- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
Парк — æгуыппæг, æнтæфы нынкъард.
Никуы змæлд и, никуы ‘ртæхдзырæгътæ.
Залмы сыфтæ — уонгуагъд æмæ калд,
Зæххыл хуры бур тынтæ — дыдæгътæ.
Сæрд, цыма, мæлæтæн судзы буд, —
Бæстæ бандзыг, нал хъуысы сыбыртт дæр.
Уæлдæф у мæрдонæдзæм, æнуд.
Аууæтты хуыссынц цъынддзаст æрсытæ.
Сырддонмæ йæ сабиимæ кæд
Иуыстæм хатт иу исчи фæзыны,
Бахъæуы къæпдзыхæй лæугæ уæд
Саби бур гæрæм сырдмæ кæсыныл.
«Карз ыстай» — æфсæн æмбондыл фыст.
Нæ, уый кæд йæ бур быдыргъ у ‘мпылдæй.
Уæнгтæ — уагъд, æндон цæстытæ — хуыст, —
Сырд, бызгъуырау, фæскъæсæр тымбылтæ.
Нæ, зынгæй зынг зæгъæн нæй хуыстæй, —
Хъуамæ уый цæхæр тыфылтæ калид!
Арвæрттывд у, уадтымыгъ у стай, —
Ахстæй йын ыстай ысхонæн нал и...
Уссурийы донбылгæрон рæзт, —
Æрдзы знæт, тызмæг тыхты сырдвидыц.
Царды монц, æнæнцойдзинад, хæст —
Уым æдзух йæ тугдадзинты ‘хсидынц.
Хъамылы йæ иу тызмæг фæкаст...
Ферттывта йæ цæстыты рухс уæртæ, —
Электронау атахти фыдтас
Уæлдæфы дыз-дызгæнгæ фæйнæрдæм.
Фестъæлфыд æгуыппæг æрдз æваст;
Алфæмблай ызмæлд ыссис æгасæй:
Сырдты знæт лыгъд, мæргъты тахт, цъæхахст,
Ризынц дуртæ, бæлæстæ дæр тасæй.
Ауыдта йæ фыдгулы — тæррæст!
Фатæрттигъау йе ссыр урс фæдардта.
Фен ыстайæн хъамылы йæ хæст,
Уым у стай, гъе уым судзы цъæх артау...
Ам æрмæстдæр й’ афтид буар хуыссы, —
Дардмæ хаст йæ удæнцой хæцæнтæй,
Æмæ йын йæ бырынчъы тъыссы
Горæттаг тæппуд саби къæцæлтæ.
Æхсæв æмæ бон
Бон æризæр и...
Цыма ‘рбауасыд халон, —
Абадт зæрдæйыл аууон;
Атыхст дунейыл талынг фыдфынау.
Халон, армау, йæ сау базыр дары
Сусæг фыдмитыл.
Кард фæкæны фæлурс æрттывд тары,
Уыг хъуынадур зæппадзæй
Æвирхъау фыдбылызтæм сиды.
Тарæй бирæгъы фосфор цæстытæ
Удмæ уазал, мæрдоних хæссынц, —
Раст дыууæхстоны дзыхтау кæсынц.
Тары фæндагыл къæхты хъæр ризы: —
Фæсвæд арф ком къæпдзыхæй лæууы...
Фæлæ талынг тæссаг гæв-гæв сисы.
Зардæй раивы дæтты кæуын.
Уый æрбады фидыды цъæх бæлон
Тарæй рухсы ‘хсæн базыртыгъдæй,
Сысты сау халон, —
Нæй йын ныхмæлæууæн,
Зæххæй сисы йæ тугмонц ныхтæ.
Бон ыскæсæны уадындз ныццæгъды;
Бæстыл рахизырдыгæй ысуасы,
Æмæ рухстаугæ сытындзы хæхтыл
Царды фарнхæссæг хиуа йæ базыр.
***
Гъæйтт! — къæппæгæй лыгъд цæргæсау,
Цырд мæ базыртæ тындзын,
Тарстæй ме знонмæ фæлгæсын,
Райгæ райсоммæ тындзын.
Райсом — хохрындз мæм иннæбон
Талынг сæрсæфæн кæсдзæн;
Ме знаг — сæрсæфæн æнæбын,
Хох мын удæнцой хæсдзæн.
Иунæг размæтахт — мæ катай, —
Макуы ‘рулæфон зæххыл,
Æмæ мигъты тары, фатау,
Æз цæхæркалгæ тæхын.
Фæсрагъ хур æрттивгæ стулы, —
Æз йæ фембæлдмæ тындзын,
Ивгъуыд тар бонтæй мæ суры,
Мигъау, талынджы бындзыг.
Искуы къæмбыртыл фæкаддтæн, —
Уый мыл атыхсдзæн æваст,
Фæлæ ме ‘нæрцæф уд дарддæр
Хурмæ уайдзæнис æмраст.
Уалдзыгон æхсæв
Тар æхсæв... Ыскъæфы
Уалдзæджы тæф дымгæ,
Цыма ‘хсынцъы дидинæг
Рафтыдта мæ фындзы бын.
Уæлдæф, сау хъæдабæйау, —
Хъарм æмæ фæлмæнвæдджи.
Уддзæф мыл йæ пух къæдзил
Асæрфы гæдыйау.
Тар — æдзæм, æхцон æдзæм.
Бæстæ — сабыр, сабыр...
Цыма цъыфы ‘взист цæфхад, —
Мæй ныссагъди мигъты.
Æз лæууын уæлвонг рындзыл,
Горæтмæ фæлгæсын,
Дæлæ ‘рхауди Чъребайыл
Рухсдзыгъуыр æрвуадздзаг...
Афтæ ‘хцон у ацы ‘хсæв,
Афтæ хъарм мæ удæн, —
Уалдзæг нæ, — мæ фыццаг уарзт
Кæд æрцыд йæ хуызы...
Тар æхсæв... Сывæллонау
Мæн уырны цæмæндæр, —
Талынджы бæзджын уылæн
Йемыдзаг у рухсæй, —
Ахæц ыл æмбæрзæнау, —
Арвырон нырттивдзæн,
Ракæлдзæни зæрдæйыл
Дидинджыты рухс зæй.
Февраль 1964 аз
***
Зонын, нæй мæ фыстыты бæркад —
Ме ‘нæрцæф уæлтæмæны цæхæры...
Уый, мæ зæрдæ фегом вæййы хатт,
Арвы дуарау, рифмæйы дæгъæлæй.
(Афтæ ‘ргом ысирвæзы ныхас
Арæх тарф хъуыдытыцыд лæгæй дæр).
Чи хаты мæ хъуырдухæн, мæ маст,
Гъе — цы цины денджызы лæгæрдын!
Бæрц — мæ фыст, ыстыр — мæ цин, мæ хъыг
Æмæ нæй мæнæн æрхуыст, æрфынæй.
Ме стих у нæлгоймаджы цæссыг,
Уый тæдзы мæ зæрдæйы рæбынæй.
Иунæг уысм нæ карз, рæстаг æнус
Рацыдис йæхиуыл сайдæй, — федтон, —
Ахуыссы цырагъхъуыдыйы рухс,
Цагъд базыртау, акæлынц мæ фæндтæ.
Ферттывта рæстдзинады фæринк —
Дуг рæстæйæфхæрд лæджы рæвдауы, —
Уæд мæ удæй æз цæгъдын зæрин,
Уæд мæ бæллиц дидинæг æфтауы...
Чи федта мæ зæрдæйæн йæ хуыз?
Чи дзурдзæн рæстæвзарæн быцæуы, —
Электры тыхæндыгъд телау æз
А зæххыл дыздызгæнгæ куыд цæуын?!
***
Мигътæ се зды базыртæ ныттыгътой,
Арвæмдынг æрцыдысты ныллæг,
Хæхты, цыма, сыджыты нынтъыхтой, —
Йе ‘мбæрц сыстын нал фæразы лæг.
Зайæгхалæй никуы змæлы иу тау,
Æрдз — æмыр, æгъуыз. Цымæ цы ‘рцыд?
Къутæртыл, сыгъзæринпакъуы цъиутау,
Нал бадынц сырх дидинджытæ, цы?!
Æз тыхæндыгъд зарæджы зынг зæл дæн,
Дуне мæ ныццарауын хъæуы,
Æмæ зæххæй мигъты ‘хсæн мæ зæрдæ,
Бомбæйау, ныггуыппæввонг лæууы!
***
Дæлæ хъæддаг цъиу уазалы басыд,
Зилы цæдты хæлцагур, дзыназы.
Цыма тары дыдзырухс цырæгътæ, —
Доны ризынц йæ чысыл сырх къæхтæ.
Æрдз, цæмæн кæныс хъулон ми ахæм:
Ды куы схай кодтай хъаны цард махæн,
Уæд æнæбон, тæригъæддаг маргъæн
Цард куыд радтай уыргæфтауæн уаргъæн?
Æз мæ уды дуар байтыгътон цъиуæн, —
Æмæ байдзаг йæ пæр-пæр, йæ уастæй,
Æмæ йе ‘нкъард, зæрдæхалæн ниуын
Айстон мемæ фæндаггаджы мастæн.
Сонет
Галы богъау раст тæрхонмæ тоны
Абон дæр мæ зæрдæйæ дæ ми.
Бабыхсын рæстæй æфхæрд, — кæй бон уыд,
Удыхъæд æндонвидар кæм и?!
Тымыгъы нæ уыны лæг йæ развæд, —
Æрхы ‘рдæм ныццух-мух кæны хатт...
Хахуыртæ дыл кодтаиккой цасфæнды, —
Азым дæм рæсттæрхонæй нæ хауд!
Зонын æй, мæ уаргъы хай дæр хастай,
Буц хæлар, кæцæй кæдæм, кæцæй!
Ирмæ ‘рцыдтæ, уый тыххæй къæдзæй —
Йе ‘нувыд фырт, дард бæстæйы хастæй.
Æмæ фарсты карз нысанау, мæнæ,
Не ‘ппæты раз ныр лæууыс æдзæмæй.
***
Абондæргъы мæн æвдæрзы низ,
Артау судзын абондæргъы тæвды;
Ме ‘рдхордыл, дам, карз хæцгæйау ис
Æмæ музæ нал цæуы мæ тæфтыл...
Гъе, уæууай, мæ райстбавæрд лымæн,
Тохы бон — йæ худинаг тæппудæн!
Чи зоны ‘мæ стихмонцы тæмæн
Басгуыхтаид царды хос мæ удæн!..
Ныр уыдзæн мæ цæстысындз дæ фенд,
Ныр дæ кой — мæ зæрдæйы рæмпъузæн!
Æз мæ цины ‘нæ дæу дæр — поэт,
Мæн æрмæст мæ тыхсты хъуыди музæ!
Ныфс
Уары та фæлмæн къæвда мæ рустыл,
Уалдзæг та хæкъуырцгæнгæ кæуы.
Рæстæджы цæст — арвы зиллакк мустылд,
Æз йæ разы ‘рвайдæнау лæууын.
Цæстытæ — дыууæ чысыл æхсæвы, —
Мæнæ цыма фарсты нысан раст, —
Дун-дунейы тармæ сæ ныццæвын:
Цæй-ма, цæй, рæстдзинады хуыз, раст.
Æмæ разынд, хох-уæйыгау, хъенæй
Рæстæджы гигант фæлгонц æваст.
Бон — йæ иу цæст, талынг æхсæв — йе ‘ннæ,
Тасæфтау, фыдуазал у йæ каст.
Куы ныххуды, куы кæуы, дзыназы,
У йæ иу фарс урс, йæ иннæ — сау.
Уый лæууы æнæмæлæт мæ разы,
Генион абстракцион нывау.
Æз хъæндил дæн, уый цур æз мæддзыг дæн,
Фæлæ йын йæ цæстытæм кæсын.
А дунемæ уазæгуаты ‘рцыдтæн,
Фæлæ дзы уæддæр æз дæн фысым.
Сом мæ фæдон бацæудзæн мæ хуызы;
Уæдæ тох, цæрын куы хъæуы мæн.
Æмæ дугты, заманты рæхысы
Калдзынæн тъымы-тъыма тæмæн.
Æз ыстъæлын, — ахуыссинаг рухс тын.
Дард кæмдæр та ссудздзæни мæ рухс;
Ацы къæвда уарыдис æнусты,
Ацы къæвда уардзæнис æнус.
***
Дыууæ цæсты,
Дыууæ ‘нкъард сау зæрватыччы,
Сæ сæрмæ тыгъд сæ фæйнæ базыры,
Цыма æрбадтысты фæлладæй пылыстæг цъитийыл.
Дыууæ цæсты,
Дыууæ нымæг ыстъалыйы,
Æрбынат кодтой се ‘рфæнты
Дыууæ æнусы дæргъæн тар æхсæвы.
Дыууæ цæсты,
Дыууæ ‘нкъард сау зæрватыччы,
Сæ цины уалдзæг раивта хъызт зымæгæй.
Дыууæ цæсты,
Дыууæ нымæг ыстъалыйы, —
Тæмæнкалгæ цы ирд арвыл ыскастысты,
Уый сатæг-сау фыдохы мигъ нымбæрзта...
Мæ удæй дæр,
Куы раздахин фæстæмæ
Сæ цъæх уалдзæг дыууæ ‘нкъард сау зæрватыккæн!
Мæ удæй дæр,
Дыууæ нымæг ыстъалыйæн
Куы сисин æз сæ райдзаст арвæй саутæ!
***
Ма, мæ хæлар, сойбыл зарæг ма кæн,
Афтæ ‘нцон дæр нæу зæххыл фæцæрын.
Цардвæндаг дæрзæгтæ конд у, какон:
Ис æвзонгæй урс хилтæ мæ сæры.
Ис æвзонгæй урс хилтæ мæ сæры,
У мæ ных æрыгонæй дыдæгътæ.
Бавзæрстон дзы уалдзæджы къæсæрыл
Судзгæ уарзты цинимæ фыдæх дæр.
Ды фæзарыс: хæхтыл цъити тайы...
— Тайы, фæлæ, басæтт ыл, — нæма стад.
Ды фæзарыс: зæрдæ цинæй райы...
— Райы, фæлæ цас æвзары маст та?
Цæй, зæгъ-ма, зæгъ-ма, уæд та цæмæн у,
Магъзы цъарау, хохы ных фырынцъылд,
Тулдз бæласы уаддзæджы тæмæны
Арв æваст цæмæн æркъуыры рындзыл?
Диссаг: царды цæр æмæ йæ ма уын,
Циныл æмæ мастыл зар æмхуызон!
Æз æрмæстдæр иу куырм æгъдау фауын:
Дуг дæуæй цæмæн ыскодта хъузон?!
Царды фурдæн йе ‘рфæнты — нæ фæндаг,
(Худинаг — йæ тæнджыты лæгæрдын!)
Уым та мын дæ бирæ дæр нæ фæнда, —
Дуг тæхдзæн зуыгъ-зуыгъгæнгæ дæ зæрдыл!
Дунейæн дæ уд уыдзæни призмæ, —
Талынг æмæ рухс тынты фæрсудзæн;
Уæд дæ зарæг царды цинæй риздзæн,
Уæд дæ зæрдæ зæххы рисæй судздзæн.
Худис-иу зыд паддзæхты хæстытыл,
Цин кæнис: хæлæг нæ бæстыл нал ис,
Иу бон æй дæ хæлары цæстыты,
Сау калмау, тымбылтæй хуысгæ, ссарис.
Иу бон иуы рухс удмæ ныккæсис
Æмæ зæрдæ хуры фарсмæ симид.
Иу бон фенис иннæйы æнæфсис,
Баризис, ныдздзыназис дæхимид.
Искуы искæй амонды хур тавид? —
Уый дæуæй дæр судзгæ сагъæс давид.
Искуы бомбæ зæххы кæрон хæлид? —
Йе схъистæй дæ удыл дæр æмбæлид.
Ма, мæ хæлар, сойбыл зарæг ма кæн,
Афтæ ‘нцон дæр нæу зæххыл фæцæрын.
Цардвæндаг дæрзæгтæ конд у, какон:
Ис æвзонгæй урс хилтæ мæ сæры.
Сахат
Мæ разы та цъыбар-цъыбур кæны
Индустрийы алæмæттаг цъиу мæнæ.
Нæ, уый æцæг нæ узæлы мæныл,
Фæливы мæ цæстмæмийы кæлæнæй.
Йæ зарæгæй мæлæтмæ сайы мæн
Уый, «Одисейы» базырджын чызджытау.
Тъымы-тъыма — йæ комулæфт, фæлмæн, —
Кæлынц мæ риуыл минуттæ сыджытау.
Кадавар
Удхæссæг кадавар удæй цы кайы,
Гъе дзы цы бафты йæ раттæг сыджытыл? —
Монцы хъæстæ ронгæй йедзаг сыкъайыл
Ахуыссы ризгæ йæ царды дыдзы тын.
Ныфсы таг
Фыдфын, кæлæн æхсæв йæ тары
Цырагъдар боны гуырдз хæссы,
Зæрдæуынгæггæнæг æнкъарæн
Æмбæхсы рухс цины цæссыг.
Хулиан Гримау1
Хулиан Гримау, удæнцой мын ратт,
Цы мыл сагъуыдис, м’ аууонау, дæ сурæт, —
Ныццæвæд мын мæ зæрдæйы цыргъ кард,
Кæнæ мæм исты сдзурæд.
Æгомыгæй кæсынæн дын — æгъгъæд!
Мæрдонæмырæй мауал лæуу мæ разы...
«Мæ рæстаг тугæй иунæг æртах кæд
Дæ тугдадзинты хъазы.
Кæд рухс нысанæн у нывонд дæ цард,
Æмæ, мæнау, сæрибары салдат дæ,
Мæлæт куы сласта де ‘мхæстонмæ кард, —
Æнæмæтæй кæм бадтæ?!
Йæ сыкъатыл куы систа хуры мигъ,
Гвадалквивирмæ тугдзæссыг куы фегуырд,
Нæ уыдтæн, цы, дæ игæры кæрдих, —
Испайнаг дæ, ирон лæг, æви негыр! —
Æрфæныфæд дæ балцвæндаг куы сси,
Куы тоныс арвы ‘фсæн дуæрттæ, Батрадзау,
Куы сисыс арвыл Авдхойы куысси,
Æмæ дзы нуазыс хуры тын æвдадзау.
Уæд а-зæххыл, — дæ райгуырæн зæххыл,
Лæгмар куыд цæры барджынæй ныфсимæ,
Нæ уыныс туг Лумумбайы ныхыл,
Æви дæуæй нæ дуды Хиросимæ?!
Хæлынбыттырау тых æмæ фыдæх
Æфхæрд бæстæтыл ку’ айтыгътой сæ базыр,
Дæ къæхты бын куы ныууынæргъы зæхх, —
Æхсæв дæ сæр куыд æруадзыс дæ базыл?!
Лæг куы хуыйныс, — лæджы хъару дæм нæй?
Рæстдзинадæй хæрам куыд хъазы хъулау!» —
Дæ сусæг ныхас хъусын æз мæрдтæй,
Æмæ лæууын дæ нывы раз сæркъулæй...
Хулиан Гримау, ма мæм кæс тызмæг,
Дæ цæстытæ дыууæ ‘хсидавау судзынц,
Дæ цæстытæм нæ лæууы лæг, —
Цыргъ хъаматау рæмудзынц...
Æрвайдæнтæ — цы диссаг сæ цæуы!
Кæй саударæг сæ тоны уый йæ дзыюсу?
Испанийы бæрзонд арв сæ кæуы,
Æви Гарсиа Лоркæйы2 цæссыг у?
Бæлонау сæ уынгæг пæр-пæр кæны
Хозе Диасы3 тохвæлмаст фæллад уд.
Тырысайау сæ адæмы зæй рахæссы дæ ныв,
Æви зæй нæу, — æппæтноггæнæг уад у.
Дæ цæстыты æрвайдæны зыны
Æппæт адæм, æппæт дунейæн уайдзæф:
Куынæ уæм алхатт хуры фарс зыны,
Кæд ралæудзæн зæххыл æнусон уаддзæг?!
Дæ цæстытæ æнцой нæ уадзынц мæн, —
Ызнæт, тымыгъджын денджызтау æхсидынц,
Сæ адæмы уæйгæнджыты ныхмæ,
Рæстаг хъуыды æргæвдджыты ныхмæ
Æппæт дзыллæтæм сидынц.
Зарæг
Æз æмдзæвгæтæ нæ фыссын,
Дзырдты топпы хос нæмын.
Зарæг ферттивæд дæ хуызы,
Сау лæгсырдмарæн нæмыг!
***
Ды уæздан дæ, ды рæсугъд дæ,
Чи нæ кад кæна дæуæн!
Урс пылыстæгау — дæ къухтæ,
Уæд — дæ цæстыты тæмæн!..
Бадыс дзыллæйы ныхасы —
Ахуыр, разагъта сæрæй,
Æмæ де ‘нæкъæм æнгасы
Иунæг масты бындзыг нæй.
Ныр дæ уаз сæнттыл фæхæст у, —
Дард цы бæллицты тæхыс!..
Цард æппæт хæрзтæй æххæст у,
Царды ‘рвайдæн у дæ хуыз.
Фæлæ рухсцырен фæрдыджы
Цыма мигъаууон фæзынд:
Диссаг, — чи бацыд дæ хъыджы,
Фаг кæмæн нæ у дæ уынд?!
Уый гуырымыхъ лæг — æнахуыр —
Дзуры карз æмæ дæрзæг.
Йе сдзырд — цардæфхæрæн хахуыр,
У йæ сау къухтау уæзæг.
Кадджын адæмы ныхасы
Алчи радзуры уæздан.
Алчи — разамындæй разы,
Зонынц хистæр æмæ ‘гъдау.
Уый та... йе ‘взаг сурæй дасы.
У йæ ныхасы сæр фау:
Сыстад адæмæн сæ разы,
Уонгцух цардуавæр нывау.
Сабыр денджызы тыхдымгæ
Цыма смидæг ис æваст,
Уыйау базмæлыд æмдынгæй —
Сызнæг дзыллæйы ныхас.
...Уымæн дуг дзырды бар радта,
Дзурæд — фауинаг нæм ц’ и,
Фæлæ уæд дæ ном, дæ кад та —
Уымæй ц’ азимаг фæци?!
Уæдæ де ‘рфгуытæ цы дзурынц,
Гъе дæ уадулты фæсырх:
Цыма знæт денджызæй хурыл
Лакъон донуылæн ыспырх.
Уый, дæ лæггад дын куыд фидынц!
Уый, куыд дæм æрхастой фау?!
Нæ! Дæ разамынд, дæ фидыц
У зæххон цардæн æвгъау...
...Ды нæ бакæсдзынæ — зонын —
Ацы ‘нкъард фыст, фæлæ, цæй, —
Ды уæздан дæ ‘мæ нæ домын
Ахæм сау куыст дæр дæуæй.
