Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Бестаев Г.Г. - Произведения. Том 1 - 2003.doc
Скачиваний:
2
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
1.51 Mб
Скачать

«Хурзæрин» —æн

(Йæ рацыдыл цыппор азы бонмæ)

Пæр-пæргæнгæ мæм дард азтæй æртахтæ,

Фæлдахын дæ, ирон газет, æз дæр та...

Цыма мын барджын сусæг уайдзæф загътай:

Цы сарæзтай Ирыстоны хуыздæртау?!.

Цы сарæзтон... цы бантысти мæнæн та...

Фæйнæгварс Чермен, сахъ Сикъо куынæ дæн.

Куы скастæ хæхтыл, «Хурзæрин», æнæнтау,-

Сæ уды рухс дын фервыстой дзыллæтæм.

Дæ разæй асчъил кæмтты тар — мылазон,

Фыййауы къæсмæ хуры тын ныххастай;

Ныууагътой дæттæ се ‘нусон дзыназын,

Ныббастай сæ ирон кæлæн ныхæстæй.

Цæхæрцæст Плион, рухсхъуыды Тыбылон,

Дæуæй ыскодтой дзыллæйæн цырагъдар.

Цы уыди хур дæ цуры? — бур къуыбылой, —

Уый адæмæн сæ риутæм рухс ды уагътай.

Дæ урс фæтæнты куы цыргъ цæвæг зарыд,

Куы та дæ уад, тырысайау, фæйлыдта.

Кулачы сау нæмгуытæй дæ зынгарыд,

Уæддæр зынты фæстæ лæууын нæ зыдтай...

Фæлдахын дæ... нывау мæ цæстыл уайы:

Мæ хистæртæ дæ, ‘хсаргардау, куыд хастой;

Фыдыбæстæйыл тайын æмæ руайын

Хъуыддаг æмæ лæгдзинадæй куыд барстой.

Фæлдахын дæ, бæгъатырты цæвиттон...

Фæлдахын дæ, мæ хистæртау, æз дæр та.

Дæ цæстæнгасыл барджын уайдзæф федтон, —

Цы сарæзтой Ирыстоны хуыздæртау?..

Чи зоны

Чи зоны, мæнгуд ысты мæ хъуыдытæ,

Кæд æрмæст мæхицæй дардмæ лидзын?

Чи зоны, Ирыстоны нæ хъуыдтæн,

Чи зоны, дзæгъæлы фыстон «Иу дзырд»...

Чи зоны, куыд уыдзæни нæ фидæны,

Цардвæндагыл, чи зоны, ныхдур дæн.

Чи зоны... — ацы ныхас хъуыдыйы ныффидар и

Æмæ мын нæ дæтты ‘нцой мæ удæн...

Фæлæ карз мæ рухс нысанмæ сиддзынæн,

Хъуысдзæни мæ тохы хъæр, æрвнæрдау,

Æмæ кæд фæуайдзæфаг уон фидæнæн,

Уæд мæнæн фæстаг фæндон æвæрд у!

Æнусты балц

Нæ Ирыстон, ивгъуыд æнусты тары

Дæ истори къæхты бынæй уынæргъы,

Дæ цардамонды тугхъулон ыстъалы,

Зыны, цыма цъæхæйрæгъæд мæнæргъы.

Æхситгæнгæ тæхы, тымыгъау, рæстæг,

Æгъатырæй æппæт дæрæн кæны.

Ызнон дæр ма зæххыл цы уыд бæллиццаг,

Уый абон рохуат бамбæрзта йæ рыгæй...

Нынныгуылди тыхджын нарты зынг хур, —

Ныххуыссыди цæхæркалгæ кæмдæр

Зæрæхсиды сырх-сырхид туджы малы.

Нæртон адæм ныр аргъæутты цæрынц...

Ызгъорынц, уайынц мин азтæ, минуттау,

Пæр-пæргæнгæ тæхынц æнустæ цырд...

Кæмдæр та дугтæ бондзир-дзур кæнынц,

Ыскæсæны сæуæхсид туджы зилы.

Сырх-сырхид арвыл сау уадздзæгтæй мигътæ,

Сынтытау, хъомпал, зилахар кæнынц.

Кæцæйдæр дардæй тохы хъæртæ хъуысы,

Уæззау кæрдты къуырма дæнг-дæнг цæуы.

Тæхæг æнусты базырты пæр-пæры

Æрбаивылы зарæджы уылæн,

Фæлæ та — «цъызз!» — ныхситт кæны зынг фат

Æмæ кæмдæр лæгдзинады нымд зарæг,

Фæндыры тагау, аскъуыйы дзыназгæ.

Уый нарты дард, тыхджын фæдон алан

Историйы атагъаты кæмдæр

Фыдхъысмæтимæ бацыдис æрмхæсты,

Йæ сæрмæ мигътæ змур хæлбурцъ кæнынц.

Ызнæтæй сысты рæстæджы тыхдымгæ.

Цымæ та йæ кæдæм хæсса йæ адзал:

Дунейы даргъ, æнæкæрон уæзгуыты —

Китайæ дард Европæйы кæрæттæм,

Цæгат зæххытæй хуссармæ, — Мысырмæ —

Тъымы-тъыматы цардагур хæты...

Сæ хъару хаста хурæмдзу аланты,

Сæ быны зæхх æмризæджы рызти,

Зын мæлæтæй нæ фæтарстысты никуы,

Зыдтой æрмæстдæр худинаджы тас.

Фæлæ цы лæууы рæстæгæн, цы фидар?!

Алантæн дæр сæ туг цъыртгай фæцыд,

Ныйихсыдысты се ‘хсаргæрдтæ тохты,

Сæ хурæмбæрц ном зæххы ‘мбуар ыссис.

Кæмдæр æбæрæг мигъæмбæрзт быдырты

Сæ урс сæры зыхъхъырдæндаг къуыдыртæ

Былысчъилæй æнæмæлæтыл худынц.

Сæ байзæддаг — ирон адæм ныууагътой

Сæ сойдзыхъ зæхх, фæлыгъдысты фыд гуннтæй.

Цагъармæ, дам, нæ ратдзыстæм нæхи.

Æрцардысты бæрзонд хæхты — мæсгуытау,

Зынвадаты, зындзæуæнты, — æрмæстдæр

Сæрибаруарз цæргæс кæм тахт уæндонæй.

Фæлæ, дам, зæхх у адæмæн сæ дарæг

Æмæ кæм ис гæмæх къæдзæхты зæхх!..

Цагъары къæлæт не ‘рхастой сæ сæрмæ, —

Мæгуырдзинад сыл ‘рывæрдта æфсондз...

Ызгъорынц, уайынц мин азтæ, минуттау,

Пæр-пæргæнгæ тæхынц æнустæ цырд...

Æлгъыстаг дугты тар замантæ ивынц,

Ирыстоны мæйдар æхсæвы ‘рттивы

Мæрдоних уазал цъититы мæнг рухс.

Фыд-замантæ лæджы къухтыл, фæллойыл

Æнусты дарынц сау ызгæ хъадаман.

Зæххы хъæбул къæхты бынæй уынæргъы. —

Йæ урскъух æмæ саузæрдæ æлдар ын

Йæ тугвæллой, кæрæф цъулберау, цъиры.

Фæлæ нæртон сæрыстыр лæг нæ быхсы

Тыхы бын нымд, сæргуыбырæй цæрын.

Æмæ та-иу, гигант вулканау, тарæй

Чермены зарæг рухскалгæ ыстыдта,

Æмæ та-иу тыхы фидар йæ цæлхъæй

Йæ бындуртæм къæс-къæсгæнгæ нынкъуысти.

Фæлæ йæ цъуппыл тугдзых уари ‘рбадти, —

Дысæрон маргъ, — æндонæй конд йæ ныхтæ.

Йæ къæдзил тилгæ, уарийæн, куыдзау,

Æхсины лæг йæ чъизи дзæмбы сдæрдта,

Ныттари тынгдæр уарийы дæлбазыр,

Ныхъхъус и зарæг, уадындзы зæл аскъуыд.

Æрмæст ма Терк иронвæндæгтæ кодта

Æмæ уыраугæ судзгæ додой хъуысти.

Фæлæ зæххыл æфхæрд лæджы цæстытæй

Цы цæссыджы ‘ртах рахъардта фыццаг,

Уый, — хохæй цыма миты къуыбар фенкъуыст, —

Æнус-æнус ыстырæй кодта стырдæр,

Фыдæй-фыртмæ, гуылф-гуылфгæнгæ тылдис...

Мысыры пирамидæтæ уæларвмæ

Кæй уæзæгæвæрд ризгæ къухтæ систой,

Патрициты ирхæфсынæн кæрæдзи

Цы римаг гладиатортæ æргæвстой,

Иры сагъæс, сæ цæстысыг ныхъуыргæ,

Уæззау уаргъæн цы сау адæм фæхастой, —

Æппæт, æппæт æфхæрдты маст, уыраугæ,

Сæрæмбæрзтæй, ызнæт денджызау, фыхт

Æмæ ныккодта иу дуджы æмцæлхъ,

Æваст фæкъæртт ис æхсæвæн йæ тæн,

Ныггуыпп ласта æнæнтау рухс, фантанау,

Æмæ ыссыгъд Октябры сæухсид,

Историйы мæйдар æхсæв ысбон...

Ирыстоны бæрзонд хæхты сæрмæ,

Пæр-пæргæнгæ, тæхынц фæллад æнустæ,

Сæ фæстæ растад, фарнхæссæг бæлонау,

Октябры зæринбазыр æнус.