Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
11 къласы экзаменты рмг.docx
Скачиваний:
1
Добавлен:
29.08.2019
Размер:
53.81 Кб
Скачать

Хъантемыраты бæхылбадджытæ.

Хъантемыраты Али-бег (Алихан) у зындгонд бæхылбадæг, Уæрæсейы адæмон артист, «ирон джигитовкæйы фыд». Бæхыл бадыны дæсныйад сæ мыггаджы лæвæрд цыдис иу фæлтæрæй иннæмæ.

Алиханы дебют уыдис 1907 азы 11 февралы. Тынг зæрдиагæй архайдта йæ дæсныйады рæзтыл. Ссис уырыссаг цирчы стъалы.

Алиханы тынг фæндыдис труппæ саразын. 1931 базонгæ Тугъанты Михалимæ. Райдыдтой иумæ кусын.

Алихан цирчы аренæ ныууагъта, 90 азы йæл куы сæххæст, уæд.

Цирчы артисттæ систы йæ æртæ фырты дæр: Хасанбег, Ирбег æмæ Мухтарбег. Йæ хистæр фырт Хасанбег аренæмæ рацыдис цыппараздзыдæй Гамбургы, кафыдис лезгинкæ.

Алиханы дыккаг фырт Ирбег дæр сахуыр кодта, бæхыл бадгæйæ цы сæрзилæн митæ гæнæн ис, уыдон. Йæхæдæг дæр æрхъуыды кодта бирæ трюктæ.

Хъантемыратæ цы бæхтимæ куыстой, уыдоныл тынг æнувыд уыдысты. Æвæрдтой сыл-иу зæрдылдарæн нæмттæ: Буян, Асуан, Ирланд, Терек, Осман,Дог, Сынок æмæ æнд. Уæлдай аргъ кодтой араббаг бæхтæн.

2007 Азы Хъантемыраты цирчы бæхылхъазджыты къорды сæвзæрдыл сæххæст ис 100 азы.

Бæхылбадæг - наездник

Дæсныйад - искусство, мастерство

Фæлтæр - поколение

сæрзилæн митæ - головокружительные трюки

зæрдылдарæн - запоминающиеся

Колыты Аксо.

Колыты Аксо у фыццаг ирон рухстауджытæй æмæ поэттæй иу.

Аксо райгуырдис 1823 азы мæгуыр бинонты ‘хсæн. Фыццаг ахуыр кодта Дзæужыхъæуы дины скъолайы, стæй та Калачы (Тифлисы) духовон семинары. Каст æй фæци тынг хорз нысæнттимæ (с отличием) æмæ бирæ азты куыста сауджынæй.

Аксо ирон чызджытæн йæхи хæдзары байгом кодта скъола, ахуыргæнæг дæр дзы уыди йæхæдæг, ахуыр та сæ кодта бынтон лæвар.

Аксо канд ахуыргæнæг нæ уыд, фæлæ ма тæлмац кодта уырыссаг æвзагæй иронмæ дины чингуытæ, ис æм æртæ æмдзæвгæйы иронау: «Мах фыд», «Мады Майрæмы кады зарæг», «Чырыстийы рухс райгасдзинад».

Аксо архайдта, цæмæй ирон адæммæ иудзинад фæзына: иу дин (чырыстон дин) райсой, цæмæй ма уой дихтæ, къордтæ. Уый мидæг ис Аксойы рухстауæн куыст.

Дзæуджыхъæуы æвæрд æрцыдис Колыты Аксойæн цыртдзæвæн Ирыхъæуы.

Рухстауæг - просветитель

Сауджын - священник

Лæвар - бесплатно

Иудзинад - единство

Цыртдзæвæн - памятник

Хетæджы къох.

Хетæджы къох ирон адæммæ уæлфæдзæхст бынатыл нымад цæуы. Алы аз дæр дзы вæййы куывд. Уыцы бон æппæт Ирыстоны дæр бæрæгбон вæййы. Ирыстоны алы рæттæй Хетæджы къохмæ æрцæуы тынг бирæ адæм. Ам фæкувынц Хетæджы Уастырджимæ. Кæмæн нæ бантысы Хетæджы къохмæ æрцæуын, уыдолн та йын йæ ном ссарынц сæ хæдзæртты.

Хетæджф къох æй уымæн хонынц, æмæ, таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй раджы кæддæр иу лæг, йæ ном Хетæг, зæгъгæ, ралыгъд йæ марджытæй. Ныр Хетæджы къох кæм ис, уым ахаудта, йæ бон нал уыд лидзын. Уæд æм райхъуыст, уым дæрддзæф цы хъæд уыди, уырдыгæй хъæлæс:

- Хетæг, хъæдмæ!

- Хетæг хъæдмæ нал бафæраздзæн, фæлæ хъæд – Хетæгмæ,- æрмæст ма бафæрæзта ныхъхъæр кæнын Хетæг. Æмæ уæд æрцыди алæмæттаг цау: хъæдæй иу къох раскъуыди æмæ Хетæджы бамбæрзта.

Уæдæй фæстæмæ уыцы къох сси уæлфæдзæхст ран, кæм фæкувынц Хетæгæн нæ, фæлæ йæ феххуысгæнæг Хетæджы Уастырджийæн. Уым не ‘мбæлы нæдæр бæлæстæ фадын, нæдæр къалиу алыг кæнын, нæдæр дыргътæ уидзын, нæдæр исты сырд кæнæ маргъ амарын. Уырдæм не ‘мбæлы карз нозт хæссын, хыл кæнæ æнæгъдау митæ кæнын.

Къох - роща

Уæлфæдзæхст - священный

Нымад цæуы - считается

Фæкувынц - молятся

Йæ ном ссарынц - упоминают, воздают ему

Нæ бантысы - не удаётся

Нал бафæраздзæн - уже не сможет

Ралыгъд - бежал

Марджытæй - от убийц

Ныхъхъæр кæнын - закричать

Æрцыди - случилось

Хыл кæнын - драться

АНАХАРСИС

Незаманы цы 7 куырыхон лæджы цардис, уыдонæй иу уыди скиф Анахарсис. Царди мах дуджы агъоммæ 7-æм æнусы. Анахарсис уыд ахуыргонд, базонгæ берзенты культурæимæ. Фæлæ йæ райгуырæн бæстæмæ куы ‘рбаздæхт, уæд фæмард йе ‘фсымæр, паддзах Савлийы къухæй.

Анахарсис уыд тынг цыргъзонд. Йæ афоризмтæ, ома æмбисæндтау цыбыр æмæ мидисджын хъуыдытæ, æмбæлынц бирæ рагон авторты чингуыты.

Анахарсисы хъуыдытæ:

1. Бирæ ницæйаг æмбæлтты бæсты дын фæлтау уæд иу хорз æмбал.

2. Хъуыдытæ æмæ ныхæстæ хорз уæд вæййынц, сæ фæстæ рæсугъд хъуыддæгтæ куы фæцæуынц.

3. Рæстдзинады тыххæй фæраз æфхæрдæн. За правду терпи унижения.

4. Кад кæн дæ къонайæн. Чти очаг свой.

5. Гæнæн цæмæн ис, уымæй дарддæр мацы дом. Не желай невозможного.

6. Фыдæлтæн кад кæнын зон. Почитай предков.

Дзырдуат:

Незаманы - в давние времена

Мах дуджы агъоммæ - до нашей эры

Бердзенæгтæ - греки

Удыхъæд - моральное (душевное) качество человека

Мидисджын - содержательные

Куырыхон - мудрый

Цыргъзонд - остроумный

Хетæгкаты Къоста

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырди мин астсæдæ фæндзай фарæстæм азы фынддæсæм октябры Нары хъæуы.

Къоста раздæр ахуыр кодта Нары хъæуы скъолайы, стæй та прогимназы. Мин астсæдæ æвдай фыццæгæм азы бацыдис Стъараполы гимназмæ. Гимназы уый бирæ кастис, фыста æмдзæвгæтæ æмæ кодта нывтæ.

Уый фæстæ Къоста ахуыр кодта Петербурджы Аивæдты Академийы. Каст æй нæ фæцис æмæ сыздæхтис Ирыстонмæ. Ам фыста йæ диссаджы æмдзæвгæтæ, сидтис зæронд дуджы ныхмæ тохмæ.

Йæ тохы тыххæй Къостайы дыууæ хатты арвыстой Ирыстонæй. Уыцы азты фæрынчын ис æмæ мин фарастсæдæ æхсæзæм азы амардис.

Æмдзæвгæтæ - стихи

Зæронд дуг - старый строй

Сидтис - призывал

Ныгæд у - похоронен

Дыууадæс дзырды

Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты… Уæддæр

Дыууадæс дзырды се ‘ ппæтæй хуыздæр.

Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн

ЦАРД.

Йæ фидауц уымæн – арвы стъæлфæн -

АРТ.

Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у

МАД.

Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц –

ФАРН.

Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин –

ÆФСАРМ.

Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр –

ХÆЛАР.

Ыскæны мах Хуыцауы ‘ мсæр

ÆХСАР.

Лæджы нысан – СÆРИБАР æмæ КАД.

Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн КАРД.

Æппæт хæрзтæн ИРЫСТОН у бындур, -

Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур. (Джыккайты Шамил)

Куыдзойты Владимир

Дзæуджыхъæуы 44-æм астæуккаг скъола хæссы гвардийы лейтенант Куыдзойты Владимиры ном. Скъолайы бахизæны æдзард лейтенантæн æвæрд ис мемориалон фæйнæг.

Куыдзойты Валодя 1990 азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис 44-æм скъола. Йæ фыд уыд афицер. Уымæ гæсгæ Владимиры йæ гыццылæй фæстæмæ фæндыд æфсæддон суæвын, тынг уарзта парашютон спорт. Цыдис Дзæуджыхъæуы аэроклубмæ.

Скъолайы фæстæ ахуыр кодта Мæскуыйы уæлдæр æфсæддон училищейы. Службæ кодта Псковы. Фæстæдæр æй йæхи курдиатмæ гæсгæ арвыстой Цæцæны республикæмæ. Уым, йæ æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ фæмард 1995 азы.

Валодя йæ цард радта сабырдзинад æмæ адæмты иудзинадыл. Йæ ном æнустæм цæрдзæн нæ зæрдæты.

Уæлахиздзаутæ

Дунейы артист.

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]