- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Æртындæс
Хуыцъейы рæсугъд уæлвæзы æмдынг сфардæг арвмæ 13 наз бæласы. Кæддæр Дзесты Куыдзсегæн йæ зæрдыл æржеууын кодтой æртындæс ирон коммунары.
Æртындæс топпы дзыхæй м’адзал,
Æртындæс удхæссæгау, каст.
Æртындæс æхсты мæ фæкодтой,
Æртындæс мин цæфы фæдæн.
Мæ тугæрхæм зæрдæйы баззад
Æртындæс мин фыдохы маст.
Æртындæс мин хъарæджы додой
Уыдис мæ мæрддзыгой мæнæн.
...Æмæ цæссыгæмхæццæ тугæй
Куы скаст сæуæхсиды сырх тын,
Уæд уыцы тугуылæныл, хуртау,
Æртындæс рухс зæрдæйы тылд,
Æмæ та срæмыгъта мæ удæй
Æртындæс назвæлыст фырты, —
Лæууынц, мæ цæхæрцæст хъæбултау,
Æртындæс цардæгас цырты.
Къостайы бæрæгбон Къахеты
Дард Ирыстонæй, хæхты дæлвæдджи
Алазаны дон хъусы алайнаг ныхæстæм.
Хæхтæн бар кæд нæй æрдзæй, — сыбыртт сын нæ фæччы,
Науæд уыдон иронау кæддæрид куы ‘мбæрстой.
Алазан цыма нал у хатиаг:
«Цъ»-тæ, «хъ»-тæ ирон мыртæй раивта, —
Хъус-ма: дзуры иронау йæ уды фæндиаг,
Хъус-ма: сцагъта йæ уадындз, Ацæмæзау, аивтæй...
Хъæубын зары хъуытаззæл тæлтæг дон,
Хъæусæр — булæмæргъ тулдз хъæды тар къохы;
Абон Къахет куывд кæны, бæрæгбон,
Абон, Уастырджиау, кувынц Къостайæн Аргохы.
Бæстæ — бур-бурид, цыма йыл хурзæрин батад,
Судзы агуывзæйы мыдадзгъуыз сæны цырæгътæ.
Уæртæ фынджы сæр колхозы сæрдар — Иракъли рабадт.
Уæвгæ, цы рæгъытæ уадзы, цы рæгъытæ!
Уынгæй хъуысы ирон цагъд, ныффæсус и фæндыр,
Уынгæй хъуысы æмдзæгъд æмæ зарын;
Цал уым чызджытæй сусæг бæллицтæ нывæнды,
Цал лæппуйы йæ цæсты зул чызджытæм дары...
Уæртæ фалдæр хъæбысæйхæст сытынг ис гъæйттæй,
Ис дзы бирæ сыхаг хъæутæй, — гуырдзы, зæгъ, мæхъæл.
Ахæм чи уыдзæн иры богæлттæй, —
Абон хъæуы фæкæна фыдæнхъæл!
Хъазынц фæсивæд фат æмæ ‘рдынæй,
Хъазынц фæсивæд хъилыл бырынæй;
Ахæм рагон хъæзтытæ ракетон æнусы фидауынц;
Абон Къахет ыскодтой бæрæгбон нæ нæртон æгъдауыл.
Абон Къахет хуыцауы ‘мсæр поэт — Къостайæн кувынц.
Къоста рæсугъд нæртон æгъдæуттыл уыдис æнувыд...
Бон ныффæлладис, аууæттæ, расгуытау, цудынц,
Алазаны дон зары иронау,
Хæхтæ, урсхил зæрæдтау, сæ мидбылты худынц,
Хæхтыл анхъæвзт зæрæхсид сыгъзæрин донау.
Тагъд та дунейы ‘взист мæй рæвдаудзæн, —
Хæхтыл, фæзтыл фæлмæн цыллæ таудзæн.
Алкæй абырсдзæн хуыссæг
Æмæ хъæубæстыл рухсфын æртыхсдзæн.
Фыны фендзæни саби — къуыпуадул:
Цыма Хетæджы сахъ фырт Къахетмæ ‘рцыди:
Уæртæ зæронд лæгты ‘хсæн цухъхъайы бады,
Йæ риуыл — рæгъ-рæгъы бæрцытæ.
Райы, йе ‘мирон адæмæй бабуц.
Дзуры: «Бæстæ куыд райдзаст у абон!
Дуне срухсгæнæг ног дугæн табу, —
Не ‘взаг — н’ адæмы намыс нæ бабын!
Уый фæхатти дунейы уæзгуытыл.
Уыд йæ фæстаг, йæ фидæн — йæ катай.
Уый нæ бартхутæг судзгæ мæсгуыты,
Уый нæ басастой кард æмæ фатæй.
Абон а-зæххыл алчи æмбар у,
Æмæ равдис, Ирыстон, дæ хъару:
Адæм цалынмæ се ‘взæгтыл дзурой, —
Макуы фесхъиуæд де ‘взаг сæ цурæй.
Уый куы уæй кæна ‘хсины лæг кадыл, —
Сыст, æлвæст кардау, рахъыз йæ сæрыл.
Дæу æнæуый нымайдзысты мардыл, —
Лæг æнæ ‘взаг нæ цæры...
Дард Ирыстонæй хæхты дæллагхъуыр
Къахет аныгъуылд рухс фынты малы.
Мæй, нæртон уартау, атылдис, акъул,
Алазаны дон «А-лол-лай» зары.
