- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
I
Ды дæ мæ зарæгæн йæ сæр.
Цæй, сыст, ызнæт фæдисон, цырддæр!
Нынниу сæдæ ‘взагæй, ныннæр, —
Фæу фæндаггæрдæг мæ дзырдтæн!
Куыд нæй зæххы цъарыл фæуæн
Æнустæн, размæбырстæн, цардæн,
Нæй афтæ басæттæн дæуæн,
Ныххуыссæн — де ‘нæнтау цъæх артæн.
Дæ нысан — иудадзыг тырнын,
Дæ цард, дæ цин — дæ хæст, дæ тохы.
Нæрыс, бырсыс ‘мæ дæ уырны, —
Дæ цæлхъæй атондзынæ хохы.
Уæлахиз къухты бафтдзæн тагъд —
Æдзух дæ размæ скъæфы уый ныфс.
Минут дæр фескъуыдтай дæ тахт, —
Нæ, уæд ды уадтымыгъ нæ хуыйныс!..
II
Уыдтæн уырзыйас саби, раст,
Æхсæв-иу рудзгуытæ ныххостай
Æмæ-иу де ‘хситтæй æваст
Мæ хуыссæг, ме ‘нцойад фæхастай.
Цыдис-иу бæлæсты къæс-къæс,
Мæстыйæ дæм сæ сæртæ ‘нкъуыстой.
Æз-иу уæд не ‘рцъынд кодтон цæст,
Зыдæй, цымыдисæй дæм хъуыстон.
Цæмæн? — нæ хатыдтæн бæлвырд,
Цы мæ скъæфта дæумæ — нæ зыдтон,
Фæлæ мæм диссаджы монц гуырд,
Цыбæлæй дæм мæ былтæ ‘хсыдтон...
Мæсты ‘хситт-иу куы систай хатт,
Куы-иу хъуыст де ‘ртхъирæн, дæ додой, —
Мæ сæры хъуын-иу барц ысбадт,
Мæ уæнгтæ цины дыз-дыз кодтой...
III
Кæнын дын, номдзыд лæгау, кад,
Чызгау дæ судзгæ уарзтæй уарзын.
Арв саудалынг куы ‘рвæййы хатт,
Зынг хуры сау мигътæ куы байсынц,
Куы вæййы ‘фхæрд æрдз тар, æнкъард,
Йæ сæр куы ‘руадзы бæрз — гуырвидыц,
Æнаххос дидинтæ сæ цард
Мæстæй цæссыгкалгæ куы ‘рвитынц,
Æлхынцъæрфыгæй сыстыс уæд,
(Хæлар, нæ дæ кæнын æппæлгæ),
Æмризæджы нырризы ‘ппæт, —
Фæхæссыс сау мигъты гæппæлгай...
Æмæ ныццæхæр калы хур,
Ног райгуыры, ныххуды бæстæ,
Цард фесты ‘хсидгæ денджыз, фурд, —
Ныззары мæргъты мин хъæлæстæй.
IV
Зæххыл дæм ничи ‘рхæсдзæн фау,
Æнусты ‘нæмæлгæ бæгъатыр;
Ды дæ æнæсæттон ныфсау
Æмæ рæстдзинадау — æгъатыр!
Ысуадзой ног талатæ тау, —
Ыстоныс хус тулдзы бындзарыл;
Цъæх фурдыл ма ‘рхæца хъуына, —
Йæ уылæнтыл ын арт æндзарыс,
Бæстыл дæ уромæг кæм ис! —
Дæ сæрыл сау зæххы цъар исыс —
Дзыхъхъæй-къуыппæй сæ ‘мвæз кæныс,
Сæттыс, фæлдахыс, ног фæлдисыс...
Æдзух нæ кæныс, зæгъгæ, ‘рвнæрд,
Нæ дæттыс фезмæлды тых цардæн, —
Уыдаид дун-дуне уæлмæрд,
Мæлæт ыл дардтаид йæ бартæ.
V
Ды дæ мæ зарæгæн йæ сæр —
Тызмæг ызнæтдзинады бардуаг!
Æнусмæ ме ‘мдзæвгæйы цæр,
Кæрддзæмы тъыст цыргъ фæринк кардау!..
Кæнын дын номдзыд лæгау кад,
Чызгау дæ судзгæ уарзтæй уарзын.
Кæсыс, ныр дæр, мæ хæлар уад,
Æдæрсгæ демæ уынджы хъазын;
Цæуын, мæ гом риу мын цæвыс,
Куы та мæ ихуырзтæй рæвдауыс,
Мæ зæрдæ мын цырын кæныс,
Мæ уæнгтыл мын цъæх арт æфтауыс.
Цæуын, дæуау мын ‘рынцой нæй,
Æрхъæц нæ зонын азæй-азмæ.
Хъæддаг, æнæрцæф æфсургъ, цæй,
Дæ базыртыл мæ аскъæф размæ!..
VI
Церечы згъæрау судзы мæн
Дæ тызмæг тохмонц сидт, дæ зарын,
Мæ цард, мæ зæрдæйы тæмæн
Дæ тых, дæ размæбырстыл барын,
Æмæ кæд ахуысса мæ зынг
Мæлæтмæ ‘лгъыст низы нымыгъдæй, —
Ныннæрут уæд, нынниут тынг,
Ысхъызут дунейы тымыгътæ;
Бындзыггай мæ фæхæссут дард,
Æваст мæ арвы тыгъдмæ фехсут,
Куыд уадзон иудадзыг цъæх арт,
Куыд хъусон уе знæт уынæр, уе ‘хситт.
Цæмæй мæ хæтæн уа уæрæх,
Мæ хуыз тъымы-тъыматæм ивон,
Куы-иу уон мигъ, куы та æртæх, —
Зынг хурмæ кæрдæгыл æрттивон...
1958 аз
