Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Бестаев Г.Г. - Произведения. Том 1 - 2003.doc
Скачиваний:
0
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
1.51 Mб
Скачать

Рагуалдзæджы цин

Дæттæ — буртæ, къуымæлау,

Бæстæ фестад сыгъзæрин.

Исчи уалдзæг куы мæла, —

Тугтæригъæд уыдзæни.

Фурдтæ дуртæ фæлдахынц;

Фыстæ фесты бæгъ-бæгъыл;

Уалæ халæй фæтæхынц

Зырнæджытæ рæгъ-рæгъы.

Быдыр фæлмы фæбынæй;

Мигътæ тигътæм фæлæсынц.

Дидин цъитирæбынæй

Худы комы хъæлæсы.

Мит йæ цуры лæбыры, —

Тайы, руайы йæ цинæй;

Кæрдæг — ‘рхæндæг йæ быны, —

Бафæллади хъæцынæй...

Хурмæ хуссаррæбыны

Цым фæхудти чъызгæйæ.

Арс та ‘рбадти йæ быны,

Дыргъмæ ‘нхъæлмæ кæсгæйæ.

Ныр сæ къуыпа фæрæсыд

Хъæды гæды бæлæстæн.

Мæнæ зымæг фæлæсы!

Хъуысы цины хъæлæстæ.

Чидæр хъæдмæ фæтындзы;

Бæстæ змæлы æмхуызон;

Йе ‘фсæн бæх та ифтындзы

Цырддзаст лæппу — колхозон.

Мит та фестад тæдзынæг, —

Царæй зæхмæ сырх лæдзæг.

Чи нæ зары, кæцы лæг! —

Зæрдæ зæлтæй ысхъæлдзæг.

Дæтты сæрты гæппытæ

Систой гыццыл лæппутæ;

Уæртæ кæрты чындзытæй

Хъазынц чысыл чызджытæ.

Цъыфты ‘хсныфты кæритæ,

Фалдæр карчы фæд адаргъ,

Кæс, йæ кæрцы къæриды

Хурмæ бады нæ дада.

«Ехх, сымахæй — тæхуды!»-

‘Взист зымæгау фæхуды;

Тайы майы къæсæрыл

Чырс нæ цинæй йæ сæрыл...

Æрдзы тынтæ уæфтытæ,

Бæстæ фестад сыгъзæрин.

Ехх, лæг уалдзæгрæвдыдæй

Афтæ ‘нустæм куы цæрид!..

1958 аз

Тæрккъæвда

Уары... Дымгæ сиры рæгътыл,

Мигъ йæ саулохаг тæры,

Фурд бырсы, лæгæрды хæхты,

Арв йæ комы дзаг нæры.

Хохы цъассы цъити тъизы,

Томыг къæдзæхтæ хъæрзынц,

Урсцухъхъа гæды хъæд ризы, —

‘Нахъом сабийау тæрсы.

Дардмæ арв йæ сырх рон фехсы, —

Сæрд нæм раздæхтис цæхгæр,

Мигътæ февзидынц зынг ехсæй,

Ногæй ферттивы цæхæр...

Æз нæ ног, рæсугъд хæдзары

Бадын, рудзынгæй кæсын,

Ленины цырагъ нæ царæй

Къуымтæм рухс тынтæ хæссы.

Уадз ‘мæ уарæд: хур та ‘ркæсдзæн,

Мигътæн ‘нæ фесæфгæ нæй;

Нæу, мыййаг, æнкъард мæ зæрдæ

Ахæм бонты дæр мæнæн!..

1954 аз

Уалдзæг

Хуымтæ — саутæ; кусæнгæрзтæ — цалцæг,

Бон фæдаргъ ис. Уæнгты туг æхсиды.

Къæсæрыл æрбалæууыдис уалдзæг,

Быдырмæ та колхозонтæм сиды.

Мæргътæ зарынц; ‘гас дуне ысхъæлдзæг

Æрдзы май цъæх гауызтæй фæлындзы.

Дæлæ рындзæй асхъиудта æхсæрдзæн,

Арф коммæ кæл-кæлгæнгæ фæлидзы.

Къæвда хохæн йе ‘фцæджы æрбæтты

Арвыронæй диссаджы хъуыртухæн;

Комы цъассы зæй ныхгæны дæтты,

Фурд фæкæны къæйтимæ хъуырдухæн.

Хур та худгæ ракæсы фæскъæвда,

Хъæды къохæй булæмæргъ ныууасы.

Фæлм æртыхсы конд хуымтыл, фæздæгау,

Рог дымгæ нæ сæрвæтты фæфасы

Ис цахæмдæр сусæг тыхтæ зæхмæ:

Май æрлæууы, — уæнгты туг ысхъазы;

Адæймаг куы февналид къæдзæхмæ, —

Уый дæр фаркгай ‘рызгъæлид йæ. разы.

Уæлæ хур йæ тын ыскъуырдта хæхтыл,

Куыстæн та æрлæууыди йæ тæмæн.

Мыдыбындз дæр быдырмæ фæтæхы,—

Адæймаг куыд фæлæууа фæстæмæ!

1955 аз

***

Ме ‘мгар, ме ‘мзæрдыг, ме ‘рдхорд лымæн,

Уарзон сауцæст чызг — удау зынаргъ —

Се ‘ппæт рохы куы ныууадзынц мæн,

Гъе, уæддæр мæ нæ лидзут сымах,

Уæ, мæ хæлар хъуыдытæ, тæргай.

Мемæ ‘рбадут куырыхон лæггау,

Риуы ‘ртайы уæ ныхæстæм мæт;

Сты уæ дзырдтæ фæндыры тæгтау.

Æз уæ рæвдыд куы нæ ‘ййафин, уæд

Зæрдæ риуы фæхауид фæркгай...

Хатт мæм сагъæс фæзыны æваст —

Хъыг, былысчъил, кæуындзаст, æнкъард, —

Зулдзых уарзонау йе ‘рбадт, йæ каст

Уды ‘нцойад фæсурынц кæд дард,

Нæ, мæстæлгъæд нæ зайын уæддæр:

Цырд æртæхут, рæубазыр зæдтау,

Уæ, мæ рæсугъд бæллицтæ, сымах;

Риуы ку’ ахуыссы рухс цин, уæд та

Талынг зæрдæйы ссудзут цырагъ

Æмæ айсæфы масты фæд дæр...

Амонд царды зынвæндæгтыл мæн

Сайы ‘рттиваг хъæндилау æдзух.

Арæх фенхъæлын — амондджын дæн, —

Нæй, уæддæр ыл нæ хæст кæны къух

Æмæ стæм хатт куы ‘рхауын æваст,

Уæд мæ уæлхъус æрбалæууыс ды,

Сахъ æнувыд æрдхордау, мæ ныфс.

Ног мæ уæнгтæн æрвон тых дæттыс,

Ног мæ ‘врагъсæр бæрзæндтæм кæныс

Размæ ‘нæцудгæ, фатау æмраст...

Уæ, мæ хæлар хъуыдытæ, цæрат!

Сагъæс, ма уа дæ буцтæн фæуæн!

Рухс бæллицтæ, æвидигæ уат!

Ныфс, æнустæм дын ма уæд мæлæн!

Амонд, дардæй мæм мидбылты худ!

Æз куы нæ ‘нкъарин цин æмæ маст,

Æз куы нæ уадзин судзгæ цъæх арт,

Æз куы нæ кæлин зæххыл æваст,

Уæд æрдумæ нæ дарин мæ цард,

Уæд зывдоны хай уавд мæ уд.

1958 аз

***

Уалдзæг... тар æхсæв йе ‘мбисыл алыг,

Царды мин мыртæй бæстæ фæцух.

Дуне афтæ ныммæйдар, нытталынг,

Лæг йæ цæстмæ нæ бахæсдзæн къух.

Нæ, æз не ‘ууæндын ахæм мæйдарыл,

Нæ, нæ зæгъдзынæн: банымæг цард;

Зонын, йе тары уадтымыгъ дары

Ацы диссаджы сабырдзинад...

Дымгæ банкъуыста бæлæсты хихтæ,

Дымгæ аскъæфта æрдзы фынæй,

Арвыл нуæрст артау асхъаудта мигъты

Æмæ се ‘хсæнæй рарттывта мæй;

Рарухс, разынд дзæнæтау нæ бæстæ,

Зæххыл сабырад фескъуыд æваст.

Уæртæ дыргъдоны тарцъæх бæлæстæй

Дымгæ раскъæфта сусæг ныхас...

Уæртæ балдоны уарзæттæ бадынц,

Райхъуыст сабыр сæ адджын уынæр.

Хъæды булæмæргъ райста йæ уадындз;

Саби авдæны скуыдта кæмдæр.

Алчи сдзырдта цæрæнбоныл, цардыл;

Æртæх ферттывта, — цины цæссыг;

Царды денджыз ныффæйлыдта дардыл,

Царды девджыз уылæнтæ хæссы...