Методические рекомендации к самостоятельной работе бакалавров по дисциплине «Методика обучения родному языку и литературе»
.pdfрахаста уынаффæ, цæмæй арæзт цæуой æппæт мадзæлттæ дæр æрдз бахъахъхъæнынæн. Уый тыххæй æрвылаз дæр хъæуы ног талатæ садзын; хъæды нæ хъæуы арт судзын, бæлæстæ сæттын; заводтæ æмæ фабриктæ цы маргхъæстæ дон уадзынц цæугæдæттæм, уымæн хъуамæ арæзт цæуой сæрмагонд сыгъдæггæнæнтæ.
VII. Сочиненийæн пълан саразын. Пълан:
1.Къоста – нывгæнæг; йæ нывты сæйраг тематикæ.
2.Ныв «Тебердайы ком»-ы иумæйаг характеристикæ:
– йæ темæ;
– афæдзы кæцы афон дзы цæуы æвдыст;
– фылдæр цавæр ахорæнтæй пайда кæны нывгæнæг.
3.Æрфыссын: арв; бæлæстæ; къуылдымтæ; æврæгътæ; хæхтæ; цæугæдон.
4.Нымæ гæсгæ хи æнкъарæнтæ.
VIII. Байхъусын æмдзæвгæтæм: Къоста «Джук-тур»; А.С. Пушкин «Кавказ» (байхъусæн æм ис иронау дæр æмæ уырыссагау дæр.)
IX. Ныхасы рæзтыл куыст. Ныв «Тебердайы ком»-ы æрфыст (дзургæйæ). Спайда кæнын эпитеттæ, абарстытæ, олицетворенитæй.
Зæрдыл æрлæууын кæнын:
эпитет – бердзенаг дзырд, амоны уæлæфтау, уæлæмхасæн; æххуыс кæны предмет кæнæ фæзынды миниуæг ирддæрæй равдисынæн
абарст – иу предмет æндæр предметимæ, кæнæ архайд æндæр архайдимæ абарын
олицетворени – æвдисы ахæм фæзынд, æмæ удгоймаджы миниуджытæ (кæнæ архайд) хаст æрцæуынц æнæуд предметтæм
Сочинени райдайæн ис афтæ:
Кавказ – мæ фыдæлты зæхх, дунейы адæм фенынмæ кæмæ тырнынц, уый! Йæ диссаджы рæсугъд æрдз дисы бафтыдта Хетæгкаты Къостайы дæр…
Дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ спайда кæнынæн: æгомыг хæхтæ, арв, фынккалгæ цæугæдон, хъæргæнгæ уайы, зæлдаг кæрдæг, «урс цагъд къуымбилау», рагон къæдзæхтæ, æнусон цъититæ, комы
61
нарæг, хæхты цъуппытæ, ныгъуылынц, арф бацыдысты, хæстæг лæууынц.
X. Скæнын хатдзæгтæ. Раттын фæрстытæ.
–Куыд рæзыд Къостайы фæндаг нывкæнынады?
–КæмскодтаКъостайæ ныв«Тебердайыком»? Цыдзыравдыста?
–Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы ныв?
–Чи ма равдыста йæ уацмысты Кавказы алæмæты æрдз?
–Цавæр мадзæлтты фæрцы ис бахъахъхъæнæн æрдз?
–Сымах та цавæр ныв скæниккат? Цæмæн?
XI. Хæдзармæ куыст – ныффыссын сочинени «Кавказы æрдз» (Хетæгкаты Къостайы ныв «Тебердайы ком»-мæ гæсгæ).
Примерный образец конспекта урока родного (осетинского) литературного чтения
3-æм кълас Темæ: «Зондджын адæймаг рагацау фæхъуыды кæны».
(Басня «Рувас æмæ сæгъ». Эзоп)
Урочы нысантæ:
ахуырадон: базонгæ кæнын рагон бердзенаг фыссæг Эзопимæ; бацамонын, басня цы у, уый; бакæсын басня «Рувас æмæ Сæгъ»;
райрæзтон: диалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл бакусын; хъомыладон: бацамонын, хъуыддаг саразыны размæ хорз ахъуыды кæнын кæй фæхъæуы, стæй, сайын æмæ гæды уæвын хорз кæй
нæу, уый.
Урочы тип: ног темæ ахуыр кæнын урок.
Ахуыры методтæ: ахуыргæнæджы ныхас, беседæ, скъоладзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ рæзын кæныны метод.
Урочы ифтонгад: ирон кæсыны чиныг 3-æм къласæн, æмбисæндты чиныг, ирон-уырыссаг дзырдуат.
Урочы цыд
I. Организацион хай. Сбæрæг кæнын скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ; цыбырæй сæ базонгæ кæнын урочы цыдимæ.
II. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын (Чеджемты Георы радзырд «Сызгъæрин лæппу»-йæ скъуыддзаг).
1. Текстæн цыбыр анализ скæнын. Раттын фæрстытæ:
62
–Цы нымадта Ахмæт царды æппæтæй зынаргъдæрыл?
–Кæцы бынат æвдисы тексты сæйраг хъуыды?
–Цæмæн схуыдта фыссæг йæ уацмыс «Сызгъæрин лæппу»?
–Цæмæн афтыдысты ирон адæм Туркмæ?
–Цы базыдтат ногæй нæ адæмы историйæ, ацы радзырд бакæсгæйæ?
2. Текст хи ныхæстæй радзурын.
III. Ног темæмæ рахизын. Зæгъын, ирон литературæйы иу хай æндæр æвзæгтæй тæлмацгонд уацмыстæ кæй сты æмæ уый не’взаджы рæзтæн дæр ахъаз кæй у.
IV. Ног темæ бацамонын.
1. Цыбырæй базонгæ кæнын Эзопимæ.
Эзоп уыдис рагон бердзенаг литературæйы архайæг, фыста баснятæ.
2. Зæгъын, цы у басня.
Басня у чысыл сатирикон, зондамонæн уацмыс. Басняйы кæрон арæх вæййы исты зондамынд.
3. Дзырдуатон куыст бакæнын:
дойны басæттын – дон бануазын æмæ дойны нал кæнын (утолить жажду).
4. Бакæсын текст.
Раздæр текст кæсы ахуыргæнæг, уый фæстæ та – скъоладзау. Кæсгæ-кæсын хъус æрдарын хъæуы, тексты комкоммæ ныхас кæй ис, уымæ: ис дзы автор, Рувас æмæ Сæгъы ныхас.
5. Текстимæ куыст:
а) раттын дзуæппытæ, текстмæ цы фæрстытæ ис, уыдонæн; æ) сбæрæг кæнын басняйы сæйраг хъуыды (бакæсæн æй ис тек-
сты – фæстаг хъуыдыйад); б) хъомыладон куыст бакæнын: зæгъын, хинæй цæуын хорз кæй
нæу, стæй, цалынмæ хорз ахъуыды кæнай, уæдмæ хъуыддаг аразæн кæй нæй;
в) тексты хъуыдымæ гæсгæ раттын æмбисæндтæ: Искæй зондæй
цæрæн нæй. Æппæтæй тыхджындæр зонд у. Гæды лæг йæхи дæр сайы. Гæды лæгæн йæ хъулон мидæмæ у. Гæдывад ныхæстæй зæрдæ ма æвæр.
63
Æрдзурын æмбисæндты хъуыдыйыл. Ныффыссын сæ тетрæдты. г) диалогон ныхасы рæзтыл куыст – бакæсын текст рольтæм
гæсгæ; гъ) монологон ныхасы рæзтыл куыст – текст хи ныхæстæй ра-
дзурын.
д) предметты ’хсæн бастдзинад саразын (ирон æмæ уырыссаг
æвзæгтæ):
–текстæй рафыссын дзырдтæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ, хъус дарын растфыссынады æгъдæуттæм;
–тексты ссарын дзырдтæ, кæцыты ис æрмæстдæр: 1) зылангон æмхъæлæсонтæ; 2) æзылангон æмхъæлæсонтæ;
–рафыссын 4-æм абзац, сæвæрын дзырдтыл цавд;
–ратæлмац кæнын уырыссаг æвзагмæ: уалынмæ, бацин кодта, æппæлынтыл схæцыд, катайы бахауд, уыциу гæпп ныккодта, сæгъæн æхсызгон куыннæ уыд, дæ ныхас цæуылнæ сæххæст кодтай.
V. Хатдзæгтæ скæнын. Раттын фæрстытæ:
–Чи уыдис Эзоп? Цавæр уацмыстæ фыста?
–Кæй равдыста Эзоп басняйы?
–Цæуыл ахуыр кæны басня «Рувас æмæ Сæгъ»?
VI.Хæдзармæ куыст раттын: а) басня хи ныхæстæй дзурын зонын; æ) бафæлварын текстмæ гæсгæ ныв скæнын.
VII. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын æмæ сын комментаритæ раттын.
Примерный образец конспекта урока родной (осетинской) литературы
9-æм кълас Темæ: «Фыдыбæстæ æндæр ран ссарæн нæй».
(Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæ «Сагъæстæ»)
Урочы нысантæ:
ахуырадон: базонгæ кæнын Мамсыраты Темырболаты царды хабæрттимæ; саразын афæлгæст ирон адæмы историйы трагедион цауыл (радзурын, 1860-æм азты Туркмæ цы лигъдæттæ ацыд, уыдоны тыххæй);
64
райрæзтон: ахуыр кæнын литературон уацмысы бындурыл алыхуызон цаутæн аргъ кæныныл, рæзын кæнын скъоладзауты арæхстдзинæдтæ литературон уацмыс æвзарынæй;
хъомыладон: ахуыр кæнын Райгуырæн бæстæ уарзын æмæ йын аргъ кæныныл.
Урочы тип: ног æрмæг ахуыр кæныны урок; ахдырадон предметы интеграци (ирон литературæ æмæ Ирыстоны истори).
Ахуыры методтæ: ахуыргæнæджы ныхас, беседæ, цæстуынгæ, ног зонындзинæдтæ раттыны метод.
Урочы ифтонгад: 9-æм къласы ирон литературæйы хрестомати æмæ ахуыргæнæн чиныг, Мамсыраты Темырболаты къам, йе ’мдзæвгæтæ. интерактивон фæйнæг (æвдыст дзы цæуы скъуыддзæгтæ документалон кинонывæй «С Осетией в сердце», режиссёр – Туаты Теминæ).
Урочы цыд
I. Организацион хай. Базонгæ кæнын урочы темæ æмæ урочы цыдимæ.
II. Урочы темæмæ рахизын. Ахуыргæнæг:
Скъоладзаутæ, нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм историон хабæрттæ. 1877–1878 азты цыдис хæст Уæрæсе æмæ Турчы ’хсæн. Ирон адæмæй Донайы хæсты чи архайдта, уыдонæй чидæртæ уыдысты Стамбулы горæтмæ æввахс. Фæстæдæр, хæстæй чи ссыдис, уыдон-иу зарыдысты, Турчы ирæттæй кæй фехъуыстой, уыцы зарæг. Уыдис дзы ахæм ныхæстæ:
Нæ райгуырæн, нæ бæстæ, Цардæн адджын ды куы дæ! Цард нæ курæм дæ фæстæ, Зæрдæйы рухс дæр ды куы дæ!
Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!...
«Зарæджы ныхæстæ афтæ арф хъардтой зæрдæмæ, æмæ-иу адæймаджы буар иууылдæр ныддыз-дыз кодта», – фыста йæ мысинæгты ахуыргæнæг Саламты Мæхæмæт. Мæхæмæт куыддæр
65
зарæг фехъуыста, афтæ йын йæ ныхæстæ ныффыста æмæ сæ радта академик В.Ф. Миллермæ. Миллер зарæджы ныхæстæ бахаста йæ чиныгмæ «Ирон этюдтæ». Уыдон уыдысты Мамсыраты Темырболаты зæрдæйы сагъæстæ… Суанг ХХ-æм æнусы дыууынæм азты онг дæр ничи зыдта, чи сæ ныффыста, уый …
Ирон поэзийы фыццаг профессионалон зарæг райгуырдис адæмы национ трагедийæ.
(Ацы ран спайда кæнын скъуыддзаг документалон кинонывæй «С Осетией в сердце». Байхъусын, Иры дзыллæтыл 1860-æм азты цы трагикон цау æрцыдис, уый тыххæй.)
Ахуыргæнæг:
Цы историон цауы тыххæй байхъуыстат, уый стыр трагеди уыд æппæт Кавказы хæххон адæмтæн дæр, зæгъæн ис, æмæ йæ хъарæджы хуызы æппæт лигъдæтты номæй равдыста ирон лæппу Мамсыраты Темырболат.
Ныртæккæ хæстæгдæр базонгæ уыдзыстæм Мамсыраты Темырболаты царды хабæрттимæ.
(Интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы Мамсыраты Темырболаты портрет.)
Байхъусын скъоладзауы докладмæ. (Мамсыраты Темырболаты царды хабæрттыл раныхас бацæттæ кæнын ын лæвæрд уыдис рагагъоммæ. Спайдагæнæн ис Гæдиаты Цомахъ, Тыбылты Алыксандр, Æлборты Барысби æмæ Джусойты Нафи цы æрмæджытæ ныффыстой, уыдонæй.)
Скъоладзауы раныхасы фæстæ бакæсын скъуыддзагмæ Мамсыраты Темырболаты бинонты тыххæй документалон кинонывæй «С Осетией в сердце».
III. Æмдзæвæгæ «Сагъæстæ»-йы анализ.
1.Æмдзæвгæ бакæсыны размæ дзырдуатон куыст бакæнын: дзагъырæй – æнæныкъулгæйæ (с широко раскрытыми глазами)
залым – ам: искæй хъуыды мурмæ дæр чи нæ дары, æрмæстдæр йæхи цы фæнды, уый чи аразы, паддзахады ахæм къухдариуæггæнæг (деспот, тиран)
дуа – пысылмон куывд хуыцæуттæм (молитва) хъабыл – ам: тыхджын
66
2.Байхъусын æмдзæвгæмæ (кæсы йæ ахуыргæнæг кæнæ, скъоладзаутæй аив дзурынмæ дæсныдæр чи у, уый).
3.Æмдзæвгæйы темæ сбæрæг кæнын. (Уацмыс фыст у, Туркмæ чи фæлыгъд, йæ фыдыбæстæйæ чи фæхицæн, уыцы адæмы стыр трагедийыл.)
4.Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын. (Райгуырæн бæстæйæн ивæн нæй. Иу хатт дзы куы фæхицæн уай, уæд æй ногæй нал ссардзынæ.)
5.Æмдзæвгæйы композицион арæзтыл æрдзурын.
Уацмысы бындуры адæмы трагеди кæй ис, уымæ гæсгæ йæ композици дæр у адæмон хъарæджы хуызы арæзт.
Æмдзæвгæйæн йæ райдиан æмæ йæ кæрон сты авторæн йæхи ныхæстæ:
Дысон бонмæ бафынæй Ме уæнгтæ нæ куырдтой. Мæ цæстытæ дзагъырæй
Æрцъынд кæнын нæ куымдтой… Дарддæр цæуынц автор æмæ райгуырæн бæстæйы, автор æмæ
æбæрæг ныфсы ’хсæн диалогтæ. Райгуырæн бæстæ «уайдзæф кæны» йæ хъæбултæн, кæй йæ ныууагътой, кæй ныддихтæ сты, паддзахы ныхмæ кæй нæ дзурынц, уый тыххæй:
Ныр тыхы бын æдыхæй Дыууæ дихы куы фестут, Æмæ иу ран дæр мæн тыххæй Ысхæцынхъом куы не стут.
Ацы уайдзæфы фæстæ адæм дæттынц дзуапп: Иттæг хорз нын ракæнис, – Цæттæ дын стæм мæлынмæ, Дæхимæ нæ ку’ акæнис Залымимæ хæцынмæ.
Фæлæ адæмы стыр трагеди ис уый мидæг, æмæ сын раздæхæн нал ис фæстæмæ… 6. Литературæйы теори. Бацамонын рефрен.
Рефрен – æмдзæвгæйы бæлвырд фæткмæ гæсгæ фæлхатгонд цы строфа кæнæ стих цæуы, уый.
67
Æмдзæвгæ «Сагъæстæ»-йы трагикон зарæджы ис рефрен: Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!...
IV. Хъомыладон куыст бакæнын.
Æрдзурын райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадыл, зæгъын, адæймаджы стырдæр сгуыхтдзинæдтæм кæй разæнгард кæны уарзондзинад бинонтæм, райгуырæн бæстæмæ.
Æрхæссын дæнцæгтæ сгуыхт адæймæгты тыххæй.
Раттын фæрстытæ скъоладзаутæм: «Куыд æмбарут уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ?», «Куыд ис равдисæн уарзондзинад фыдызæхмæ?», «Цæмæн цæуынц адæм æндæр бæстæтæм?» æ. а. д.
Скъоладзауты дзуæппытæм хъусгæйæ, саразæн ис диспут. V. Хатдзæгтæ скæнын урокæй.
Иу хатт-ма бакæсын æмдзæвгæ. Раттын фæрстытæ скъоладзаутæм:
–Цæуыл сагъæс кæны æмдзæвгæйы автор?
–Цæмæн у æмдзæвгæ хъарæджы хуызы фыст?
–Цавæр мадзæлттæй ма пайда кæны поэт æмдзæвгæйы эмоционалондзинад фæтыхджындæр кæнынæн?
–Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрди æмдзæвгæмæ гæсгæ?
VI. Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас.
Тынг зынаргъ у Мамсыраты Темырболаты ном нæ адæмæн. Уый йæ рыст зæрдæйæ цы уацмыстæ ныффыста, уыдон ирд стъалыйау æрттивынц ирон литературæйы.
Хорз хъуыддæгтæй кад æмæ намыс ссарын – ахæм у æцæг адæймаджы идеал Мамсыраты Темырболаты поэзийы. Кад æмæ намысмæ бæллын, æвæлмæцгæйæ райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын – ахæм у йæ фæдзæхст. Махæн нæ хæс у Иры стыр поэты фæдзæхст зæрдыл дарын æмæ йæ æххæст кæнын.
VII. Хæдзармæ куыст раттын.
1.Зонын Мамсыраты Темырболаты царды хабæрттæ.
2.Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» сахуыр кæнын наизусть.
VIII. Бæрæггæнæтæ сæвæрын æмæ сын комментаритæ раттын.
68
ПРИЛОЖЕНИЕ 7
Примерный образец конспекта внеурочного мероприятия
10-11 кълæстæн
Темæ: «Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!» (Ирон æвзаг семæ литературæйы бонмæ)
Нысантæ: æвзæрын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ; ахуыр кæнын мадæлон æвзаг хъахъхъæныныл; рæзын кæнын арæхстдзинæдтæ аив дзурынæй.
Ифтонгад: интерактивон фæйнæг (æвдыст дзы цæуынц Ирыстоны къамтæ, ирон фысджытæ, ахуыргæндтæ æмæ аивады зындгонд архайджыты портреттæ), цитатæтæ мадæлон æвзаджы тыххæй; ирон фæндыр; ирон чингуыты равдыст.
Зал – бæрæгбонарæзт. Хъуысы ирон фæндыры цагъд. Архайджытæ – сценæйыл. Интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуынц Барахъты Гинойы ныхæстæ:
Цæй, уæдæ, бæрзонд Кавказæй Нарты ’взагæй дзурæм ныр!
1-аг амонæг: Зынаргъ æмбæлттæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! 2-аг амонæг: Нæ республикæйы сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ 2003 азæй нырмæ бæрæг кæнæм Ирон æвзаджы бон. Хуымæтæджы æвзæрст не ’рцыд бæрæгбонæн 15 май – 1899 азы 15 майы мыхуыры рацыдис, Къоста йæ зæрдæйы тæгтæй цы чиныг
ныффыста, уый – «Ирон фæндыр».
1-аг амонæг: Нæ мадæлон æвзагæн сæрмагонд бæрæгбон кæй фæзындис, уый нын хæссы уæлдай æхсызгондзинад. Ацы бон у, ирон адæмы хæстæгдæр æмæ æнгомдæр чи кæны, ахæм; махæй алчи дæр ноджы арфдæр банкъары, иу адæм, иу туг кæй стæм, уый.
2-аг амонæг: Фæлæ уæддæр бæрæгбоны сæйрагдæр нысан ис уый мидæг, цæмæй, абонæн аргъ кæнгæйæ, хъуыды кæнæм нæ адæмы фидæныл. Адæмæн та бæласау йæ уидæгтæ сты йе ’взаг, æмæ йæ фидæн дæр, æнæмæнг, баст у йе ’взаджы цардхъомдзинадимæ…
(1-аг архайæг кæсы æмдзæвгæ)
69
Мадæлон æвзаг!
О мæ ахсджиаг, о ме ’взаг, о мæ фыдæлты хъæлæс! Дæу лæджы ном æмæ фарнау хизын сæфты къахæй æз! Узта цадæггай мæ авдæн, зарыд «а-ло-лай» мæ мад.
Хъуыстонйæ аргьæуттæмæнайæн– æзуæдбамбæрстондæ ад. О мæ ахсджиаг, мæ уидаг! Удæн диссагдæр цы ис!
Зонын, сонтæй нырмæ зонын æз дæ цин æмæ дæ рис. Мысын, зонгуытыл фыццаг хатт æз зæрдæбынæй куывтон: «Де ’вджид, о Хуыцау, нæ сæртæ, знагæн мацы уæд йæ бон!»
Габдулла Тукай, тæтæйраг поэт (Хъодзаты Æхсары тæлмац)
1-аг амонæг: «Адæмæн се ’взаг у сæ уды фарны зайæгхал, æппындæр руайгæ чи нæ кæны æмæ æнусты дæргъы ногæй-ногмæ дидинæг чи калы, историйы арæнтæй бирæ æддæдæр чи аххæссы, ахæм», – фыста Константин Дмитриевич Ушинский.
2-аг амонæг: Зын фæндæгтыл фæцыдысты нæ рагфыдæлтæ, фæлæ нæ асаст сæ ныфс, нæ фесæфтой, никуы фегад кодтой ирон лæджы ном, ныууагътой нын, æппæт адæмы дæр дисы чи æфтауы, ахæм кад, намыс, æгъдау æмæ æвзаг.
(2-аг архайæг кæсы æмдзæвгæ)
Ды дæ нæртон
О Иры дзыхъхъ, æртхутæгдон уыдтæ, Æртхутæджы бын цас фæкодтай дзир-дзур. Дæ фæстаг зынг нæ ахуыссыд уæддæр, Ыссыгъдис æмæ фестадис зæрин хур. Ыссу бæрзонддæр арвы цъæхыл, Ир, Ды – хуры лæппын, хуры фæдыл ахæт. Дæ ном, дæ кадæй дунетыл æрзил,
Ныфс райс, нæ зæххыл чи нæма уыд, ахæм. Куыд цæрæццаг уыд де ’ртхутæг кæддæр, Дæ ныфс уæд афтæ алкæд дæр æвдудон.
Цыфæнды зын дыл сагъуыйа, уæддæр Ды дæ нæртон æмæ дын нæй фæцудæн.
Хостыхъоты Зинæ
70
