Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Бестаев Г.Г. - Произведения. Том 1 - 2003.doc
Скачиваний:
0
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
1.51 Mб
Скачать

Чиныг «царды цин» Цардвæндаг

Мах æрвон фидыц агурæм царды,

Фæлæ райгуырди зæрдæ куырмæй, —

Уæд фæлæгæрдæм цъыфы хъуырмæ,

Уæд фæсудзæм æнусон цъæх арты.

Фенæм къутæры калмы буар — хъулон, —

Мах æй фенхъæлæм хиуайы сис;

Мах нæ зонæм, йæ зæрдæйы ц’ ис, —

Лæг куы кæны дæлгом ныхас — цурон.

Мах æрттивгæ цæстыты нæ уынæм, —

Арæх хъавгæ куыд ленк кæны сырд.

Хатт нæм хъары хæрамы фыддзырд,

Фæлæ уарзтæн нæ хъусæм йæ уынæр.

Митыл хуры тын уазалæй ризы,

Фæлæ миты фæхонæм рæсугъд;

Махæй рох у: сыгъзæрин æдзух

Адæм арынц хуымæтæг ызмисы.

Арæх уаз ми æлгъагыл нымайæм.

Хатт æлгъаг уды рахонæм уаз;

Уый нæ сайы хъысмæты тæраз,

Æмæ мах та нæ зæрдæты сайæм.

Не ‘гъуыз азтæй вæййæм цыма разы...

Фæлæ иу бон нæ цæстыты баст

Чидæр райхалы махæн æваст..ю.

Æмæ ‘рвон фидыц сысты нæ разы.

Хур нæм бахуддзæн арвы сырх ронæй,

Фæлæ цафон-ма — ку ‘ахуыссы бон!

Риумæ ‘рбахилы калмау фæсмон,

Фæлæ чи ссардзæн амонд фæсмонæй!..

Алхатт развæд нæ цæуы йæ нывыл.

Хатт цæргæс дæр фæтæхы ныллæг;

Царды иунæг балц ракæны лæг —

Кæнæ хурæмдзу, кæнæ та — цъыфы...

1961 аз

Октябрь

(Экспромт)

Дæ кадыл у мæ ног зарæг мæнæн,

Уый, тугдадзинау, зæрдæйы рæмудзы;

Мæ зонд, мæ тых, мæ сонт уды тæмæн

Йæ ризгæ мырты ирд цырагъау судзы.

Куыддæр фæзыныс — мидбылхудтау бурбын, —

Мæ рухс сагъæстыл раивылы хур бон...

Фæззыгон цард — мæлæты къахыл лæуд,

Нæ дæттæ кодтой доныхъазы зарæг.

Фæлæ фæзындтæ иуахæмы уæд

Æмæ мæлæты срæдывтай бындзарæй.

Уæдæй фæстæмæ — мидбылхудтау бурбын, —

Ивылыс зæххыл — цардфæлдисæг хур бон...

Уæдæй нырмæ нæм цины хуын хæссыс,

Йæ дидинты цæрдхъом хуыз байстой Майæн,

Æрбакæсы ныл амондау дæ хуыз,

Нæ цардуалдзæг дæ ралæудæй нымайæм...

Куыддæр фæзыныс — мидбылхудтау бурбын, —

Нæ удтыл ногæй раивылы хур бон.

1961 аз

Царды цин

Маймæ малусæг нæ хъæцы, —

Тагъд куы ралæууид, тæхуды!..

Хур, мæ цæсгом дæм нæ хъæцы —

Райсом рагацау нæ худыс.

У мæ уд, мæ дзæцц сæуæхсид, —

Цард гуылф-гуылфгæнгæ куы гуыры...

У мæ цæсты сындз зæрæхсид:

Рухс хур — царды мад ныгуылы.

Судзы ме ‘хсæв дæр цырынæй,

Рагæй — уадтымыгъ мæ лымæн;

Мæн цы бафсаддзæн цæрынæй,

Мæн кæд авдæлдзæн мæлынмæ!

Бон мыл ку’ акъул уа, уæддæр дæ,

Рухс цин, мысдзысты мæ фынтæ...

Æз цæрддзугæнгæ мæрдтæй дæр

Хурмæ ‘хсындзынæн мæ былтæ.

Уалдзæг сахкъæвда лæдæрсы —

Цины хъарм цæссыг — мæ рустыл.

Арв, дæ къæр-къæрæй нæ тæрсын, —

У æвдадзы хос мæ ристæн;

Сæрд æвзист мæйы цыллæ тын

Мæн, бæллиц фынау, рæвдауы;

Фæззæг, бур зæрин нымæты,

Мæн мæ амондыл æфтауы.

Зымæг, бирæгъау, нынниуы,

Сысты ‘хситгæнгæ тызмæг уад, —

Сисы зилдухæн мæ риуы, —

Ногæй басхъауы нымæг арт...

Уæд мæ цардуалдзæг цы уыдис! —

Хурæй расхъиугæ тыны хау;

Æз — сывæллонау, цымыдис,

Æз — æнæсæттон, тымыгъау!

Мæн цы схъыг кæндзæн нæ бæсты! —

Стæй цы хæхтæ сты, цы рæгътæ!

Макуы, ма ‘рхуыссат мæ цæсты,

Рухс сæуæхсиды цырæгътæ!..

***

У мæ цард къуыбылойы тыхтонау,

Тулы йæ дымгæйау рæстæг размæ,

Бонтæ дзы кæнынц æдзух тыхтона,

Сæры хил ысурс ис азæй-азмæ.

Фæлæ судзы зæрдæ цинæй арты:

Иунæг уысм мын мин æнусы аргъ у,

Кувын æз хуыцæутты бæсты цардæн:

О, мæ цард, тъымы-тъыма ныддаргъ у...

Бур сыфтæртау иугай азтæ згъæлынц,

Цъитытыл дыдзы хуры тын ризы.

Фæлæ зонын, зарджытæ нæ мæлынц,

Зарæгæн сыджытмæ нæй ныххизæн!..

У мæ цард къуыбылойы тыхтонау,

Атулдзæнис уый кæронмæ рæстæг.

Гъе, фæлæ та зæххæй хъуамæ стона,

Сырæздзæн гуырвидыц хъæз мæ бæсты, —

Цады был кæдмæ баззайдзæн рохы,

Цас фæтасдзæн дымгæмæ къæс-къæсæй! —

Фыййау искуы ‘рхиздзæнис уæлхохæй,

Сараздзæн мæлгъæвзаг уадындз хъæзæй.

Æмæ та мæ зарæг зæлдзæн кæмтты,

Хъугомæй йæм гутондар ныхъхъусдзæн,

Ацæудзæн дыз-дызгæнгæ йæ уæнгты,

Тугдадзинты, ‘хсидгæ тугау, хъаздзæн.

Фескъуындзæн хæххон суадон йæ кадæг, —

Хъусдзæнис æм их-авджы сæстытæй:

Тулдзысты дзыназгæ зæлтæм цадæг

‘Взист цæссыгтæ уарзæтты цæстытæй;

Арвастæу йæ базыртæ ныттындздзæн

Хохаг цæргæс, — сисдзæн æй уæлтæмæн.

Зарæджы зæл удхосæн ныттæдздзæн

Удисæг цæрæццаджы зæрдæмæ...

1960 аз