Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
11 къласы экзаменты рмг.docx
Скачиваний:
1
Добавлен:
29.08.2019
Размер:
53.81 Кб
Скачать

11 Къласы экзаменты æрмæг.

Хетæгкаты Къоста – нывгæнæг.

Ирон профессионалон нывкæнынады бындурæвæрæг у Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.

Къоста æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æгас Цæгат Кавказы дæр бындур æрæвæрдта алыхуызон жанртæн. Къоста фыста алыхуызон иконæтæ, плакатæ, декорацитæ арæзта уырыссаг театры спектакльтæн. Цæгат Кавказы фыццагдæр уый райдыдта нывты равдыстытæ аразын.

Хетæгкаты Къоста Владикавказы нывты равдысты фыццаг æрæвæрдта «Хъыггæнæг зæд» («Сыгъдæг Нинæ»). Зæд реалистон манерæйы арæзт кæй уыдис, уымæ гæсгæ аргъуан ныв нæ балхæдта. Ацы нывы Къоста Равдыста йæ уарзон чызг Аннæ Поповайы сурæт. Къоста Аннæ Поповайы портретæй уæлдай сныв кодта бирæ æндæр портреттæ дæр, сарæзта «Автопортрет». Йæ мады портрет та сныв кодта хистæрты ныхæстæм гæсгæ , æмæ йын рауадис тынг æнгæс æмæ аив.

Къостамæ ис ахæм нывтæ, куыд: «Æрдзон хид» («Природный мост»), «Тебердайы ком», «Дурсæтджытæ» («На каменоломне»), алыхуызон портреттæ .

Бирæ нывтæ скодта адæмы царды уагыл (бытовые)

Къоста ирон æгъдæутты æмæ царды тыххæй ныффыста этнографион очерк «Особа». Йæ æмдзæвгæты чиныг та хуыйны «Ирон фæндыр»

Нывкæнынад - изобразительное искусство

Бындурæвæрæг - основоположник

Равдыст - выставка

Сурæт - образ

Аргъуан - церковь

Æрдз - природа

Æнгæс - похожа.

Брытъиаты Елбыздыхъо.

Брытъиаты Елбыздыхъо у ирон драматургийы æмæ профессионалон театры бындурæвæрæг. Ирон сценæйы æппæты фыццаг уый пьесæтæ æвæрд æрцыдысты, уыдонæй райдыдта ирон драматурги. Елбыздыхъо равдыста ирон адæмы царды æцæг нывтæ. Ирон литературæйы хæзнадонмæ бахаста диссаджы драмон уацмыстæ.

Елбыздыхъо ныффыста комеди «Уæрæседзау», Пьесæ «Худинаджы бæсты - мæлæт», чысыл ныв «Маймули – рухсаг, æгас цæуæд ирон театр», драмæтæ «Дыууæ хойы» æмæ «Хазби», трагедии «Амыран», радзырд «Цад». Йæ публицистон уацмыстæ фыста иронау, дæр æмæ уырыссагау дæр.

Брытъиаты Елбыздыхъо сфæнд кодта ирон адæмæн бамбарын кæнын, театр æрмæст худынæн кæй нæу. Уый хъуамæ хæсса хурмæ æхсæнадон царды хъæнтæ, æххуыс кæна фæллойгæнæг адæмы уавæр хуыздæр кæнынæн, хæсса рухс æмæ ахуырдзинад адæмы ‘хсæнмæ.

Бындурæвæрæг - основоположник

Æцæг - действительные, реальные

Хæзнадон - сокровищница

Диссаджы - удивительные

Маймули - обезьяна

Рухсаг - царство небесное

Æхсæнадон - общественное

Уавæр - положение

Царды хъæнтæ - недостатки

Нæ зæххы хъæздыгдзинæдтæ.

Нæ республикæ бирæ азты дæргъы хъуыстгонд уыдис, æвзист, зды æмæ цинчы хъæздыг æвæрæнтæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ зæххы бынæй къахтой, зды æмæ цинк бирæ кæм уыдис, ахæм æрзæт, æмæ-иу æй бакуыстой Ирыстоны заводтæ æмæ фабрикæты. Фæлæ ссæдзæм æнусы æхсайæм азтæй фæстæмæ Ирыстоны хуызджын металлургийы къабазы куыст хорз нал уыдис, уымæн æмæ хомаг нал фаг кодта.

Уæдæй нырмæ рацыдис бирæ рæстæг, фæлæ уавæр нæ фæхуыцздæр ис. Хъæуынц ног геологион сгарæн куыстытæ, Æрыдон æмæ Терчы доны астæу цы рæгътæ ис, уымыты, Дыгургомы. Дызæрдыггаг нæу, нырма нæ хæбæсты бирæ ис, адæймаджы къух кæдæм нæма бахæццæ ис, ахæм хъæздыг æрдзон æвæрæнтæ. Уыдон хъæуы ссарын æмæ сæ спайда кæнын хæдзарады алы къабæзты.

Ныртæккæ нæ республикæйы стыр æргом здæхт цæуы, арæзтадон индустри æмæ химион куыстуæттæн цы æрмæджытæ бæззынц, уыдон амал кæнын æмæ сæ пайда кæнынмæ: змис æмæ хуыр, доломит, чъырдур, æлыг æмæ æндæр æрмæджытæ.

Уымæй уæлдай, махмæ ис декоративон дурты стыр æрдзон æвæрæнтæ, стæй мраморы алы хуызтæ.

Сæрд Ирыстоны йæ барты куы бацæуы, уæд цæст фæрæвдауынц быдырон æмæ уæлхох уыгæрдæнтæ. Уыцы уыгæрдæнты цы фос фæхизынц, уыдонæн уæлдай сойджындæр æмæ хæрзаддæр вæййы сæ цыхт. Нæ республикæйы рагæй дæр дарынц лыстæг фос æмæ стурвос, бæхтæ, хæрджытæ. Цæмæй Ирыстоны цæрæгойты дуне (фауна) фæалыхуызондæр уа, уый тыххæй ардæм æрбаластой домбайтæ. Уыдон сæ бынат ссардтой иннæ хъæддаг цæрæгойты ‘хсæн, уайтагъд ацахуыр сты ног царды уавæртыл. Адæм сæ хъус дарынц уымæ, цæмæй домбайты нымæц фылдæр кæна.

бирæ азты дæргъы - на протяжении многих лет

æвæрæнтæй - залежи

къахтой - добывали

æрзæт - руда

хуызджын металлурги – цветная металлургия

къабазы - отрасль

хомаг - сырье

уавæр - положение

сгарæн куыстытæ - разведовательные работы

чъырдур - известь

хуыр - щебень

йæ барты куы бацæуы - входит в свои права

уæлхох уыгæрдæнтæ - высокогорные луга

Ироны бæллиц басæтдзæнис Марс дæр.

Къомайты Руслан у зындгонд конструктор, авиаци æмæ космонавтикæйы наукæты профессор. Хорзæхгонд у майдан «Звезда голубой планеты»-йæ, Паддзахадон премийæ.

Владимир стыр æнтыстдзинæдтæ равдыста космосон наукæйы. Сарæзта ахæм аппарат, кæцыйæн йæ бон цæуын уыдзæнис цæуын Марсыл. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ац ыаппарат бирæ хуыздæр у америкаг ахуыргæндты аппаратæй.

Владимир хъомыл кодта Ногиры. Фæндзæм къласы куы ахуыр кодта, уæд тынг бауарзта арв. Авиамоделистты къордмæ цæуын райдыдта. Тынг кусын райдыдта йæхиуыл, сфæнд кодта Мæскуымæ ацæуын, фæлæ йæ фыд нæ ауагъта. Скъола сыгъзæрин майданимæ каст куы фæцис, уæд бацыдис Хæххон-металлургон институтмæ. Æртыккаг курсæй йæ аивтой Мæскуымæ МАИ-йы космосы тæхæн аппараттæ аразæн факультетмæ. Афтæ сæххæст ис йæ царды стырдæр бæллиц Русланæн. Хуымæтæг хъæууон лæппу сси паддзахадон лæг, хъуыстгонд конструктор.

Мах сæрыстыр стæм не ‘мзæххонæй.

Хорзæхгонд - награжден

Æнтыстдзинæдтæ - достижения

Хъуыстгонд - знаменитый

Сæрыстыр стæм - гордимся

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]