- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Ныстуан мæ фæдонмæ
Абайты Васойы номарæн
Макæйы раз макуы у къæмдзæстыг,
Макуы дæр мæм уайдзæфгæнгæ скæс;
Уадзын дын, мæ хорз фæдон, мæ фæстæ —
Кады ном зынаргъдæр бынæн æз.
Ме ‘взагæн æрвæрттывдау йæ фæдтæ
Ауагътой историйы сæхи.
Скиф уыдтæн, алан æмæ нывæндтæ
Никуы кодтон арвæн дæр мæхи!
Радта мын йæ уарзты цин, йæ хъыгтæ
Донбеттырты худæндзаст цъæх чызг;
Фатдзæф амазонкæйы цæссыгтæй
У мæ туджы знæт уылæн цæхджын.
Хуссайраг Уæрæсейы быдырты
Ме ‘нæрынцой денджыззæрдæ ‘хсыст;
Тамерланты урс сæры къуыдыртыл
У мæ хъару карды комæй фыст.
Чи уыдис Анахарсис-философ,
Гречъы авд куырыхондæртæй иу?
Зеленчукы дурчиныг ма бафæрс, —
Базонай, мæ номы сусæг циу!
Туг мыл афтæ уарыдис къæртайæ,
Æмæ ма кæн ме ‘нæбоныл дис;
Дæн гигант цъæхартуадзæг зæрдæйæ,
Арвæй зæхмæ расхъиуæг ысхъис.
Чи ‘руыгъта нæртон уадындзы схъистæ? —
Зоныс, уый дæ фыдæл уыд — Къоста,
Уый æгас зæххы къорийы ристæй
Рыст æмæ дæ ныхы ныв фыста.
Дæлсыджыт цы ном баззадис къæйтыл,
Домы дæ йæхи ‘мсæр уый бындар;
Ис дæуæн ныммæлыны бар, нæй дын
Цауд æмæ сæркъул уæвыны бар!
26.09.1971
Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
Дзырдвидыцы бардуаг, —
Уыраугæ уæлтæмæн,
Мæ уæнгтыл мын бафтау
Æхсызгон дыз-дыз.
Уысмы бæрц мын раздах
Мæ уалдзæг фæстæмæ,
Мæ фæскомцæдисон
Сæурайсом — æрвгъуыз: —
Сæуæхсид фонтантæй
Кæм рæмудзы хæхты,
Кæм æркъæдз æрвæрдын —
Сыгъзæрин къæлæт:
Фыццаг мæм кæм фæхудт
Цъæх цырен æртæхты
Мæ сыгъд-уырыд амонд,
Мæ фесафæг зæд.
Фыццаг хатт, фыццаг хатт
Кæм банкъардтон царды
Æрвæрттывды ‘хцон тас,
Уымæл мигъы тæф;
Фыццаджы хæрзиуæг
Мæ удæн кæм рарди —
Бæллицтæй æмдзæхæр
Æгъуыссæг æхсæв.
Фæдисы цæлхъытæм
Мæ зарæг кæм райхъал —
Алайнаджы ‘хсарау
Сæрыстыр, уæндаг:
Мæхицæн æнусмæ
Кæм равзæрстон райгæ
Рæстдзинады кадджын,
Зындзæуæн фæндаг.
Уæлтæмæн, мæ уд дын
Хæсдзынæн нывондæн, —
Мæ уæнгтыл мын бафтау
Æхсызгон дыз-дыз:
Уысмы бæрц мын раздах
Мæ уалдзыгон бонтæ,
Мæ фæскомцæдисон
Сæурайсом — æрвгъуыз!
ДЗАМ
Ир,
Дæ ныфсæн
Æфсæн
Лæсæн
Кæмтты бацыд нæргæ...
Уыд æнусты дæ цæргæстæн
Уый сæ бæллиц, бæргæ!..
Рухсæй, амондæй рох уыдтæ,
Ме ‘фхæрд, ме ‘нæрцæф Ир,
Уарзон уарзонæй хохæддæ
Никуы рафтыдта ‘фсир.
Хохрындз басгуыхтис карды ком
Æмæ зæрдæ фæдих:
Бацис уырдыгон ардыгон
Æмæ уарыд ыл их.
Хур куы скасти дыл, царды хур,
Цины райыс уæдæй.
Ныр дæ зæрдæйæ уарди худт,
Ныр дæ ныфс уыд сæдæ.
Дуг дын бацыди цал хорзы!
Æмæ калыс æфсир,
Уæ, Кавказы уæззау хордзен,
Уæ, мæ ныййарæг Ир!
Ныр
Дæ ныфсæн
Æфсæн
Лæсæн
Кæмтты бацыд нæргæ,
Тохты мæлгæ дæ цæргæстæ
Уымæ кодтой бæлгæ!
Хæхтыл алырдæм ахæцыд
Уый, Батрадзау, кæс-ма!
Ризæг æфцæгыл бахæцыд, —
Тагъд кæндзæни тæсмард.
У йæ басæттын, бамурыл
Баст дæ бæллицты сæр:
ДЗАМ дæ кавказаг БАМ у ныр,
Де ‘рдаг цины къæсæр...
Теркмсе
Кувгæ ‘рхаудтæн мæ зонгуытыл,
Терк, дæ уылæнты раз:
Ме ‘рра, ме знæт æвзонгад дæ,
Ме ‘нкъард рагбонты скаст...
Дард Хъубаны былгæрæтты
Тахти ме ‘хсар нæргæ,
Уым мæ цардæн ныккæнæн дæр
Уæд нæ уыди, бæргæ.
Фæлæ суагътон дзы сау пиллон —
Рацыд арвы цæхæр,
Æмæ скифон — аллон-биллон —
Райстон де ‘рдæм мæ сæр.
Уæд мæ саударæн уалдзæджы —
Мæн куыд бавæрдта хох,
Ам куыд æрцардтæн заддзæджджын —
Терк, нæ дæ уыдзæн рох.
Ме знаг — нарæгдзæст мин-минон
Ам дæр тугмонцæй сыгъд,
Фæлæ, афтæ дын цин уынон,
Ныр мæ разæй куыд лыгъд!
Уыд дæ дæлдон мæ зын хæтæн,
Уæ, мæ хæстон æмбал,
Дардтон дзыхы хъæзын хæтæл,
Арф мæ ‘мбæхста дæ мал.
Ме знаг райгæ мæ мæлæтыл
Комы ‘нæмæтæй уад,
Уæд æз та-иу йæ уæлæты:
«Цъызз!» — йæ фæсонты — фат!..
Кæс, фæтых дæн мæ хъаймæтыл
Æмæ н’ аскъуыд мæ уд.
Сусæг амонд мæм сай-майты
Суинаг фидæнæй худт.
Кæд æвдæрзта мæ царды зын,
Кæд мæ кой уыд мæ сæр,
«Симды» стъæлфæнтæ, «Нарты» зынг
Мемæ ‘рхастон уæддæр.
Иу ды йæ зоныс сау тары
Циу дæ уылæнты спæртт:
Уым æхсон дурты авд дуары
Ис мæ удыл æхгæд,
Кувгæ ‘рхаудтæн мæ уæрджытыл,
Терк, дæ фæндаджы раз:
Дард мын ахæсс дæ зарджыты
Ме ‘рдаг уды зынг — уаз.
