- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Сатанайы куывд
(Монолог)
Нæртон фæсивæд, амовдыл хæст ут, —
Æнус-æнус зæххы фарнæй æфсæст!
Зæрин хур уæм йæ хæлар цæстæй худæд,
Йæ цæссыг уын мигъ ма кæнæд æвгъау,
Фæскъæвда ‘рттивæд арвы рон уæ сæрмæ!
Хæрзамонды цыкурайы фæрдыг
Куыстдзагъд лæджы ныхæй æртагъд кæддæр.
Ныддур æмæ дзы царды фидыц худы.
Уæ ныхæй калæд уыцы фæрдыг рухс, —
Фæрныг æмæ хъæзныг куыд уат æнус,
Æрдзæ сæдæ — уæ рæгъæуттæ, уæ дзугтæ!
Уæ къæбицты ныккæнæн ма уæд хорæн,
Мыдгъуыз суадæттæй абузæд æлутон!..
Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут.
Ис амондмæ зæххыл фæндæгтæ бирæ,
Цæуынц æм — зонут, — се ‘ппæт дæр æрмæст
Лæгæн йæ бæстæ, й ‘адæмы зæрдæйыл.
Уæ дзыллæ искуы царæфтыд куы уа,
Æнæуый уæ куы бæлла исчи цинмæ, —
Уæд баззайæд нæ фидæны фæлтæртæм
Йæ ном цылгъагдæр фидисæн зæххыл.
Нæ зæххы сой нæ фыдæлты туг у! —
Уый бацыдис уæ буары, уæ магъзы:
Уæ дзыллæйы цæрдхъом къабæзтæ стут,
Æмæ фыдамонд макуы фæут ахæм, —
Зын уын куыд уа йæ сæрвæлтау мæлын!
Фидауынц адæм се ‘гъдауæй, сæ уагæй, —
Нæртон æгъдау уæ фæдзæхст уæд, мæ хуртæ!
— Сæ фæтк, сæ ныхас — адæмтæн сæ ис, —
Цзесты гагуыйау хъахъхъæнут нæртон дзырд, —
Нæй фидæнмæ афтидармæй цæуæн!
Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут!
Хæрамы охыл макуы сласут кард.
Фыццаг-фыццаг æхсаргард æмæ фат
Фыдæхзæрдæйæ чи райста йæ къухмæ,
Уый туджы зæйтæ фенкъуыста зæххыл,
Æмæ ивылынц абон дæр нæ сæрты.
Кæд уыдис маст мæрддзаг хæдон мæлæтæн! —
Фыдмаст у ног фыдбылызы æхсидав.
Фæлæ фыдгул уæ уæзæгмæ куы бырса, —
Ныккалут туг сæрибары сæрыл:
Фыццаг-фыццаг æхсаргард æмæ фат
Хæрамы ныхмæ чи райста йæ къухмæ
Уый цины денджыз рауагъта зæххыл...
Æмæ ныр дæр нæ зæрдæтыл ивылы...
Нæртон чызджытæ, рухс амонд уæ хай!
Зæххыл æппæт ысфæлдисæг у мад, —
Нæртон мады ном фарнимæ хæссут.
Сымахæй цæудзæн уарзт æмæ хæрам дæр,
Зæнæг уын ахæм рацæуæд, фæлтæртæм
Фыдыуæзæджы судзгæ уарзт, лæгдзинад,
Нæртон æгъдау, нæртон кад æмæ намыс,
Тырысайау, куыд адæттой сыгъдæгæй!
Нæртон кæстæртæ, цардамонд уæ хай!..
Лæджы къухты тыллæг
Историйы сæуæхсидыл фыццаг
Æрдздидинæгæй адæймаджы гуырдз
Куы рахызтис æцæгæлон дунемæ,
Сæрысуангæй йæ хиды ‘ртæхты сыгъд
Йæ царды развæд рухсгæнæг цырæгътæ.
Хъæддаг заманты сау мылазон, тарæй,
Лæгсырдты хъомпал богъ-богъгæнæг дзугæй
Йæ цонджы руаджы ратыдта йæхи...
Æнусон даргъ æхсæвы ныхмæ, уартау,
Йæ хиды ‘ртах — йæ цардамонды стъалы —
Йæ фæллад ныхыл ирд тæмæнтæ калдта
Æмæ йын уыд фæндагамонæг тары...
Лæджы чъиухид, лæджы къухты фæллой! —
Алæмæтон æрдздидинæг ды дæ,
Дæуæй рахызтис адæймаджы гуырдз,
Зæххыл цы ис рæсугъд æмæ бæрзондæй,
Бæллиццагæй, сыгъдæг æмæ хæрзкондæй,
Гъе уыдонæн ды се сфæлдисæг дæ...
Зæххы сой æмæ хуры рухсæй конд —
Лæджы фæллой, лæджы къухты тыллæг,
Дæуæн йæ сæрæй кувы цард ныллæг.
Кæд искуы исчи истæмæн куывта,
Кæд исчи кодта ‘рвон хуыцæуттæн табу,
Уæд ды æппæт хуыцæутты хуыцау дæ,
Æмæ дæуыл кæнын мæ зарæг абон.
Нæ цинты сæр, нæ царды хос — тыллæг, —
Сырх мæнæуы ‘фсир — хуры тынтæй быд,
Зæриндзыкку, дзæнхъадæндаг нартхор,
Фæрдыггага сæнæфсиры цупал,
Зынггъуыз фæткъуы, фæззæгау, бур кæрдо —
Сымах чи скодта сау зæххæй, æлыгæй,
Æмæ уæ ‘рвон рухс чи ссыгъта, Амранау,
Гъе уыцы сау дыууæ къухæн кæнын
Мæ зæрдæбындæр зарджыты хуыздæр.
