Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Бестаев Г.Г. - Произведения. Том 1 - 2003.doc
Скачиваний:
0
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
1.51 Mб
Скачать

Изæр Дзаугомы

Уый мæ цæсты раз арвы дуар байгом и,

Æви ферттывта аргъау дзæнæтау!

Мæн æнахуыр ми баййæфта Дзаугомы,

Мæн фæливы зæрæхсид — кæлæнтау.

Цыма уары сыгъзæрин бæзджын къæвда,

Æмæ хæхтæ æрвгъуыз пиллон уадзынц,

Мæн цыдæр тых ыстъалытæм сыскъæфта,

Æмæ райхъал мæ зæрдæйы уадындз.

Чи мын сарæзта морфийæ судзинтæ?!

Мæнæ нал зонын, ц’ акæнон цинæй.

Арвмæ стæхынц пæррæстбазыр къудзитæ,

Æмæ мигъты цур абадынц хинæй.

Хилынц бæрзытæ къæйтыл бæгъæввадæй,

Хохдзау рогвад уырыссаг чызджытау.

Уæлæ схызтысты рæгътæм тыхæй-фыдæй,

Тасгæ-уасгæ зæдæнгæс нæзытæ.

Дон-дон фезгъорынц искæй уæрыччытæ,

Æви уылæнтæ — ‘взистбарц, къæбæддзыг,

Æви ронгæй фæрасыг, фæрынчын дæн

Æмæ ‘нхъæвзы мæ дадзинты уалдзæг.

Арв — мæ рагсæнтты уарзоны рухс цæсгом,

Мæн йæ лыстæг æрфгуытæм ныххуыдта;

Мæй, цыренцалх налхъуыт-налмас хъусцæгау,

Сау, бæзджындзыкку мигътæй ныххудти.

Тары тайы зæрæхсиды ризгæ тын,

Боны знæт цъах-цъах — доны сæр-сæры.

Уары, уары та мæйрухс æвзист хъæды.

Мæйрухс ком-ком æрсдонау æфсæры.

Фестад назы тæф рухс æмæ цины хъæр,

Мæнæ Дзаугом æгасæй мæ разы.

Æмæ ‘хсызгонæй дзурын мæхинымæр: —

«Ир æрцарди Хуыцауы дæлбазыр!»

Хуыцауысконд лæг

Уый у хуыцауысконд уæздан лæг,

Æгъдауджын, разагъта, нымады.

Уæдæ цы диссаг у, — мæ зарæг

Цæгъда дзæнгæрджытæ йæ кадыл!

Зæххыл ын ницы ис быцæуаг, —

Уæзданæй алцæуыл хъæццзæнис.

Йæ сæр æй аныхын куы хъæуа,

Уæддæр дзы хистæрты фæрсдзæнис.

Кæд уыдзæн уый æмæ нæ худа:

Уæд та Фыдлæджы ном æмхиц у!

Кæй уарза, уыдонæй, зæгъут-ма, —

Цæмæннæ раппæла сæхи цур!

Мыййаг, куынæ фыссы æхцайыл!

Æдзух фыдызæххæй — йæ сомы.

Уæдæ, уæ зæрдæ йæм æхсайæд,

Фыссын куыд æмбæлы — нæ зоны!

Уæвгæ цы не скæрддзæн фыдæвзаг, —

Кæддæр фыдхахуыртыл ысхæцыд.

Цыма куы ‘рбабырста фыдызнаг,

Уæд къухтыл уайтагъддæр ысхæцыд.

Цыма, дам, гамхудау цæстмæ ми

Ныр та йæ мæнг кадыл ныккæны.

Æмдзæвгæ сойбылæй кæсдзæни,

Æмæ цы диссæгтæ нæ кæны!

Æрмæст ын бахудут йæ дзырдтыл, —

Йæхи Къостайы ‘мгад æнхъæлдзæн

Æмæ, хъыхъхъаг сойау, йæ былтыл

Йæ чъизи мидбылхудт æнхъæвздзæн.

Нæ, уый — хуыцауысконд уæздан лæг

Цытджын у, разагъта, нымады!

Уæдæ цы диссаг у, — мæ зарæг

Цæгъда дзæнгæрджытæ йæ кадыл!

Алайнаг таурæгъ1

Хъубаны хъал фурды фынкуылæн

Æмуырдыг къæдзæхтыл тындзы.

Йæ былыл дурдзавдау сæркъулæй

Алайнаг сахъ фæтæг нындзыг.

Уæнтæхъил — йе ‘фсад дæр. Æвзарынц

Фыццаг хатт басасты фæсмон,

Ныффæсус фидиуæджы уадындз,

Ныгуылы туджы малы бон.

Фæзыны згъæр хæдон кæфдзармау,

Æрттивы цъупп танхъа, цыргъ цирхъ,

Улæфы ‘взистæхгæд кæрддзæмы

Фæлладæй рондзамæхст фæринк.

Хæсты дуаг Уастырджи Помпейæн

Хæларæй абон радта ‘нтыст,

Фæлæ та хъамылы домбайæн

Фæцæудзæн йе ссырты хъыррыст...

Нывæнды хинымæр Æрсæком, —

Куыд райса йе знагæй йæ маст,

Æрцæуæг римагæн хæрзæбон

Фыдмæ куыд расайа æваст...

Домбæйгуырд фестъæлфыд йæ сæнттæй,

Къæхты хъæр хор-хоримæ сиу:

Кæсы, Помпейы сахъ æфсæдтæй

Йæ разы ‘рбалæууыдис иу:

«Æз ме ‘мтуг римæгтæй фæлыгъдтæн,

Аккаг мын не скодтой уым кад.

Дæ тыхтыл бафтдзæн ныр мæ тых дæр,

Уыдзæн дæ коммæгæс мæ кард...»

Æлгъгæнгæ, дзурæджы цæсгоммæ

Дыууæ цæхæр цæсты ныккаст,

Фæцыди карды ‘хситт æваст, —

Фæтулы римаджы сæр коммæ...

Уæйгæнæг кадылмард фыдгулæн

Зæххыл — цылгъагдæры мæлæт! —

Хъубаны хъал фурды фынкуылæн

Хъайтарты зарджытæ кæнæд!