ улæфтæй нæ царды хуымтæ – сатæг, Уыдтæ æлутон куывд æмæ куысты.

Ды – арвы цæссыг. Уый ныхмæ цы сты Æнуд æнтæф, сындзын арт æмæ уадæг? Ды дæ нæ туг, нæ уды рухс, нæ кадæг, Нæ фарны гæнах сыгъд æмæ хæсты.

Ныхасыс ды дæ бæркадæй фæлтæрты, Хæссыс нæ цардæн фидауц æмæ уаг. Быркуыйау систай ног дуджы дæ зæрдæ. Тæхуды, уымæй чи бануаздзæн фаг!.. Нырма нæ удæвдз къæбицы æвæрд у, Нырма дæуæй нæ Уацамонгæ – дзаг.

Джыккайты Шамил

72

1-аг амонæг: Адœмы историйы цы кадджын нœмттœ баззад, уыдоны ’хсœн ирдæй œрттивы ирон адœмы номдзыд хъœбул Хетœгкаты Къостайы ном.

«Нæ литературæйы рæзты нæм Къостайы размæ дæр стæй йæ фæстæ дæр бирæ куырыхон æмæ курдиатджын фысджытæ уыдис æмæ ис, фæлæ уыдон се ’ппæт дæр, стъалытæ хуры алыварс куыд сты, афтæ бадзыгуыр сты Хетæгкаты Къостайы стыр ном æмæ генион поэзийы алфамбылай. Национ литературæ саразын æмæ бабиноныг кæнын адæмы зонды дæр, стæй нацийы монон сфæлдыстады дæр, – уымæн стыр зонд æмæ курдиат хъуыд, стыр ныфс æмæ удуæлдайдзинад. Æмæ нæ адæмы историйы ахæм адæймаг разынд, ахæм сгуыхтдзинад бакодта иунæг Хетæгкаты Къоста», – загъта Джусойты Нафи.

2-аг амонæг: Къоста тынг хорз æмбæрста царды сæйрагдæр хæс: «Æнæкæрон уарзтæй уарз кусын æмæ адæмы. Сахуыр кæн ууыл дæхи, æмæ уæд дæуæй амондджындæр ничи уыдзæн зæххыл», – амыдта йæ писмойы йæ уарзон чызг Аннæйæн.

Къоста арæх хъуыды кодта царды ныхмæвæрддзинадыл æмæ йæ писмойы дæр Цæлыккаты Юлианæйы уымæн фæрсы: «Цæмæн ис ахæм бар, æмæ иу адæймаг иннæмæн тыхми кæна? Адæймаджы сæрибардзинад хызт цæуылнæ у тыхмийæ?»

1-аг амонæг: Къоста хорз æмбæрста, адæмы тых, адæмы хъару иудзинады кæй ис, уый æмæ ныццæлхъ кодта адæмы иугæнæг зарæг. «Балцы зарæг» тырысайау абон дæр цæры ирон адæмы зæрдæйы, уый у сæ уды рæсугъддæр бæллиц.

(6-æм архайæг кæсы Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Балцы зарæг»)

2-аг амонæг: «Фидар лæуут, фидар, æнгом, кæрæдзийы дзырд æмбарут, уый йеддæмæ нын ничи ницы хъом у», – афтæ фыста Къоста йæ писмойы, æмæ афтæ уыд йæ фæдзæхст йæ уарзон адæмæн дæр.

1-аг амонæг: «Чи мæ фехъуса, уый мæ кæд бамбарид, чи мæ бамбара, уый мæ кæд никуы ферох кæнид».

Ирон адæм фехъуыстой, бамбæрстой æмæ нæ рох кæнынц Къостайы!

(7-æм архайæг кæсы æмдзæвгæ)

73

Къостайæн

Ды, Къоста, дæ мæгуыр адæм, Ирæн Канд поэт нæ уыдтæ, фæлæ арт дæр. Уарзтой дæ рæсугъд зарæгау бирæ Æмæ се ’фхæрд зæрдæты æрцардтæ.

Цардау махæн иудадзыг æгас дæ, Дунетæн дæр ссис дæ фæндыр зонгæ, Рæстæг цас фылдæр ныхъуыры азтæ, Уыйас нын кæныс ды та æвзонгдæр.

Цæгæраты Гиго

2-аг амонæг: «Адæм дæсны сты. Цы скæрдой, цы бауынаффæ кæной, уый раст вæййы кæддæриддæр. Сæ уалдзæджы фыццаг цин сбастой сылгоймаджы номимæ. Сæ уалдзæджы фыццаг цин райдыдтой бæсты рухс, бæсты фидауцæй.

Цард, æвæццæгæн, æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у а дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны уынгæг æмæ фæлмæн зарæг, фæндыры æмбæхст миддуне, нæлгоймаджы кадавар цæстысыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы фæйнæрдæм тонгæ хъуырдухæн…. Æрмæстдæр сылгоймаджы зæрдæйы уыдис уыдонæнрайгуырæн», – фыссыЦæгæратыМаксим.

1-аг амонæг: «Дæ сæрылхаст фæуон», «Цард дын фестон», «Дзыцца дын дæ рынтæ бахæра»… Кæй сомытæ, кæй арфæтæ сты уыдон? Чи нын фæисы йæхимæ нæ низ, нæ тухитæ? Чи ’рхæссы нæ сæрыл йæ уд нывондæн? Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, алкæмæн дæр æрмæстдæр иунæг хатт чи вæййы, уыцы фæлмæнзæрдæ мад.!

2-аг амонæг: Мадæн иунæг ном йеддæмæ нæй. Мад алы ’взагыл дæр мад у. Фыццагдæр уый ном скæрды не ’взаг. Йæ хур уый номимæ аныгуылы адæймагыл. Райгуырæн бæстæ, фыдæлты зæххимæ дæр ын уымæн барæм йæ ном. Уыдонæй зынаргъдæр, уыдонæй сыгъдæгдæр нын ницы ис дунейыл», – зæгъы дарддæр нæ зындгонд фыссæг.

74

1-аг амонæг: Куыд зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ сты! Æцæгæйдæр, æппæты раздæр сывæллон фехъусы йæ мады хъæлæс, йæ мад æм цы дзырдтæ сдзуры, уыдон. Мад йæ сывæллонимæ цы ’взагыл фæдзуры, уый вæййы сывæллонæн йæ мадæлон æвзаг. Мадæлон æвзаг сывæллон банкъары мады æхсыримæ, арф ныххизы йæ зæрдæмæ æмæ цæргæцæрæнбонты, уыцы æвзаджы аив мыртæм хъусгæйæ, йæ зæрдæйыл фембæлынц йæ мады рæвдыд, йæ мады узæлд.

2-аг амонæг: Кады аккаг сты уыцы сылгоймæгтæ, сæ хъæбултæн мады рæвдыдимæ мадæлон æвзаг чи уарзын кæны. Йæ бинонты ’хсæн мадæлон æвзаджы кад бæрзонд чи æвæры, уыцы хистæртæ хорз æмбарынц, ирон æгъдау, ирон бинонты фарн кæстæртæм раттæн ис æрмæстдæр мадæлон æвзагыл.

(Байхъусын зарæгмæ. Абойты Зарæйы ных. Кокайты Барисы муз. «Мад». )

1-аг амонæг: Адæмæн се ’взаг у се стырдæр зондамонæг. Уый сæ ахуыр кодта, чингуытæ, скъолатæ куы нæма уыд, уæд æмæ сæ ахуыр кæндзæни, цалынмæ адæмæн истори уа, уæдмæ.

2-аг амонæг: Мадæлон æвзаг æнцонæй, æнæкъуылымпытæй ахуыр кæнгæйæ алы ног фæлтæр дæр йæ зæрдæмæ исы, йæ размæ цы мингай фæлтæртæ цардис, уыдоны хъуыдытæ æмæ æнкъарæнты æвæджиау бæркæдтæ æмæ фарн.

1-аг амонæг: Рагон алайнæгтæ, скифæгтæ æмæ сæрмæтæгты фæдонты цæрæн бынат у Ирыстон. Ам ис ирон адæмы къона, ам цæры нæ хæзнаты хæзнадæр – нæ мадæлон æвзаг!

(8-æм архайæг кæсы æмдзæвгæ)

Мæ бæстæ

Мæ бæстæ… Мæ бæстæ, мæ райгуырæн бæстæ,

Цъæх денджызы риуæй фæтæндæр – дæ фæзтæ, Цъæх денджыз сæууон хурмæ калы тæмæнтæ, – Фæлæ мын рæсугъддæр – дæ бæркадджын фæзтæ.

Нæ бæстæ, ды махæн – нæ намыс, нæ кад. Дæ дæлвæзты бирæ ис, бирæ бæркад.

Мæ бæстæ…

75

Мæ бæстæ, мæ райгуырæн бæстæ, Ызмæлынц æфсирджын мæнæутæй дæ фæзтæ, –

Дзаджджындæр та ноджы – фыдæлтыккон хæхтæ, Ныгъуылынц цъæх арвы хъæбысы сæ рæгътæ.

Нæ бæстæ, ды махæн – нæ намыс, нæ кад. Дæ хæхбæсты бирæ ис, бирæ бæркад.

Мæ бæстæ… Мæ бæстæ, мæ райгуырæн бæстæ,

Сывæллонæй абонмæ зонын дæ хæрзтæ, Æз дæр дæн дæ хъæбул, дæ тугæй, дæ хъæстæ, Тæхуды, куы бафидин искуы дæ хæстæ.

Нæ бæстæ, ды махæн – нæ намыс, нæ кад. Дæ къæбицы бирæ ис, бирæ бæркад.

Дарчиты Дауыт (9-æм æмæ 10-æм архайджытæ кæсынц æмдзæвгæ)

Ирыстоны арвы бын

I

Æз кæм райгуырдтæн, уыцы зæхх, уыцы дон сты мæ фыдæлты туг æмæ стæгæй конд. Айтынг мæ сæрмæ Ирыстоны арв – мæ фыдæлты уарт. Ам мæн байсæрстой хуры цæхæртæ – мæ фыдæлты арт. Ам æз фехъуыстон дымгæты зарын, дымгæты ниуд.

Ам æз федтон, къæйтыл пырхкалгæ ’хсæрдзæнты схъиуд. Ам мæн рагуалдзæг цардбæллон сабийæ

76

бандæвта цард.

Ам æз фырты уарзтæн Райгуырæн бæстимæ бахордтон ард.

Бацыд мæ зæрдæйы царды æнæмæлгæ ныфс. Абон æз сагъæс, фæсмонæй дæн хызт.

II

Абон æз сагъæс, Фæсмонæй дæн хызт. – Зонын, мæ сæрмæ Ирыстоны арв

уирон лæджы цæстытау, райдзаст, æнæхин,

уирон лæджы зæрдæйау, арф.

Уый нæ фестдзæни хинæйдзаг маргъ, гъе та

мигъты хæддзугæнæг бардз, æмæ нæ алидздзæн, н’ атæхдзæн дард. Ам, мæ сæрмæ, Ирыстоны цар æмбæрзы

мæ фыдæлты ’нусон хæдзар. Ам мын дунейы фарнæй ис хай,

нæй йын батайæн, байсысæн – нæй. Ам мын баззад мæ фыдæлты ном. Чи нын байсдзæн

Уырызмæджы зонд?

Чи нын байсдзæн Батрадзы ’хсар? Чи нын байсдзæн Сатанайы кад æмæ Сосланы хъæбатырдзинад? Ир, Тотрадзы Ирыстон,

77

мачи дæ схонæд мæгуыр! Ир, Хазбийы Ирыстон,

мачи дæ схонæд æдых! Ир, Къостайы Ирыстон,

мачи дæ схонæд æгад! Ир, нæ чысыл Ирыстон!

Ды æгасæй дæ хъæбатырты кадæг.

Чи йæ сфæраздзæн зарын дæ кадæн?

Ам ирон адæм цард, ам нæртон адæм цард, ам ныууагътой сæ кад уæлæуыл цæргæйæ,

уый ныффæдзæхстой махæн тохты мæлгæйæ.

Æлборты Хадзы-Умар

2-аг амонæг: Ног цардарæзты уæлдай ахадгæдæр сты ног хъуыдыкæнынад, адæмы иудзинад æмæ, сæйрагдæр та, мадæлон æвзаг. Уый фæрцы мах нæхи тавæм фыдæлты къонайы артмæ. Къоста йæ адæмæн цы ’взаг ныууагъта, уый у æнæмæлæт. Мах, Иры ног фæлтæр, царды раст фæндагыл, нæ Ирыстоны фарн æмæ амондæн цæудзыстæм нæ мадæлон æвзагимæ.

(11-æм архайæг кæсы æмдзæвгæ)

Ме ’взаг

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг, Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!.. Мæлæн дын нæй, нæ фыдæлты æвзаг,

Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?! Ды незаманæй ацы боны онг Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс. Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд

Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.

78

Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ Лæхурдта скиф йæ тызмæджы ныхæстæ. «Тох! Тох!..» – сæрмæтаг сабийы дзыхæй Ысхаудта дзырд – лæг у, æрцыд йæ рæстæг!

Гуыпп… Мыхъхъ… Тъæпп… Дæнг, – Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг… Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:

Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта, Дæ сызгъæрин æй ракалын нæ фæндыд… Ныззарыд уæд ирон лæппу – Къоста –

Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг, – Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори, Æмæ куы сæфа, – ма зæгъæд ызнаг, – Дæуимæ сæфы дунейы истори!

Хаджеты Таймураз

1-аг амонæг: Нæ зынаргъ уазджытæ! Æрхæццæ ис кæронмæ нæ бæрæгбон. Уæ зæрдыл дарут:

«Æмдзу кæндзыстæм дунейы кусæг адæмимæ, уыдонæй нын хицæнгæнæн нæй, куыд иунæг æртахæн нæй фæхицæнгæнæн стыр денджызæй. Фæлæ уыцы кусæг адæмæн дæр фæдисонæн не сбæздзыстæм, нæ сæрæн куы нæ уæм, нæ къахыл æдæрсгæ куы нæ лæууæм.

Цæмæй нæ къахыл слæууæм, уымæн та йæ сæйраг амæлттæй сæ иу у не ’взаг. Æрмæст æвзаджы руаджы райхъал уыдзæни нæ зонд, æрмæст уый фæрцы æнæ фæрисгæйæ бауыдзыстæм хайджын сæрибарæрхæсгæ хæзнатæй. Размæ нæ ацæудзыстæм, нæ зонд не стыхджын уыдзæни, йæ фисынтæ йын нæхи æвзагыл куы нæ самайæм, йæ уидæгтæ йын нæхи æвзагыл куы нæ сфидар кæнæм, уæд».

(Тыбылты Алыксандр) 2-аг амонæг: Хæрзбон! Нæ иннæ фембæлдмæ!

79

Учебное издание

Кокаева Л. Х.

МЕТОДИЧЕСКИЕ РЕКОМЕНДАЦИИ к самостоятельной работе бакалавров по дисциплине

«Методика обучения родному языку и литературе»

Компьютерная верстка:

Ясакова М.А.

Корректор:

Цалагова Л.Б.

Подписано в печать 20.05.2014. Формат бумаги 84х108 1/32. Печать на принтере. Бум. ксероксная. Гарнитура шрифта «Times New Roman».

Усл. п.л. 5. Тираж 100.

Издательство Северо-Осетинского государственного педагогического института. 362003, РСО-Алания, г. Владикавказ, ул. К. Маркса, 36.

80

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]