Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
11 къласы экзаменты рмг.docx
Скачиваний:
1
Добавлен:
29.08.2019
Размер:
53.81 Кб
Скачать

Национ парк «Алани»

Æстдæсæм февралы мин фарастсæдæ нæуæдз æстæм азы Цæгат Ирыстоны хицауад рахаста Уынаффæ Дыгургомы национ парк «Алани» саразыны тыххæй документы куыд фыст ис, афтæмæй парк у экологион-рухстауæн æмæ наукон-иртасæн уагдон. Ис дзы бирæ æрдзон, историон æмæ культкрон цыртдзæвæнтæ.

Национ парк «Алани»-йы зæххыты иумæйаг фæзуат у фæндзай фондз мин гектары. Уыдонæй авд мин фондзсæдæ аст гектары ахсынц хъæдтæ. Ис дзы иуæндæс гыццыл хъæуы, цæры дзы дыууæ мин адæймагмæ æввахс. Кусынц дзы туристон базæтæ «Дзинагъа», «Дыгур» æмæ фæлладуадзæн базæтæ, Цæгат Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы профилакторитæ, альпинисты лагерь, ирвæзыгæнæн службæ.

Дыгургомы бирæ ис суæртты гуырæнтæ. Уыдон кæлынц бæрзонд хæхтæй.

Дыгургомы зайы алыхуызон зайæгойтæ, бæлæстæ: нæзы, æхсæлы æмæ æндæртæ.

Ног азы бæрæгбоны рæстæг иуæй-иу адæмтæ акалынц хихджын бæлæстæ.

Тагъд рæстæджы Дыгуры комы аразын райдайдзысты , доны тыхæй чи кусдзæнис, ахæм фынддæс чысыл электростанцæйы. Уæллагкомы Дунтæй хъæуы хуссаркæсæнырдыгæй та сараздзысты хæххон къахдзоныгътæй бырæн комплекс.

Национ парчы кусджытæ бирæ тыхтæ бахардз кæнын бахъæудзæнис, цæмæй æрдзон фæзуаты хъахъхъæд æрцæуой зайæгойтæ æмæ цæрæгойты генофонд æмæ сæ цæрæнбынæттæ. Ацы æрдзы хорздзинæдтæй пайда кæнын хъæуы, йæ æрдзон миниуджытæ йын нæ сафгæйæ, йæ экологи йын хъахъхъæнгæйæ.

Хицауад - правительство

Уынаффæ - указ, закон

Рухстауæн - просветительское

Иртасæн - исследовательское

Уагдон - учреждение

Фæзуаты - на площади

фæлладуадзæн базæтæ – базы отдыха

ирвæзыгæнæн - спасательная служба

суæртты гуырæнтæ - минеральные источники

нæзы - сосна

æхсæлы - можжевельник

къахдзоныгътæй бырæн комплекс - горнолыжный комплекс

миниуджытæ - качества

«Нарты кадджыты темæ ирон нывкæнынады»

«Нарты кадджыты» сюжеттæй бирæтæ æвдыст æрцыдысты ирон нывгæнджыты куыстыты. Æппæты фыццаг уыцы темæмæ йе ‘ ргом аздæхта Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг æмæ Гуырдзыйы ССР-йы сгуыхт архайæг Тугъанты Сафары фырт Махарбег.

Уый райгуырдис Дур-Дуры мин астсæдæ æстай фыццæгæм азы.. Астаздзыдæй сси Дзæуджыхъæуы Серебряковайы пансионы ахуырдзау, уый фæстæ ахуыр кодта Владикавказы реалон училищейы. Петербурджы Аивæдты Академи каст фæци мин фарастсæдæ æртыккæгæм азы. Йæ дарддæры ахуырад Тугъаны-фырт ахæццæ кодта фæсарæны, Мюнхены горæты.

Мин фарастсæдæ æвдæм азы тугъаны-фырт æрбаздæхтис Ирыстонмæ æмæ Владикавказы байгом кодта аивадон студи, бацæттæ кодта сфæлдыстадон фæсивæды равдыстытæ, сарæзта нывгæнджыты æхсæнад. Алы аз дæр цыдис хохмæ адæмон кадджытæ, зарджытæ, æмбисæндтæ æмбырд кæнынмæ. Ныммыхуыр кодта дыгурон æвзагыл чиныг йæхи конд нывтимæ «Дигорон кадæнгитæ».

Мин фарастсæдæ дыууын фæндзæм азы «Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты уацты» фыццаг томы рацыдис Тугъанты Махарбеджы уац «Кто такие нарты?». Мин фарастсæдæ дыууын æвдæм азы кусын райдыдта «Нарты куывды» фыццаг акварелон вариантыл, стæй йæ бындурыл сарæзта монументалон ныв «Нарт Сослан кафы стыр кæхцы былтыл». «Нарты куывд у Тугъаны-фырты хуыздæр уацмыс.

Нарты кадджыты хъайтартæ, сæ цард æмæ се сгуыхтытæ æвдыст цæуынц Махарбеджы иннæ уацмысты дæр: «Уастырджи æмæ Дзерассæ», «Куырдалæгон», «Нарты хъæзтытæ», «Сырдон», «Ацæмæз цæгъды уадындзæй».

Нывгæнæг куыста зетийæ, гуашæй, акварелæй, тушæй. Ахорæнтæ сты ирд, цæст сæм кæсынæй не 'фсæды.

Махарбег бирæ нывтæ сарæзта Хетæгкаты Къостайы уацмыстæм гæсгæ.

Æвдыст æрцыдысты - были показаны

Равдыстытæ - выставки

Ныммыхуыр кодта - опубликовал

Кæхц - чаша

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]