- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Денджыз — зæрдæ
Денджыз сабыр улæфы...
Пулсау цадæг рæмудзы;
Уылæн былмæ,
Фидыды нысанау,
Урс тырысатæ скъæфы...
Уылæн базмæлы, —
Фосфор йæ быны
тар æрвгъуыз рухс ыссудзы.
Мæй — æвзистдзыкку донычызг — уылæнты хъазы,
Афтæ зæрдæйы уарзоны сурæт ныххауы;
Денджыз мæйы æнус-æнус уарзы,
Мæй йæ — фауы.
Мæй йæ мидбылты худгæ куы стулы, —
Денджыз урсриу кæсагластæ суадзы,
Рухс бæллицтау,
Рæубазыр бæллицтау.
Гъа ныр рахъавы мæйæн йæ сагъæстæ дзурын, —
Уый йæ мигъ хыз æрымбæрзы, — ницы та...
Æмæ денджыз ныууынæргъы мæстæй,
Æмæ уадтымыгъ рацæуы стæры,
Уылæн уылæны расуры змæстæй...
Нæ, уый денджыз фыдохы тырысатæ сдары!
Мигътæ ‘ркæуынц мæлæтдзаг кæсагласты уастмæ, —
Урс уæздан мæргъты сау уылæн аууæрды...
Афтæ зæрдæ куы сыхсиды мастæй,
Уæд йæ фидыцы бæллицтыл н’ ауæрды.
Ялтæ. 19—21. 04. 1961 аз
Денджызимæ ныхас
Æнустæ дæ сæрты ивылынц, цыма дæ
Æнæмæлæт зæххыл ныууагъта бындарæн;
Цы зоныс, цъæх денджыз, ды дугты нымадæн,
Кæм фæуд кæны дуне, циу рæстæджы арæн!..
Ды царды фысым дæ; дæ хъысмæт — дæ бæрны,
Æз абæсты уазæг — æрцæуын, фæцæуын;
Уæддæр дæм нæ тырнын, уæддæр дæм нæ бæллын,
Нæ домын, нæ курын æз д’ амонд «хуыцауæй».
Цард худгæ ‘мæ хъазгæ дæ иувæрсты згъоры, —
Дæ сабыр фынæйæ уый мисхал нæ хъауы.
Æрхауы дыл æхсæв, нымæты бызгъуырау,
Мæрддзагау дыл бонрухс йæ урс пæлæз тауы.
Мæрдвæллад гуымирау, улæфыс дæхицæн,
Сæ цæссыг дæ мигътæ æртахгай фæдавынц.
Дæ уæнгтæм æгъатыр фыд-зивæг нымхиц и,
Дæ уылæнтæ хурмæ сæ уазал буар тавынц.
Нæ мæ хъæуы, денджыз, цæрæнбон æгæрон,
Дæуау мын куы нæ уа мæ габаз ыстæлфæн,
Фæлтау æз тымыгъæй уысмы бæрц фæцæрон, —
Æхсон дурæй судзгæ куыд фесхъиуы стъæлфæн!..
Ног Афон, 1959 аз
Минæ
Денджызы был
Бæстæ кæны дзæгæрæг.
Сусæны мæй зæххыл арт æфтауы.
Арв — дунейы сæрмæ — æгæрон дзæнгæрæг,
Хур йæ хуылфы — æрхуы тымбæлæг — ауыгъд.
Донбыл дардмæ дары бур, сыгъзæрин донау, —
Адæм тæвд ызмисыл хуыссынц уæлгоммæ;
Цыма иу ыстыр бæгънæг буар, арвыронау,
Денджызыл æртыхст кæрæй-кæронмæ.
Уæлдæф йедзаг сондоны тæфæй, кæсагласты уастæй,
Æрвгъуыз доны ленчытæ кæнынц: урсбуар чызджытæ — хъазтæ,
Хурмæсыгъд лæппутæ — æндонгъуызтæ æмæ саутæ,
Чысыл бæлæгътæ æмæ æгæрон наутæ.
Уæлдæф йедзаг хуры тынтæй, зæрин мидбылхудтæй.
Къæмдзæстыг æгъдæуттæн фæцис ам с’ арæн:
Хуссайраг тæвд хур цæгаттаг рæсугъдæн
Зыд пъа кæны йæ бæгънæг буарæн.
Ам адæм иууылдæр ысты æмхуызон,
Бибитæй не сты ‘мбæхст сæ буары сахъæттæ;
Ам алкæмæн барынц тæвд хуырыл æрхуыссын
Хуымæтæг денджызы æнæнымд закъæттæ.
Ам ничи равзардзæн профессорæй фыййауы,
Поэтæй хосдзауы, афицерæй салдаты;
Хур алкæуыл йæ хъарм æмхуызон тауы,
Уæлдай хæдбар йæхи ам алчи хаты.
Сæ буар сауæй-саумæ ивгæ,
Уæлæнгай дарæсы кæнынц æмдзæрин.
Пъагон нæ фендзынæ инæларыл æрттивгæ,
Чындздзон чызгыл — зынаргъ дзаума, сыгъзæрин.
Хъайтартæ ордентæ нæ дарынц,
Æниу зыны цы ‘рхастой хæстæй:
Гæзæмæ сырх сæ риутæй дарынц
Нæмыджы нуæстæ.
Цыма сæ зæрдæтыл лæгдзинад
Æнусон дидинæг æфтауы;
Кæсы сæм алчи дæр æдзынæг,
‘Мæ сæ цæстæнгасæй рæвдауы.
Кæм нæу Хъырым бæллиццаджы зæхх, уæвгæ,
Кæй дзы нæ фендзынæ улæфгæ!
Ам фембæлы хæларæй
мангойлаг — нарæгдзаст
уæрæхдзæсгом узбекыл,
Фæзыны урс адæмы ‘хсæнæй сау лæгдидинæгау негыр.
Гермайнаг лæппу худгæ хъазы
Уырыссаг урсдзæсгом чызгимæ къамтæй,
Хъырыммæ рараст урсзачъе Кавказæй —
Сæ дард фæдон тыхджын алантæн.
Æлвæст кардау æрбацæуы къуыбыррихиджын уæртæ,
Цыма йæ фындзы бын зæрватыкк базыртыгъдæй бады;
Ныссæххæтт кæны уылæнтæм йæ зæрдæ:
Цыдæр лымæндзинад йæхицæй денджызы ‘хсæн хаты.
Ызнæт у сау денджыз, æхсиды йæ сахъ фыдæлты тугау, —
Цæхджын у Иры саударæг æнкъард мæдты цæссыгау.
Уæлдæф йедзаг кæсагласты рогзæл пæр-пæрæй,
Уæлдæф йедзаг æнæмæт чызджыты къæл-къæлæй,
Судзгæ зæлы Бетховены музыкæ райдзаст уæлдæфы,
Æмæ зæрдæты цины бæллиццаг бæрзæндтæм ыскъæфы...
Фæлæ уый циу, цæмæн фескъуыд æдзæм
Йæ рæсугъд зарæг цардæн?
Мигъ ахæм хурбоны кæцæй фæзынд, кæцæй,
Цы фæрæхуыста уды ‘нцойад кардæй?!
Цæмæн нылгъыста уонгцух лæг мæстыйæ? —
Йæ къæдз лæдзæг цæмæн ныттылдта?
Цы стыдта бурдзалыг немыцаг лæппуйæн,
Сыгъзæрин дидинæгау, мидбылхудт йæ былтæй?
Уырыссаг чызг цæмæн аджих æнкъардæй,
Цыма йæ рухс сæнтты æризæр;
Цæмæн æрбалæууыд йæ зæрдыл, —
Йæ гыцци йæ кæй хоны сидзæр?..
Фæткæвæрæгмæ хъусынц фæйнæрдыгæй лæмбынæг,
Æнæхъæн пляж базмæлыди, банкъуыст,
Цыма ныхъхъеллау кодта хур — æрхуы тымбылæг
Æмæ æрвон дзæнгæрæгæй фæдисы зæлланг райхъуыст,
Уый репродуктор карз фæдзæхсгæ дзуры:
«Уæ цуры доны минæ ис æмбæхст,
Тагъд фехæлдзæн, æмæ уæ курын,
Куыд ничи лæууа былгæрон æввахс!..»
Абадт тар аууон адæмы хъæлдзæг æнгасыл,
Раст цыма сын сæ зæрдæтæ фехсыдта раджы цы сынт,
Уый та ногæй фæзынд
Æмæ сытыгъта хурыл йæ базыр.
Фæлæ нæ кæнынц бомбæтæ æмбу;
Дæрддзæф алæугæ алчидæр донмæ нымдзаст и,
Æмæ цæмæндæр немыцаг хæларзæрдæ лæппу
Уæлдай æнкъардæй касти...
Цымæ цæмæн, цæмæн бахауди мæты,
Йæ хъыг, йæ масты сæр цы уыд,
Ам ризгæ къухæй царды раз æркъæппæввонг мæлæты,
Мыййаг, кæд бамбæхста йæ фыд?..
Æмæ уæд уый цæмæн кæны къæмдзæстыг, —
Куы никуы уыд мæлæтхæссæг хæстон.
Æви лæгæн йæ хорз фæдон йæ бæсты
Фæкæны ‘рхæндæгæй йæ фыдмийыл фæсмон...
Хъæр фæцыди, ныццæлхъ ласта уылæн,
Цыма доны ныррыхыд цыдæр...
Систа уонгцух лæг ризгæ йæ лулæ,
Æмæ сдымдта тамако зыдæй.
Уый азты сæрты хæсты схъис æртахт,
Кæддæры судзгæ мастау,
Йæ тых уыд денджызы æртах,
Фæлæ ивгъуыд бонтæй мæлæты ныв æрхаста.
Уый афтæ у: мæлæтдзаг хъæдгом бахсыст,
Фæлæ дзы сындз æнæгъгъæлгæ фæныхст,
Уæд дзы, цыма, тæвд нæмыг ахызт, —
Ысног та вæййы зæрдæйæн йæ рыст.
1961 аз
