- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Дидинæг
(З.А.-йæн)
Федтон диссаджы дидинæг,
Хох æй батыдта «‘взæрдæ»-йæ.
Мæнæ уалдзæджы фидиуæг
Бацыд рухстаугæ зæрдæйы...
Уый чъызгæ-ризгæ дуры бын
Байрæзт цъæх нæууæй миты ‘хсæн,
Уæ, тæхуды ф’ уай, хуры тын, —
Ууыл алы бон чи тыхсы!..
Цины ‘видигæ суадонау,
Уымæй байрайы чидæрид.
Уæлæ, сау айнæг, бадон уай, —
Ууыл тар аууон чи дары.
Райсом рухс хуры ‘взист тагыл
Афтæ ‘фсæрмгъуызæй фембæлы,
Цыма дунейы цинагæй
Уымæ мисхал дæр не ‘мбæлы.
Мигъ ын ку’ адары арвы дон,
Уддзæф ыл цинæй ку’ атыхсы, —
Цæй, цæмæй, дам, сын бафидон
Ныр сæ лæггæдтæ, — батыхсы...
Хъоппæг циу, кæнæ малусæг, —
Бацыд уый хуызы уарзты зæд.
Уалдзæг, бакæн æй де уазæг,
Хæхты Галæгон ма схъызæд...
Федтон диссаджы дидинæг, —
Хох æй бадомдта «‘взæрдæ»-йæ;
Мæнæ уалдзæджы фидиуæг
Бацыд рухстаугæ зæрдæйы.
Амæттаг бæллиц
(3. А.-йæн)
Уæртæ залйаг калм анкъуыст, фæлæсы;
Хохыл ахылд, фæуайы цæрдæг.
Уыцы калмæн йæ хъæстæ хъæлæсы
Ис цыкурайы ‘рттивгæ фæрдыг.
Нæ, — уый уадæг мæ хуры фæхæссы,
Æмæ м’ алфæмблай бæстæ ныхъхъус.
Хур æмбисбон, цырагъау, фæхуыссы,
Æмæ тайы мæ цæстыты рухс.
Уайынц цæлхытæ, — тагъддæр, дам, тагъддæр.
Фæсвæд къæвдамæ телхъæд ныджджих...
Нæ, уый зæххыл нæ сæмбæлд æртах дæр, —
Уый мæ зæрдæйы уары тæрк-их.
Дардмæ фехстон мæ цардамонд барæй,
Ныр йæ фæдыл дзыназгæ кæсын:
Рухс бон баивтон млазон фыдтарæй,
Æмæ байхæлд мæ сæнтты мæсыг...
Гъеныр дам-думтæй бафсæдут уе ‘ппæт, —
Кодта судзгæ мæрдтæм фыд кæй дзых:
Фæтк, æгъдаумæ гæсгæ, дам, цы не ‘мбæлд,
Уый, дам, бакодта уыцы къæйных...
Дам тæвд нæмыгау ацæуы ниугæ, —
Уый нæ ныккæны маргъы пæррæст:
Дам дыл хъус-хъусæй ацыдис иугæр,
Уæд æнæууæнк у адæмы цæст...
Уый æппæрстой уæ цæстытæ тасы, —
Алкæд кодтой йæм сусæг зыдкаст,
О, æдзухдæр уыдысты йæ разы
Уынд»жы, дзуарæвæрд хъаматау, раст.
Уый уæ дам-думтæм тадис уæлхъæдæй,
Уый æнаххосæй домдта фыдмаст;
Зæххæй сисинаг чи нæу йæхæдæг,
Уый дæр уымæ былысчъилæй каст.
Уæд цы уыдис йæ фыдракæнд, уагæр,
Гъе йæм фауæй цы ‘рхастаид цæст?!
Уарзтæн рухс цырагъ дардта дæндагæй,
Иу цæстмæми нæ зыдта æрмæст.
Мæн йæ амонды стъалыйыл барста:
(Хур мæм мигъæй чъызгæ-ризгæ каст);
Уый йæ хивæнд зæрдæйæн нæ барста
Риуы дуарæхгæд сусæггаг уарзт.
Уый нымадта йæхицæн æвгъауыл, —
Æз уыдаин йæ царды æмбал.
Афтæ хурзæрин зæххы рæвдауы,
Фæлæ зæххæй нæ домы лæвар...
Æз мæ цæстытыл кодтон æнæууæнк,
Æз æнхъæлдтон — рæсугъд фыны дæн.
Уый — мæ дуне, мæ удæн йæ лæууæн,
Уыд æвидигæ цины гуырæн.
Æмæ судзгæ, кæлæнгæнæг уарзтæн
Арф нымбæхстон мæ зæрдæйы й’ арт;
О, мæ фынæн, сывæллонау тарстæн, —
Зæгъын, маргъау мын ку’ атæха дард...
Атахт м’ амонд дæр, йемæ фæтары,
Уый фæхицæн æнустæм мæнæй...
Бон йæ къухы æхсæвдзырагъ дары, —
Уæлæ арвыл мæрдонвæлурс мæй.
Мæ азым
(З. А.-йæн)
Мæнæ, гъе, нæ хæлар хъæд, нæ бадæн,
Хъæдгæрон чысыл фæзбынат рындзыл...
Хур, цæф сагау, фæсрагъмæ фæтындзы,
Мигъты ‘хсæн йæ тугвæд тайы цадæг,
Рагъыл ризы, тагъд уырдыг фæцуддзæн
Æмæ бонæн бауазал йæ къона...
Дуне сабыр... Къутæрты ма уддзæф
Спæр-пæр кæны, базырсаст бæлонау.
Дард кæмдæр кæны къуырма уаст гакк-гукк,
Мигъ æртыхсти комы донгъæрисыл.
Сусæг ныхас тар хъæдæн йæ гакк у,
Гъе, фæлæ мæ бафтыдта ныр дисы;
Бæлæстæ дæуыл мæтгæнæг систы,
Мæн фæрсынц, — цæмæн дæн ам æнæ дæу?
Хъус-хъус сусæг сусу-бусу систой,
Ме сæфт хур, цы сын зæгъон, цы фæдæ?..
Федзæрæг ис цъиуы ахстон кæрзыл,
Нал дзы хъуысы цины уынæр, сафтид;
Хъодыгонд рыст зæрдæйау ныккæрзы
Æмæ сусæг сау сагъæсыл бафтыд.
Бадын æз æнкъард кæрзы бын нæууыл
Ахæм райдзаст уалдзыгон изæрты,
Сабийы бæллиц, фынау, мæ зæрдыл
Диссаджы изæрмилты æрлæууы...
Гъеуæды æфсæрмдзæстыг нæзытæ,
Гъеуæды цъæхдзаст дидин мæ цуры...
Мæнæ, гъе, ды дæр æваст фæзындтæ,
Сыстадис æрвгъуыз фæлмæй дæ сурæт.
Дунейыл мæнау амондджын чи уыд,
Ме уæхскыл дæ уæздан къух куы ‘руагътай;
Цыма уалдзæг арф кæмдæр мæ риуы
Мин уадындзæй цины зæлтæ цагъта...
Ныр ам дурыл иунæгæй æрбадын,
Рахонын ивгъуыд бонтæй дæ фæлгонц.
Фæлæ мæн дæ цæстыты цъæх цадæй
Нал фæтавы раздæры тыфыл монц.
Сусæг уайдзæф де ‘нгасыл фæзыны, —
Нал ын вæййы цæстытæй фæхицæн:
Дам-думтæ быхсын, дам, дын фæзын и,
Равзæрстай, дам, рогвæвдаг дæхицæн...
Рогвæндаг... куыднæ, мæ бон, уыныс мæ!..
Ныфс, хъару сæрбахъуыды нæ разынд;
Карз тæрхонæн ныр уыдзæн æнусмæ,
Кардау, тъыст — мæ зæрдæйы мæ азым.
19.06.1959 аз
