- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
Цард лæвæрд куы цæуы иунæг хатт æрмæстдæр,
Æмæ афтæ рацæр, афтæ арвит азтæ, —
Ингæнмæ цæугæйæ, ма зæгъай фыр мæстæй:
Оххай, уæгъды ‘рвыстон царды бонтæ цасдæр!..
Сахъ хæстоны цирхъау, акарстой дæ тыхтæ,
Рухс цардыл та тохмæ ‘рывнæлдтай уæнгрогæй.
Сау низ дæ ныббаста, фæлæ йыл фæтых дæ, —
Ног хотых та райстай, райгуырдтæ та ногæй...
Равдыстай цæвиттон ды дæ цард, дæ куыстæй, —
Дары рухс дæ фæндаг, раст Æрфæны фæдау.
Ног цардмæ бæлгæйæ, тугæй ды цы фыстай,
Уый æппæт дзыллæтæн рухс кæны сæ фæндаг!..
1954 аз
Мæ Ирыстон!
Мæ Ирыстон, цыппор сыгъзæрин азы
Дæ риуæй калынц, хорзæхтау, цæхæр.
Дæ рухс фидæн сырх арвырæтты хъазы, —
Дæ разы ис коммунæйы къæсæр.
Фыдтар уыди дæ ивгъуыд дуг, мылазон.
Рæстагур хъама къухæй къухмæ хызт.
Хæкъуырцгæнæг æхсæрдзæнты дзыназын
Дæ тар кæмтты, иронвæндагау, хъуыст.
Нæртон аланты сагсуртæ дæ бартыл
Нывондæн хастой карз тохты сæ сæр.
Тылаттаты фæйнæгфарсы цыргъ кардæй
Ыспырх и арвмæ стъалыты цæхæр.
Ыстыр Уырысы тохты арт куы ссыгъдис, —
Дæ рахиз фарс дыууадæс цæфы уыд.
Ыстæй дæ хæхтæй саувадыг фæлыгъдис,
Æмæ ныххудтис, уалдзæгау, дæ уынд.
Мæ Ирыстон, цыппор сыгъзæрин азы
Ныйирд кодтой дæ развæвдаг æнус.
Коммунæйы сæуæхсидау, ысхъазы
Дæ цъæх арвыл Сырх тырысайы рухс.
Гыбыл
Хур зæрин тынтæ нывæнды, —
Зæрдæ, хъал дæ, цы?!
Ахæм бон лæджы фæфæнды
Хæхтимæ хæцын.
Цард æхсиды. Алчи кусы.
Донау хур кæлы.
Чи цæвæгæй, чи та мусы
Разæнгард кæны.
Хъæды кæрон колхозонтæ
Фесты хуым ыссывд,
Афтæ федтой, мæнæ чидæр
Аууоны хуыссы...
Кастысты йæм сахъ лæппутæ, —
Уæртæ та Гыбыл!..
Магуса, йæ мидбылхудгæ,
Рабадти чысыл.
Нæ, Гыбыл æфсæрм нæ зоны,
Загъдæн бар дæтты, —
Раззагон йæхи нæ хоны,
Йе ‘взæрыл сæтты.
Уалынмæ дын уæлæ чидæр
Кусджытæм ыссыд, —
Сæрдар ын цыдæртæ дзуры,
Уый дæр сæ фыссы.
Æртыккаг бон сихорафон
Постхæссæг фæзынд,
Кусджытæн газеттæ радта,
Стæй цæхгæр фæзылд.
Агитатор газет райста,
Адæм ыл кæлынц:
Фæсивæд Гыбылы нывтыл
Худæгæй мæлынц.
Алы ран ыл ныр кæй худынц,
Зоны уый Гыбыл:
Фыр мæстæй йæ зæрдæ дуды,
Нал кæны сыбыртт...
Уыцы бонæй ацы бонмæ
Нал разынд Гыбыл;
Уыцы бонæй ацы бонмæ
Рæстæг нæу цыбыр...
Сæрд æрбалæууыди ногæй, —
Рагæй йæм бæллынц:
Колхозонтæ та уæнгрогæй
Быдырмæ цæуынц.
Комбаинмæ бахæццæ сты, —
Фæндаг у цыбыр.
Ног комбаин дардыл дасы
Хорæфсæст быдыр.
Хурау худы дардмæ мæнæу,
Нарст æфсир — гуыбыр.
Комбаины скъæрæг мæнæ
Разынд кæд Гыбыл!..
Абон дæр Гыбыл куы кусы
Колхозы фæрнæй:
Адæммæ цы лæг фæхъусы,
Уымæн ‘нæ схорз нæй!
1954 аз
Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Рабадтис цъæхдзаст райсом йæ хуыссæнæй,
Ахаста йæ цæстытæ Ирыстоныл.
Сæрттывтой, налхъуыт-налмасау, урс хæхтæ,
Раст цыма сæ стылдæуыд æвзист доны.
Урс бæрзæндты хур гæзæмæ сахуырста.
Дæлвæзтыл нырма йæ тынтæй не ‘рынцад.
Хур нæ, фæлæ хæхты сæрмæ кæд, зæгъын,
Къус фæкъул, — сыгъзæрин донæй йе ‘мыдзаг.
Тагъд ыссудздзæн хур, цырагъау, урс хохыл.
Сыстад фæздæг цардæфсæст ирон хъæуæй.
Хатын, цыма царды цинæй атайдзæн
Иунæг уысммæ уазал зымæг ‘нæхъæнæй.
Хæхтæм кæсгæ баззадтæн æдзынæгæй:
А бæстыл сæрдыгон бон дæр тар уыди, —
Ацы хæхтæ ‘фхæрд ысты хъызт зымæгæй, —
Уалдзæг дæр-иу мит тъыфылтæй уарыди...
Иры хæхтыл цас ис, цас, цæхджын дæттæ! —
О, фæлæ сын ма бакæ сæ фендыл дис, —
Ам цы сау маст бавзæрстой нæ фыдæлтæ,
Сау къæдзæхтæй уый цæссыгæй фегуырдис...
Хæст уыдис сæ карз хъысмæт нæ фыдæлтæн,
Нæ уый сын нæ уыдаид ыстæлфæн дæр.
Арвы цъæхыл утæппæт ыстъалытæ
Сты сæ кæрдтæй фесхъиуæг ыстъæлфæнтæ.
Абон та нæм карз зымæг дæр уалдзæг у:
Цин нæ сайы — алцы нæм рæсугъд кæсы.
Уазал зымæг хуры тынтæй байдзаг и, —
Не ‘хсæв дæр нæм, майы бонау, рухс хæссы!..
Цинæй зæрдæ маргъы пæррæст акæнид,
Базыртæ дæр базаид мæ къабæзтыл:
Афтæ ‘нхъæлын, никуы ма уыд ахæм мит,
Ахæм рухс зымæгон райсом а бæстыл!
***
Æнусы цыппæрæм хай хурмæ кæсын.
Æнусы цыппæрæм хай а бæстыл зилын.
Æнусы цыппæрæм хай, фæрсыны нысанау,
Æрдзмæ, дызæрдыггæнгæ, кæсын.
Мæ сабийы бонтæ, куыд дард ысты, куы!..
Кæм баззад мæ авдæн æнусы цъассы!..
Хæххон лæппу, царды цынæ бавзæрстон:
Фæсахуыр — сæрдыгон уæлыгæс, фыййау;
Бæрзонд хæхтыл хилын, цымыдис сæгъау...
Æрдз зæрдæ йæхимæ ыскъæфта, хуыдта.
Æз хъуыстон бæрзонд хæхтыл гакк-гуккы уаст.
Кæм фæуд кæны арв, куыд диссаг мæм каст!..
Цы тых ласы размæ зынг хуры цъæх арвыл?..
Мæй мигъты ‘хсæн хæтынæй куыд нæ фæлмæцы?.:
Æдзынæг-иу кастæн, хъуыдыгæнгæ, хæхтæм, —
Дис кодтон, цы тых сыл ысхæцыд хæрдмæ?..
Æдзынæг-иу кастæн, æгомыг хъæдтæм.
Æдзынæг-иу кастæн тæлтæг фынк дæттæм.
Куыд рæсугъд у дуне! — æфтыдис мыл дис.
Æз хъуыстон æгомыг хъæдæн йæ сусæг ныхас.
Æз хъуыстон, йæ сабырдзинадæй куыд дзырдта цыдæртæ.
(Сабийы бонтæ, поэты зæрдæ...
Æнкъарæнтæ. Хъуыдытæ. Фыстытæ.
Æрдз, райгуырæн, мад, уарзондзинад.)
Æз бирæ хатт кастæн, цымыдисгæнгæ, —
Æхсæрдзæн цыкура-фæрдгуытæй куыд кодта пырхæндæг.
Æз дуртæм дæр хъуыстон. Æз кæрдæджы рæзын æнкъардтон.
Куы цин кодта зæрдæ, куы та-иу æрхæндæг...
Мæ зæрдæ цахæмдæр цин риуы æнкъардта.
Куы-иу фæтар бæстæ, куы-иу æрбацасæста.
Куы-иу систа арв гæрæхтæ æмæ-иу йæ ферттывдæй,
Сау, дæлгоммæ фæлдæхт сивыры хуызæн арв
Куы цъæлтæ кодта...
Куы-иу сæмбæлд фындзыл æрвæрттывды тæф,
Уæд зæрдæ кæрзыдта фыр цинæй!..
Цахæмдæр æнкъарæн тæфстис мыл-иу уæд.
Уæд уæнгтæ дыз-дыз кодтой, сæрыхъуын барц бадт!..
Æмæ-иу мæм кастис: цахæмдæр æнахуыр иог дуне
Мæ разы кæй фегуырдаид...
Мæ къæхтæй-иу зæххыл нал лæууыдтæн...
Æз уарзтон æгæрон, æгъуыстаджы уарзтæй.
Уалдзыгон бон-иу куы сæрра, куы тад мит,
Куы згъордтой дæттæ, куы нæрыд, куы ‘рттывта...
Æппæт уæд зæрдæйы уагътой
Цахæмдæр фырадджын æнкъарæн...
Нæ зонын, цæмæн уыдтон уыдон,
Фæлæ уыди афтæ, у афтæ ныр дæр.
Кæд уыцы рæсугъд æнкъарæнтæй
Дæ зæрдæмæ ныхъхъара æрдæг...
Фæфыстон, дæ кæсæг адæймаг.
Æнусы цыппæрæм хай зæххыл фæцыдтæн,
Риуы фæхастон...
Р. S. «Зымæгон райсом» æмæ ацы æнæном æмдзæвгæ фыст сты сау хуымæтæг кърандасæй тетрады æмхæст дыууæ сыфыл. Фыст нал зыны рæстмæ. Автор «æнусы цыппæрæм хайы» кой кæй кæны, уымæй бæрæг у, 1957—1958 азы фыст кæй сты. Поэт сыл кæронмæ куыст нæ фæци, фæлæ Гиуæргийы поэтикон стилæн иттæг хион кæй сты, уый сæ кæны уæлдай цымыдисаг.
1 Турчы падцзахадон эмблемæ у æрдæг мæй.
1 1961 азы 15 февралы фæталынг хур.
2 Ацы дзырдтæ ист сты Лумумбайы æмдзæвгæйæ.
1 Xулиан Гримау — Испанийы компартийы фæтæгтæй сæ иу, хъизæмарæй йæ амардтой Франкойы фашистон жандармери.
2 Гарсиа Лоркæ — испайнаг поэзийы классик, хæрз æрыгонæй йæ амардтой фашисттæ.
3 Хозе Диас— Испанийы компартийы фæтæг,амард эмиграцийы.
1 Акуа — Сухум абхазагау.
1 Рагон фысджыты (Сенека, Лукиан) зонæнтæм гæсгæ нæ эрæйы агъоммæ 65-æм азы римаг æфсæддон фæтæг Гней Помпей Фæскавказмæ куы æрбабырста, уæд йæ ныхмæ тох кодтой алантæ дæр.
2 Хох Хъырымы.
1 Зæгъынц, зæгъгæ-иу хантæ се ‘хсинтæй кæуыл фæдызæрдыг сты, уыдон æппæрстой Хъара-Дагъы цъуппæй.
2 Хъарадагъæгтæ денджызæй æрбахизæны хæлиукъæдзæх хонынц Сыгъзæрин куддуар.
1 Цъицъамур— Мцхетамæ хæстæг Арагвийы галиуварс, Тбилисæй Сагурамомæ цæугæйæ, Ильяйы кæм амардтой, уыцы бынат. Ныртæккæ дзы ис бæрзонд обелиск.
1 Сагурамойы, Ильяйы хæдзар-музейы ныр дæр ис, поэты кæмæй амардтой, уыцы нæмыг. Азты дæргъы схырыз, скалцæг.
