Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Бестаев Г.Г. - Произведения. Том 1 - 2003.doc
Скачиваний:
0
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
1.51 Mб
Скачать

Тагъддæр

Машинæ размæ тæхы,

Бæлæстæ згъорынц фæстæмæ.

Рухс бæллиц, фехс-ма дæхи

Тагъддæр мæ уарзон бæстæмæ.

Ирыл хъæбулау ныттыхс,

Бау йæ сомбонæн кувæг;

Цины цæстысыгæй ’рыхс

Ме стыр фыдæлтæн сæ тугвæд...

Мисхал нæ бантыст мæнæн,

Афтæ мыл атахти рæстæг;

Ме знæт зæрдæйы тæмæн

Абон кæд раттин мæ бæстæн.

Царды цалх размæ тындзы,

Азтæ ‘мæ бонтæ — фæстæмæ.

Цæй-ма, цы ныддæ æндзыг! —

Сиды мæм сусæг уæлтæмæн. —

Расид æнцойадæн хæст!

Размæ æврагъсæр бæрзæндтæм!

Цалынмæ ’рттивы дæ цæст,

Цалынмæ ’хсиды дæ зæрдæ

Алы ран зайæд дæ фæд,

(Бабыхс зынвæндæгтыл чиуын); —

Искуы куы нæ уал уай, уæд

Ма фæрсой, — уый та, дам, чи уыд?

Размæ! Фæцырддæр кæн! Тагъд

Рæстæджы арæнтæ атон;

Размæбырст — амондмæ тахт!

Размæбырст — рухс цины суадон!

Зæгъгæ, фæуагътай дæ уад, —

Удхæссæг фестдзæн дæ разы;

(Иу уысм фæлæууыди уад, —

Нал сисдзæн зæххæй йæ базыр!)

Цард у минутгай, уысмгай, —

Тагъддæр дзы бафæлвар алцы.

Хурæнгæс сауцæст чызгайы

Де ’мбæлццон ракæн дæ балцы;

Цардæй дæ мондæгтæ ис, —

Ничи дæ рахондзæн галиу:

А бæстæй ацæуæн ис, —

А бæстæм ’рыздæхæн нал и!..

1958 аз

Адæймаг

Ныхъхъус у, æрдз, æз дæм дзурын — зæххон лæг.

Дæ коммæгæс цагъар чи уыд кæддæр,

Дæ арвы нæрдæй адæргæйæ чи рызт,

Йæхи нывæндтæ чи кодта дæ хурæн,

Куырмæй чи ‘ууæндыд ‘рымысгæ хуыцæуттыл,

Æмæ сæ тæсæй бархийæ йæ цæнгтыл

Цагъары згæ хъадаман чи фæхаста...

Æрвферттывды цæхæрзынг ис мæ къухы.

Хæлбурцъ мигъты ард — ме ‘рфгуыты æлхынцъы.

Дунеты рухс — мæ мидбылхудт, мæ цины...

Мæ бардзырдæй арв фескъуындзæн йæ нæрын,

Ныххуысдзысты цæхæркалæг вулкантæ,

Цæстыныкъуылдмæ айсысдзæнис денджыз,

Ныссур уыдзысты ‘нæбын океантæ,

Ивылд фурдтæ, тыгъд быдырты самумтæ

Æрвдзæвдтытау фæкæндзысты дзыхълæуд!..

О, хурзæрин, — дунесфæлдисæг рухс хур,

Кæддæр, кæддæр дæуæн æз кодтон табу,

Фæлæ мæ ды нæ батавтай дæ хъармæй,

Мæ цæстæн мын нæ хай кодтай дæ тынтæй.

Æнусты тары рухсагур фæхаттæн

Æмæ йæ арвæй раскъæфтон лæгдыхæй.

Ныр дæм тызмæгæй, комкоммæ куы скæсин, —

Мæ цæсты рухсæй акуырм уаис уайтагъд

Æмæ цъæх арвыл аззаис мæрдцъындæй...

Æрвон дуне, мæн дисы ‘фтыдта рагæй

Дæ цæхæркалд, дæ ‘нæкæрон цъæх тыгъдад;

Куы ирд вæййыс, рæсугъд чызджы цæсгомау,

Хур мидбылхудтау ферттивы дæ уæлæ,

Куы саудалынг, мæстæлгъæд æнгас райсыс,

Тæссаг сабыр ныввæййыс тар ингæнау,

Стæй мин хъæлæсæй иу богъ-богъ ныккæныс.

Сабырдзинад гæппæлгæй дард фæхæссыс,

Нызгъæлæн кæныс къæдзæхты дæ хъæрæй,

Æмдзæхæр фестыс æмæ уæд дæ быны

Гæдыхъæд рындзыл адæргæй фæризы:

Кæддæр æз дæр рызтæн дæ тæсæй афтæ,

Уыдтæн уæд саби, сонт, фæлæ цымыдис.

Дæ риуæй-иу куы расхъиудта ыстъæлфæн,

Уæд-иу æрхаудтæн зоныгуылæй зæххыл.

Мæйрухс æхсæвты де стъалытæм кастæн, —

Ыскъæфтой мæ сæм рогбазыр бæллицтæ

Æмæ-иу куы уæлхур, уæларвмæ тахтæн,

Куы та-иу авддæлдзæхмæ дæр ныххызтæн.

Фæлæ уый уыд рæсугъд фынфендау, аргъау,

Ныр уыцы аргъау рацæг кодтон, мæнæ,

Æмæ уæвгæ куы фениккой мæ митæ, —

Фæхæссиккой сæ царцйатæ дæр дисæн:

Æхситгæнгæ дын де ‘гæрон тыгъдадмæ

Мæхи арæзт зынг ыстъалытæ фехстон,

Æмæ мæ фидар базыртæ ысцагътон

Дæ тымыгъджын цъæх æрфæнты тæхынмæ.

Хуыцау! Куывтон дын зоныгуыл, сæркъулæй,

Мæ хидвæллой, мæ хойрагæй, мæ цæххæй;

Куырдтон дæ амонд, амонд мын нæ радтай, —

Ыссардтон уый мæ тых æмæ мæ зондæй,

Дæу дард ивгъуыд æнусты тармæ фехстон

Æмæ цæуын сæрыстырæй, уæндонæй

Æнæмæлæты ‘нæкæрон фæндагыл —

Æппæтаразæг, агурæг зæххон лæг...

Æрвферттывды цæхæр зынг ис мæ къухы,

Хæлбурцъ мигъты ард — ме ‘рфгуыты æлхынцъы,

Дунеты рухс — мæ мидбылхудт, мæ цины...