- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Къостайæн
Ды мæлгæ нæ акодтай,
Хурау аныгуылдтæ ды,
Алы райсом ыскæсдзынæ,
Демæ рухс ысхæсдзынæ,
Дзыллæйы раз хæсджынæй
Никуы баззайдзынæ ды.
Уастæн бадай дзæнæты!
Цас бырстай зындзинæдты
Саудалынджы иунæгæй!..
Ды уыдтæ хуыцауы ‘мсæр,
Афтæмæй та баузæлд
Никуы федтай иу лæгæй.
Ды мæлгæ нæ акодтай,
Хурау аныгуылдтæ ды,
Иры сагсур гуырдтæ дын
Пъа кæнынц дæ ингæнæн.
Ды мæлын нæ бакуымдтай, —
Де ‘гасыл дын цин кæнæм.
Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
Иу дур та расхъиудта Иры мæсыгæй,
Зæрдæйыл сагъæс æрæнцад уæззау.
Арвæй æркъул ысты хæхтыл фæрсыгæй
Мигътæ — фыдохы тырысатæ, сау.
Хæхтæ, йæ кадылдард хæхтæ, нырризут,
Мæнæ мæлæт нын фæхæссы нæ уд!
Иу уысм нымдгæнгæ уæ урс худтæ сисут,
Уе ‘хсарджын фыртæн фæндараст зæгъут.
Исты та хæстмæ нæ фæраст æдгæрзтæ —
Сом, дам, кæд амонд æфтауид æфсир;
Тохмæ нæ гуылф кæнынц адæм йæ фæстæ —
Рацыд йæ мæрдадзмæ абон нæ Ир...
Иу дур та рахауд нæ кады мæсыгæй,
0, фæлæ ма зæгъ: «Нæ мæсыг кæлы».
Никуы фæцуддзæн хъыг æмæ цæссыгæй, —
Ахæм хъайтартæ цы зæххыл мæлы!
Композитор Галаты Барисы уæлингæны
Ам, дæ дæлсыджыт лыстæны,
Ныр куынæуал уа фыдуазал,
Ахъызт зымæджы фæстæ дыл
Уалдзæг уадындзтæй куы суаса,
Ног та малусджытæ мæрæй
Арв сæ цæстыты куы схæссой,
Æмæ стъалытæ цыбæлæй
Худгæ дидинтæм куы кæсой...
Ныр куы ныууадза йæ мæра
Хъæды сау сæлабыр рохы,
Арв фæздæгкалгæ куы нæра,
Булæмæргъ куы зара къохы,
Æрдз куы нырттива налхъуытау,
Æрдз йæ саутæ дыл куы сиса,
Цины зарæджы цæлхъытæй
Зæхх дыз-дызгæнгæ куы риза...
Уæд уæлмонцæмхиц дæ зæрдæ
Ам куыд быхсдзæни, дæуыстæн?!
Гъе дын дæлсыджытæй сыстдзæн —
Иры зарæджы фæдыл та
Ногæй коми-ком цæудзæнис,
Æмæ не ‘нæрцæф фыдæлтау
Масты заргæйæ кæудзæнис!
1977 аз, январь
***
Иутæ давæггаг «Волгæты» бадынц
Æмæ давджытыл се ‘рттæ цæгъдынц;
Адæм адавынц зæрдæйæ уадындз,
Фæлæ никуы, нæ зонынц цæгъдын.
Иутæ кадджытæ чъизи фыссынц
Æмæ никуы сæхиуыл нæ худынц;
«Зæрдæ дудынæн равзæрд», — фыссынц,
Æмæ афтæмæй никуы, нæ дудынц.
Иутæ искæй цин удхосæн нуазынц,
Æмæ худынц сæхицæн фæрнæй,
Æмæ давæггаг удтæй кæй хъазынц, —
Уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæй.
Иутæ худгæ рæсугъд мæлын зонынц,
Æмæ чъизи цард барæй кæнынц.
Адæм хасты сæ иунæг цард тонынц,
Æмæ, хи сайгæ, «хъалæй» цæрынц.
Иутæ, исчи сæ уарзы, уæд уымæй
Хи ирхæфсын сæ сæрмæ хæссынц,
Æмæ сусæг тæригъæд æрхуымæй
Цæрдтæй мæрдтæм æфсондзау хæссынц.
Иутæ тугæйдзаг «Волгæты» бадынц
Æмæ аргъуанты кувын уæндынц:
Иутæ зæрдæтæй адавынц уадындз
Æмæ никуы, нæ фæсмон кæнынц!
13.10.1969
Хъуды ком
Хъуды ком, Хъуды ком, —
Уды ком,
Уай мын æнус-æнус
Худынхъом!
Къахвæндаг — асинтæ,
Асинтæ...
Бамбæхст уæ цас хъыгтæ,
Цас цинтæ!
Гутондар, зондджын
Лæджы ныхыл
Бакодта рæстæг
Йæ хуымы хай.
Хъуды ком, Хъуды ком, —
Уды ком,
Уай мын æнус-æнус
Худынхъом!
Дугты цъæхартуадзгæ
Судздзынæ.
Иры зæрдæйау
Рæмудздзынæ...
Хъуды ком, Ганис-хъæу,
Хъелы цад —
Уарзты æрвæрттывдæй
Се ‘мыдзаг!
Дуне райгуырд
Уый зæххыл нæ ралæууыдис уалдзæг, —
Уый бæлвырд дзыхъынног дуне райгуырд:
Ныр æнусмæ дидинджытæ уардзæн,
Ныр æнусмæ лæг уыдзæни райгонд.
Кæрдæджытæ, дыргъбæлæстæ семæ
Зæххы сауæй уыйбæрц рухс ысхастой,
Уыйбæрц судзгæ, ирд цырæгътæ, гъе ‘мæ
Зæрдæтæн сæ сагъæсы бар байстой.
Æрдзы уындæй, æрдзы хæрзтæй — расыг, —
Æз æнæбон сонт сабиау цудын.
«Цин æрцыди!» — сау зæрватыкк уасы,
Цин цæгъды дзæнгæрджытæ мæ уды...
Рухс уалдзæг, æлутоны мырæгау
Анхъæвз ды мæ рæстæджы, мæ дуджы!
Афтæ ‘ргом, æнæхинæй, сыгъдæгæй
Ахъар, Май, нæ дунейæн йæ туджы!..
Арвырон æхсæрдзæнтæй ивылы,
Бæстæ у налхъуыт-налмас æгасæй,
Мидбылхудты стъæлфæнджын тыфылы,
Удыхосау, мæргъты зарæг азæй.
Арвæй цыма хур кæлы къæртайæ,
Хæхты сæр æнусон цъити тайы.
Чи зоны, мæ сæрыл дæр æртайа
Уалдзыгон мит а сыгъзæрин Майы...
Уый зæххыл нæ ралæууыдис уалдзæг,
Уый бæлвырд дзыхъхъынног дуне райгуырд:
Ныр æнусмæ дидингуытæ уардзæн,
Ныр æнусмæ лæг уыдзæни райгонд!
