- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Гулиа Димитры амæлæтыл
Цымæ цæуыл йæ хъиутæ хæры денджыз?
Æнустыккон Акуамæ1 згъорынц уылæнтæ,
Ыстæй, фæдисы барджытау, фæстæмæ
Тæхынц цыдæр тæссаг хабар хъæргæнгæ.
Цымæ цæуыл йæ хъиутæ хæры денджыз?
Ызнæт палмæтæ — дымгæйы пыхцылтæ,
Сæ базыртæ — æвирхъауы хъандзалтыгъд:
Цыма æваст ныппæррæстæввонг уынджы
Лæууынц фыдохы уацхæссæг бæлæттæ.
Ызнæт палмæтæ — дымгæйы пыхцылтæ.
Уæззау уæддæф йæхи дæлоз æруагъта,
Æви ныццахсти донгонд ызды уынгты
Æмæ фыдохы музыкæ, фыддымгæ,
Тыхабухгæ, йæ тæнджыты лæгæрдынц.
Уæззау уæлдæф йæхи дæлоз æруагъта.
Фыдуац Абхазы тугдадзинты ацыд
Дыздызгæнгæ, тæссаг, тыхæндыгъд токау,
Æмæ цæгъды дзæнгæрджытæ йæ уды,
Йæ тыхджын буар кæрæй-кæронмæ дуды.
Фыдуац Абхазы тугдадзинты ацыд.
Цæй табæт у, — лæджы æви хуыцауы?!
— Уый уæлтæрхæг йæ зæрдæ ис Абхазæн,
Йæ истори, йæ рухс абон, йæ фидæн
Æппæт уидæггæй табæтимæ баст у.
Цæй табæт у, — лæджы æви хуыцауы?!
Æндон зæрдæ йæ цæвынæй нæ банцад, —
Рæмудзы, судзы уæлтæрхæг цырагъау.
Йæ уидæгтæй йæ адæмимæ баст у, —
Æнус-æнус сæ дадзинты цæрдзæни.
Æндон зæрдæ йæ хуыз ивы, нæ банцад!
Сухум, IV. 1960 аз
Рухс
Куыд ныггуыппæг æхсæв, куыд бамыр.
Йæ дæлбазыр цавæр ныттар?..
Мæ зæрдæмæ ‘ртхосæн уæд та мын,
Арв, иунæг ыстъалы ныддар!
Æнæбын уæрмау мæ фыдталынг
Бæллицбастæй дары кæмдæр.
Мæ удлæууæн рухс цард, уæд та мын
Æвдадзæн — дæ сыбыртт, кæм дæ!
Нæ уынын, нæ хъусын, нæ хатын,
Кæм ма ‘мбудын ад æмæ тæф!
Æдзæмæй мæ рæуджыты бады,
Лæсæнау, бæзджынахст уæлдæф...
...Æндидзынц та царды фæрæзтæ,
Уæларвы тæраз та фæкъул.
Фыдфын æхсæв атахт, фæфæстæ,
Фæсхохæй ысрæмыгъта хур...
Фæцæуын, ивылы мæ уæнгты,
Гуылф-гуылфгæнгæ, дунейы рухс.
Мæ фарсмæ — цырагъадæм уынгты,
Уæд се ‘хсæн та — саударæг ус?!.
Уый, — дысон куы стахти фыдæхсæв, —
Æрхаудис йæ базыры сис...
Ныр фестади бæстæ чындзæхсæв,
Ныр атади таримæ рис.
Дзæнæтон æхцон цин æнкъарын,
Сырх арвы рон фестад мæ уд.
Дæлдзæх фæуæнт сау æхсæв, талынг!
Уæ, рухс бонтæ, арфæйаг ут!
Æвирхъау ныв
Уадæг хъæугæрон фæтæхы,
Рудзгуытæй ивылы худт,
Æмæ дидинæджы ‘ртæхы
Ризы рухс уалдзæджы уд.
Дæлæ фæзилæнмæ рындзыл
Ус фæуырдыг ис æмраст, —
Мад йæ хъæбултæм фæтындзы,
Йе ‘рфыг аууæрды æваст...
Арвæй тарст зæрдæтæм исты,
Цыма судзгæ нæмыг рахст, —
Атад уадæджы хъыллисты
Усы удисæн цъæхахст...
Сабитæн сынтыл фæхæссынц
Сидзæры уæззау ном сых.
Фæсфæд дидинтæ фæхуыссынц, —
Тугхæццæ цæссыгау — сырх...
Уадæг бандзыгау ис уæртæ,
Маст, ызды уаргъау, хæссы,
Тарст, хуыст цæстытау, фæйнæрдæм
Уазал рудзгуытæй кæсы.
Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
Хæхты буар ныууырынгтæ, нызгæ, —
Дис æфтауы туристтыл:
Уый, цыма, хъæбыс-хъæбыс хуысгæ,
Аргъæутты кæфхъуындартæ ныддур ысты.
Хурыскастмæ ‘нæзмæлгæ лæууынц
Сычъитæ, зæды цыртытау, дурцæндтыл.
Хохрæгътыл зæбул-зæбул кæнынц
Кæмтты сæрмæ ауыгъд мигътæ, хордзентау.
Хæхтæ
Хæхтæ бадынц, куырыхон уæзбын лæгтау,
Сæ къæрит кæрцыты, сæ сæрыл — фысдзарм худтæ.
Хæхтæ хъахъхъæнынц ирон уæздан æгъдау, —
Нæ кæнынц цыбæл хуры рæубахудтмæ.
Сæ рæзты туристтæ рацæуынц хъазгæ.
Хæхтæ лæууынц, — сæ сæртæй уазджытæн рухсдар.
— Сæнтæф, — чидæр ысдзырдта: æддаг дарæс ласгæ!
Æвзистау ферттывта рæсугъд цæгаттаг чызджы урс буар.
Цыма исчи цъыф бакалдта хæхтыл, —
Се ‘рфгуытæ фелхынцъ кодтой карзæй,
Æмæ саудалынг æврæгътæ
Хурыл амбырд ысты бардзæй.
Ныв
Хохæй расхъиудта хуры тын, —
Дæлæ комы нысхъистæ.
Уый та рабаста дуртыл
Æрдз йæ фæндыры хъистæ.
