Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Биеты 1-10.docx
Скачиваний:
0
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
34.11 Кб
Скачать

Мишель Нострадамус.

Мишель Нострадамус у францаг астролог, дохтыр ӕмӕ поэт, номдзыд дӕсны, рагацау зыдта, фидӕны цы уыдзӕнис, уый. Нудӕс азы йыл куы цыдис, уӕд каст фӕцис Авиньоны университет. Уыцы кары разындис йе стыр курдиат: Нострадамус уыдис «уӕларвон наукӕты» дӕсны, зыдта, Зӕхх Хуры алыварс кӕй зилдух кӕны, уый. Уыдис ӕм диссаджы миниуӕг: чиныджы хай-иу ӕрмӕст иунӕг хатт куы бакастис, уӕд-иу ӕй ӕнӕхъӕнӕй бахъуыды кодта.

1522 – 1525 азты Монпельейы университеты ахуыр кодта медицинӕ. Нострадамус йӕхи хуыдта «дохтыр-астрофил» (ома стъалытӕуарзаг), диагноз сӕвӕрыны тыххӕй пайда кодта астрологийӕ. Уыцы рӕстӕджы бирӕ куыстытӕ ныффыста астрологи, медицинӕ ӕмӕ философийы фӕрстыты тыххӕй. 1555 азы 1 мартъийы мыхуыры рацыдысты йӕ номдзыд «Центуритӕ» ӕмӕ сӕ разныхас – фыстӕг йӕ фырт Цезарьмӕ.

Нострадамусы ӕнӕмӕлгӕ кад баст у йӕ уыцы курдиатимӕ, ӕмӕ рагацау кӕй зыдта, фидӕны цы ʼрцӕудзӕнис, уый. Уыцы зонындзинӕдтӕ фыст сты «Центуриты», сӕдӕгай цыппаррӕнхъонтӕй, ӕмӕ хӕццӕ кӕнынц суанг 3797-æм азмӕ. Ацы чиныгӕн цы стыр нысаниуӕг уыдис дунейы адӕмты царды, ууыл дзуры иу факт: фондз ӕнусы дӕргъы мыхуыры рацыдис нӕуӕдз хатты. Чиныджы разныхасы (Цезарьмӕ фыстӕджы) Нострадамус фыссы, ӕдзухӕй астрологийӕ кӕй пайда кодта.

  1. Темæ «Ирон адӕмы традицион бӕрӕгбӕттӕ» хи ныхæстæй раргом кӕн.

  2. Бамбарын кæн дзырдбæстыты нысаниуæг. Сараз семæ хъуыдыйæдтæ.

Зæрдыл дарын; зæрдæмæ цæуын; зæрдæ ӕлхæнын.

8-æм билет.

  1. Текст бакæс æмæ йæ ратæлмац кæн.

Хуыцауы зæхх.

Ис ахæм рагон таурæгь. Хуыцау, дам , Дуне арæзта. Иæ куыст куы фæцис, уæд загьта: «Ныр та аразын ахæм бынат, мæхæдæг кæм цæрин». Æмæ сфæлдыста Ирыстон. Æнахуыр рæсугъд ран æрбынат кодта Ирыстон - Кавказы бæрæгастæу. Йæ иу кæрон - Арвыкомы æнусон хæхтæ, иннæ кæрон та – Мæздæджы фæзбыдыртæ. Бæрзонд хæхты ихджьн цъититæй гуырынц уынæрджын цæугæдæттæ, сæ фæндагыл донæй æфсадынц уыгæрдæнтæ мæ дыргъдæттæ.

Диссаджы хъæздыг сты Ирыстоны хъæдтæ: тулдз æмæ сывылдз, тæрс æмæ - сусхъæд, бæрз, тæгæр æмæ нæзы. Ам зайынц мæнæргьы æмæ дзедыр, цым æмæ уагъылы, алыхуызон хъæддаг дыргьтæ. Хæхты цъуппытæм æввахс цæрынц тыхджын къæрцхъус дзæбидыртæ, никæй уадзынц сæхимæ хæстæг. Бындæр, сыфтæрджын хъæдты, фенæн ис саг, арс, стайы.

Цъæх-цъæхид уыгæрдæнты, арвы фæлмæн хъæбысы, дидинæг калынц фугæтæ æмæ эдельвейстæ, йæ уæлдæф та у суадоны хуызæн сыгьдæг. Адæймаг куы скæсы урссæр хæхтæм, æвзист æхсæрдзæнтæм, уæд æй æцæгдæр бауырны, Ирыстон Хуыцауы зæхх кæй у, уый.

  1. Темæ «Нæ горæт» хи ныхæстæй раргом кӕн .

  2. Дзырдтæ сæвæр бирæон нымæцы: кард, цæст, карк, мад, зарæг, мæсыг, дур, фыссæг, мæй, куыст.

9-æм билет.

  1. Текст бакæс æмæ йæ ратæлмац кæн.

Диссаджы балц.

Ӕнӕкӕрон космосы талынджы тӕхы чысыл астероид Гермес. Йӕ диаметр у ӕрмӕст иу километр. Йӕ орбитӕйыл зилгӕйӕ, Гермес тынг хӕстӕг ӕрбатӕхы Зӕхмӕ. Скӕн дӕ уӕлӕ фидӕны скафандр (уый дӕ бахъахъхъӕндзӕнис Хуры ӕмӕ космосы тынтӕй) ӕмӕ абалц кӕн Гермесмӕ, фен космосы диссӕгтӕ.

Ӕркӕс-ма нӕ Зӕхмӕ. Йӕ бирӕ хӕйттӕ урс ӕврӕгъты бын сты ӕмӕ нӕ зынынц, фӕлӕ уӕддӕр тынг рӕсугъд у. Афтӕ ӕрттивы, ӕмӕ йӕ рухсӕй цӕстытӕ риссынц. Полюстӕ фынӕй кӕнынц урс худты бын, цыма сӕ ӕнусон балцӕй бафӕлладысты, уыйау.

Размӕ цӕуын куыд ӕнцон у, уый бамбӕрстай? Фӕлӕ гӕппытӕ ма кӕн – планетӕйӕ фӕхицӕн уыдзынӕ ӕмӕ космосмӕ атӕхдзынӕ. Фӕнды дӕ уӕлӕ уыцы бӕрзонд хохӕй рагӕпп кӕнын? Табуафси! Ӕрмӕст дӕлӕмӕ тагъд не’рхӕццӕ уыдзынӕ – иу метр тӕхдзынӕ 42 секунды. Кӕд цӕуынмӕ зивӕг кӕныс, уӕд сындӕггай дӕхи размӕ асхой ӕмӕ планетӕйы сӕрты цалдӕр сӕдӕ метры атӕхдзынӕ.

Зӕххыл дӕ уӕз цас у? 50 килограммы? Уӕд ам та ӕрмӕст 5 граммы уӕз кӕныс. Фӕлӕ дӕ къухты ис ӕнӕкӕрон тых! Зӕххыл 100 тоннӕйы уӕз цы дур кӕны, уый Гермесыл дӕ бон у иу къухӕй сисын.

Цӕй, кӕд дӕхи аирхӕфстай, уӕд цом фӕстӕмӕ. Абад дӕ ракетӕйыл ӕмӕ раздӕх нӕ рӕсугъд хӕдзармӕ – Зӕхмӕ.

  1. Темæ «Ирыстоны национ культурӕ. Киноаивад» хи ныхæстæй раргом кӕн.

  2. Ратæлмац кæн хъуыдыйæдтæ. Ссар здæхгæ номивджытæ.

Я сам начал работать.

Ты сам скажи.

Вчера они сами пришли.

10-æм билет.

  1. Текст бакæс æмæ йæ ратæлмац кæн.