Олимпаг хъæзтытæ.
Чысыл паддзахад Бердзен дунейæн стыр лавæрттæ ракодта. Уыдоны æхсæн хицæн бынат ахсынц Олимпаг хъæзтытæ. Фыццаг Олимпиадæ кæд уыдис, уый бæрæг нæу. Фæлæ мах дуджы размæ мин авдсæдæ æвдай æхсæзæм азы дурыл фыст æрцыдис, згъорынæй ерысты чи фæуæлахиз ис, уыцы атлеты ном. Уыцы аз нымад у Олимпаг хъæзтыты райдайæныл.
Олимпаг барæгбон-иу сарæзтой Альтисы уаз къохы. Уый уыдис тынг рæсугъд бынат. Олимпаг хъæзтыты рæстæджы басабыр сты æппæт хæстытæ дæр. Мингай кæсджытæ-иу æрæмбырд сты ацы ранмæ, фæлæ уыдон æрмæст хъæзтыты тыххæй нæ цыдысты. Ам-иу поэттæ, оратортæ, ахуыргæндтæ адæмы размæ рахастой сæ ног уацмыстæ, нывгæнджытæ æмæ скульптортæ æвдыстой сæ хуыздæр нывтæ æмæ скульптурæтæ. Паддзахадон лæгтæ хъусын кодтой ног уынаффæтæ, бардзырдтæ, æндæр ахсджиаг документтæ. Афтæмæй цыппар азы иу хатт арæзт цыдис бердзенты стырдæр бæрæгбон - зондджындæрты æмæ курдиатджындæрты бæрæгбон.
Мин астсæдæ æстай æртыккæгæм азы францаг æхсæнадон кусæг, историк æмæ литератор барон Пьер де Кубертен бахаста фæндон, цæмæй цыппар азы иу хатт арæзт цæуой æппæтдунеон Олимпаг хъæзтытæ. Ацы фæндоныл сразы сты дыууадæс паддзахады; сарæзтой олимпаг змæлды разамонæг орган - Æппæтдунеон олимпаг комитет - æмæ сфидар кодтой Олимпаг харти - Олимпаг комитеты куысты бындурæвæрæг æгьдæуттæ.
Темæ «Æрдзон диссӕгтӕй иу – Цъӕйы ком» хи ныхæстæй раргом кӕн.
Ратæлмац кæн хъуыдыйæдтæ. Фæбæрæг кæн хайыг «мама» - йы нысаниуæг.
Мама бацу къласмæ.
Мама сис билет.
Мама ратт уыцы велосипед.
Æрхæсс дæхи дæнцæгтæ.
