Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Биеты 1-10.docx
Скачиваний:
3
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
34.11 Кб
Скачать
  1. Текст бакæс, ратæлмац æй кæн.

Фæсивæдон театр «Амыран».

«Амыран» - афтӕ хуыйны фӕсивӕдон театр-студи. Адӕмон сфӕлдыстады Амыран у идеалон хъайтар. Уый адӕмӕн балӕвар кодта ӕрвон зынг, сӕ талынг цард сын срухс кодта арты цӕхӕрӕй. Уый тыххӕй хуыцӕуттӕ смӕсты сты Амыранмӕ ӕмӕ йӕ Кавказы хӕхты иу айнӕгмӕ фидар рӕхыстӕй бабастой.

Фӕсивӕдон театр дӕр, мифон Амыраны хуызӕн, тырны адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Худы ӕхсӕнады хъӕндзинӕдтыл, хурмӕ хӕссы ӕвзӕрдзинӕдтӕ. Ӕргомӕй ӕвдисы, адӕймаджы ном чи чъизи кӕны, уыдоны. «Ӕхсӕнады ӕнӕниздзинадӕн худынӕй хуыздӕр хос нӕй» - афтӕ нымайынц театры актертӕ: ӕрыгон специалисттӕ, аспиранттӕ, студенттӕ.

«Амыран»-ы эстрадон миниатюрӕтӕ, пародитӕ, худӕджы зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ уарзынц Цӕгаты дӕр ӕмӕ Хуссары дӕр. Йӕ алы концерты дӕр залы къух бакӕнӕн нӕ вӕййы.

Коллективы репертуары ис ирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейнаг авторты уацмыстӕ, фӕлӕ бирӕ пантомимӕтӕ, композицитӕ, скетчтӕ артисттӕ сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой.

Ныртӕккӕ ӕрыгон коллективы репертуары ис спектакль «Фыдджын ӕви гамбургер?», программӕтӕ «ИРОНизацигонд шоу», «Худӕгыл ахудӕм», «Ӕппын нӕйы бӕсты чызг хуыздӕр», «Аивӕдты дӕсныты ӕнахуыр концерт».

  1. Темæ «Мæ уарзон дæсныйад» хи ныхæстæй раргом кӕн .

  2. Сараз хъуыдыйæдтæ дзырдтæй:

    • Сывæллæттæ, цæуын, фæззæг, скъола.;

    • Зымæг, уалдзæг, фæстæ, уазал, райдзаст, цæуын.

    • Зæронд, бадын, бандон, устытæ.

5-æм билет.

  1. Текст бакæс æмæ йæ ратæлмац кæн.

Гæздæнты Булат.

Ис, йӕ адӕмы `хсӕн уарзон чи у, йӕ адӕмӕн лӕггад чи кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕ. Уыдонӕй иу у Гӕздӕнты Булат.

Булат фӕндырӕй цӕгъдын райдыдта, ӕртӕ азы йыл куы цыдис, уӕд. Хистӕртӕ-иу тарстысты, уӕззау фӕндыр сабийы къухтӕй куы ӕрхауа, уымӕй. Бамбӕхстой-иу фӕндыр, ӕмӕ-иу уӕд саби хъӕлӕсы дзагӕй кӕуын райдыдта. Сыхаг чызджытӕ-иу, тӕригъӕдгӕнгӕйӕ, лӕппуйы сӕхимӕ акодтой ӕмӕ-иу ын дзы исчи йӕ фӕндыр радта. Афтӕ райдыдтой ольгинскӕйаг лӕппуйы фыццаг къахдзӕфтӕ музыкӕйы алӕмӕты дунемӕ.

Абон Гӕздӕнты Булат у хъуыстгонд фӕндырдзӕгъдӕг ӕмӕ композитор. Уый ныффыста бирӕ лирикон зарджытӕ, музыкӕ

алыхуызон спектакльтӕ ӕмӕ кинонывтӕм, бакуыста рагон цӕгьдтытыл, радта сын ног цард.

Курдиатджын фӕндырдзӕгъдӕджы сфӕлдыстады бындуры ис адӕмон фольклор, уый хъӕздыг у арф лиризмӕй, баст у йӕ адӕмы культурӕимӕ.

Номдзыд музыкант лӕвӕрдта концерттӕ дунейы бирӕ бӕстӕты, сӕ цӕрджыты сын зонгӕ кодта Ирыстоны музыкалон культурӕимӕ. 1968 азы, Болгарийы, Фӕсивӕды фарæстӕм ӕппӕтдунеон фестивалы Гӕздӕнты Булатӕн йӕ диссаджы аив цагъды тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыдис Сыгьзӕрин майдан.

  1. Темæ «Ирыстон» хи ныхæстæй раргом кӕн.

  2. Аифтындзæг кæн мивдисæг цæуын нырыккон афоны.

6-æм билет.

  1. Текст бакæс æмæ йæ ратæлмац кæн.

Эйфелы мæсыг.

Францы хицауад Стыр Францаг революцийы сӕдӕ азы кадӕн сфӕнд кодта 300 м бӕрзӕндӕн мӕсыг саразын. Конкурсы архайдтой 700 архитекторы ӕмӕ инженеры, фӕлӕ рамбылдта Гюстав Эйфелы проект. Ацы инженер раздӕр сарӕзта Сӕрибардзинады цыртсурӕты згъӕр бындур Нью- Йорчы. Мӕсыг ӕнцон аразӕн нӕ уыдис: ӕдӕппӕтӕй йын бахъуыдис 12 000 хайы, ӕмбырд сӕ кодтой 2 азы дӕргъы. Йӕ 1- аг уӕладзыг ис 57 м, 2- аг – 115 м, 3- аг та – 276 м бӕрзӕндыл (уым Эйфель сарӕзта йӕ кусӕн бынат).

Фыццаг ӕнахуыр «сау хӕтӕлы» ныхмӕ сыстадысты бирӕ зындгонд францӕгтӕ: Александр Дюма-фырт (фыссӕг), Сюлли Прюдом (поэт), Шарль Гуно (композитор), Ги де Мопассан (фыссӕг), Гийом Аполлинер (поэт) ӕмӕ ӕндӕртӕ . Фӕстӕдӕр уыдон сӕ цӕстӕнгас аивтой ӕмӕ бауарзтой Эйфелы ӕнахуыр конструкци. Гуно ма дзы суанг концерт дӕр радта. 1989 азы Эйфелы мӕсыг реставрацигонд ӕрцыдис, бауагътой йӕм рухс, ӕмӕ ныр ӕхсӕвыгон дӕр дзӕбӕх зыны.

  1. Темæ «Æрдз нӕ хъӕздыгдзинад» хи ныхæстæй раргом кӕн.

3. Хъуыдыйӕдты бавӕр хъӕугӕ дзырдтӕ.

Æрдз нын дӕтты … ӕмӕ … .

Уый суры адӕймаджы … .

Нӕ зӕрдӕты нын бауадзы … , раргом нын кӕны йӕ ….

[Рухс, сусӕгдзинӕдтӕ, ныфс, ӕрхӕндӕг (ӕнкъарддзинад), тых].

7-æм билет.

  1. Текст бакæс æмæ йæ ратæлмац кæн.