- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи, —
Нæ царды алвæндаг фæсаджил:
Дæуау мын фадæттæ нæ фæци, —
Æвыд кæм баззад хæсты алчи!
Мæ фыд ‘мæ ме ‘фсымæр æрхастой
Сæ сæртæ карз тохы нæ бæстыл,
Хæдзардзаг бинонтæ ныууагътой, —
Уæхскуæзæй кусын хъуыд сæ бæсты...
Ды та... Дæ фæндаг дын цы ‘лгъитон,
Кæнæ цы дæм дзурон тызмæгæй:
Дæ фыд кæй разынди фæлитой,
Йæхи кæй бахызта ызнагæй,
Фæцис дæ уый адыл лæгъзвæндаг.
Дæ бæллиц — институт... Фæцыдтæ.
Фæлæ дзы рафтыдтай дæ дæндаг; —
Куыд фæнды уæд, зæгъгæ, хъæцыдтæ.
Уæддæр фæхæццæ стут нысанмæ
Куыддæрты д’ арæхстджын фыдимæ
Æмæ дæ райгуырæн Чысанмæ
Æрцыдтæ — «ахуыр лæг» — цытимæ...
Кæдæй ныр нал федтам кæрæдзи, —
Фæндыд мæ абадын дæ цуры,
Зæгъын, йæ зæрды нæ кæмæн ц’ и,
Нæ иу уый иннæмæн фæдзурид...
Ды та? — нæ дæн, цыма, дæ зонгæ, —
Фæраст дæ ‘нæдзургæ мæ рæзты.
Дæ зæрдыл не ‘рлæууыд, æвзонгæй
Мах ам куыд æрвыстам нæ рæстæг:
Уæлыгæс фæсрагъмæ цыдыстæм,
Мæнау нæ къæдзæхтыл фæхаттæ...
Бæргæ уæд тынг æнгом уыдыстæм,
Нæ хæрд дæр иу уыдис, нæ бадт дæр,
Фæлæ куыд цардыстæм кæддæрты,
Уый рæстæг бамбæрзта йæ рыгæй —
(Æниу гуымир уыдтæ уæддæр ды:
Бæрæг у гайлаг род уæныгæй...)
Цæй, цы? — зæгъынц, цыма дæ сæрмæ
Иронау дзурын дæр нæ хæссыс,
Цыма нымайыс уый æфсæрмæй
Æрмæстдæр хаттæй-хатт дæ хæсыл: —
Дæ мад дын ц’ амыдта æвзонгæй,
Ды ууыл ‘нæввæрсон кæм ысдæ,
Уым, цæй, дæуæй æз дæр — дæ зонгæ —
Цы домон цинтæ ‘мæ хъæбыстæ!
Мæнæй-иу макуы зæгъ — фæхæрам;
Нæ тыхсын, фырмæстæй нæ кæрзын:
Æлгъыст уæд де ‘мдзæхдон, дæ хæлар!
Мæ куыдз дын бахæрæд дæ кæрдзын!..
1958 аз
Яннакопулу Фотуламæ
Грецийы националон сæрибаргæнæг тохты хайадисæг æвзонг поэт Я. Фотула ныртæккæ эмиграцийы ис Советон Цæдисы. Ахуыр ксгны Тбилисы университеты. 1957 азы фæззæджы уыд Ирыстоны.
Грецийыл куы рыфтауæм ныхæстæ,
Уæд æнкъард цæмæн вæййыс, Фотула?
Чи зоны, рæхджы, мæ хо, дæ бæстæн
Йе ‘фхæрæг йæ сау туджы фæтула!..
Акæсыс нæ Иры стыр бæрзæндтыл,
Цикъæйау ныффæлурс дæ мæ цуры;
Райгуырæн та ‘рбалæууы дæ зæрдыл
Æмæ мын æрхæндæггъуызæй дзурыс:
Йе уæнгтæ, дам, баст ысты рæхыстæй,
Амонд, дам, дзы ракодта хылкъахæн,
Стæй, дам, ыл æхсины лæджы ‘ххуысæй
Мистер Джон ныллæууыди цъыфкъахæй.
Хи удау адджын кæмæн у Греци,
Уыдон, дам, цæрынц ныр уым æмбæхстæй
Æмæ, дам, рæстæгмæ эмиграци
Бахъуыди рæстдзинады мæ бæстæй...
«Кæд фæтагъд йæ зæрдæйыл йæ цæссыг,
Йе ‘фхæрд риуы тохы арт æрнымæг», —
Грецийыл дæ сонт зæрдæ ныккæрзы —
О, зын у, зын у, мæ хо, — уырны мæ...
Фæлæ ма бафт сау æнкъард хъуыдытыл,
Ма мæт кæн, дæ риуæй сагъæс асур.
Кæд æцæг Элладæйы къуылдымтыл
Тугхæццæ цæссыджы мал нæма ссур,
Мигътæ йын йæ хуры рухс кæд байстой,
Кæд ызгæ хъадаманты тыхсы ныр,
Прометейы ногæй кæд ныббастой,
Сынт та йын йæ игæр кæд æхсыны;
Кæд дæ бæстыл ралæууыд хъызт зымæг,
Никъосыл дзы уалдзæг саутæ дары,
Тохы артæн нæй уæддæр æрнымæг,
Зон, рæстдзинад йе стыр фæндаг ары!
Дуне ‘мткæй лæджы бартыл ысдзырдта,
Рухс фидæн — йæ фарсхæцæг дæ бæстæн.
Тагъд Элладæ тугхъæлæс лæгсырдтæм
Райсдзæнис фæстаг тохы йæ гæрзтæ.
Байроны зæрдæйы туджы ‘ртæхтæ
Растдзысты сæрибары салдæттæй,
Тохвæдисы рацæудзысты хæхтæ,
Прометей ысрæдувдзæн йæ бæттæн...
Грецийыл куы рыфтауæм ныхæстæ,
Ма-иу у уæд, ма, æнкъард, Фотула!
Хъуамæ ныр рæхджы, мæ хо, дæ бæстæн
Йе ‘фхæрæг йæ сау туджы фæтула!...
Фæззæг
Галы фæдты къæвдайы дон сæлы,
Мигъты ‘хсæн йæ цæст ныкъулы хур.
Бæлæстæй зæрин сыфтæртæ згъæлы,
Фæззæг у, рæгъæд кæрдойау, бур.
Уазалæй, æргъæвст цæргæстау, хæхтæ
Мигъты ‘хсæн æрхæндæгæй хуыссынц.
Зилахаргæнæг хъуынтъыз æврæгътæ
Сур уазал сæ базыртыл хæссынц.
Къæбицты сырхварс фæткъуытæ худынц;
Хордæттæ уæззау улæфт кæнынц;
Дзаг лалымтæ расыг лæгтау цудынц;
Быркуытæ сæ хæдбылтæй кæлынц.
Атардта Хъызлары хъарм быдыртæм
Сахъ фыййау йæ хæрзхаст фосы дзуг.
Хъæдрæбынтæй нал хъуысы сыбыртт дæр:
Алчи фаг æрцæттæ кодта суг.
Нал тæрсæм хъызт зымæгæн йæ койæ;
Хъуысы дард ирон фæндыры цагъд.
Уазал къухæй урс зымæг, кæрдойау,
Бур фæззæджы ратондзæнис тагъд...
1956 аз
