- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
БЕСТАУТЫ Гиуæрги. Уацмыстæ. 1-аг том. — Дзæуыджыхъæу: ИР, 2003. Разныхас ныффыссæг æмæ чиныгаразæг — Джусойты Нафи. Редактор — Кокайты Тотрадз.
Сæргæндтæ
БЕСТАУТЫ ГИУÆРГИ 6
ÆМДЗÆВГÆТÆ 11
Чиныг «УАДТЫМЫГЪ» 11
Уадтымыгъ 11
Тагъддæр 13
Адæймаг 14
Сырх тырыса 15
Уæлахизы бон 15
Фыййау 16
Рагуалдзæджы цин 17
Тæрккъæвда 18
Уалдзæг 18
Ме ‘мгар, ме ‘мзæрдыг, ме ‘рдхорд лымæн, 19
Уалдзæг... тар æхсæв йе ‘мбисыл алыг, 19
Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи 20
Яннакопулу Фотуламæ 21
Фæззæг 22
Арсены цур 22
Сæумæрайсом 24
Мæ фæдонмæ 24
Иу дзырд 25
Терк 25
Сау æхсæв 25
Ахæм æнкъард бон уыдаид... 27
Гъæй-джиди! 28
Дæ уарзондзинад мæн æнцой нæ уадзы, 28
Æртæ минуты 28
Зæрдæйæ зæрдæмæ куы уаид ныккæсæн, 29
О, ма мын бахуд, ма, мæ митыл, 29
Мæй кæсы, мæнмæ кæны тæхуды, — 29
Мæ ныхæй сурхид цадæггай тæдзы, 30
Талм бæлас 30
Саулагъз — изæрмилты арв, 31
Дæу куы фенын... 31
Уарзондзинад 32
У фæллад æрдз фынæй; 32
Макæ, ма, ма мæ уарз, хурæнгæс саурæсугъд, 33
О, уый номæй мын ма ракæн хъæстытæ: 33
Чиныг «ЦАРДЫ ЦИН» 34
Цардвæндаг 34
Октябрь 35
Царды цин 35
У мæ цард къуыбылойы тыхтонау, 36
Денджыз — зæрдæ 36
Денджызимæ ныхас 37
Минæ 37
Саби ма фенæд хæст! 40
Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау 40
Лумумба Патрисы амæлæтыл 41
Зæрдæ, цы ныддур дæ, зæрдæ, цы кæныс? 42
Æз цæссыг дæп... 43
Æхсæрæг 43
Ма кæ 44
Сæрибары хæстонтæ 45
Дзуры Ирыстон 46
Къоста 47
Зарæг 48
Хæхтыл хуры тын куы батад, 48
Рæуæууæнк зæрдæ, бастъæлай, 49
Дондзаст ызмæст мигътæ арвыл ныццæм ысты, 50
Дидинæг 50
Мæ азым 52
Сыгъзæриндонытылд изæртæ 53
Цыма уазал зымæгон хъызт боны 54
Зсердсе атахт 54
Усгур меппуйы фын 55
Чиныг «Æхсæв æмæ бон» 55
Стай зоопарчы 55
Æхсæв æмæ бон 56
Гъæйтт! — къæппæгæй лыгъд цæргæсау, 57
Уалдзыгон æхсæв 57
Зонын, нæй мæ фыстыты бæркад — 58
Мигътæ се зды базыртæ ныттыгътой, 58
Дæлæ хъæддаг цъиу уазалы басыд, 58
Сонет 59
Абондæргъы мæн æвдæрзы низ, 59
Ныфс 59
Дыууæ цæсты, 60
Ма, мæ хæлар, сойбыл зарæг ма кæн, 60
Сахат 61
Кадавар 61
Ныфсы таг 61
Хулиан Гримау 62
Зарæг 63
Ды уæздан дæ, ды рæсугъд дæ, 63
Гулиа Димитры амæлæтыл 64
Рухс 65
Æвирхъау ныв 65
Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл 66
Хæхтæ 66
Ныв 66
Æртындæс 66
Къостайы бæрæгбон Къахеты 66
«Хурзæрин» —æн 68
Чи зоны 68
Æнусты балц 69
Сатанайы куывд 70
Лæджы къухты тыллæг 71
Уалдзæг 72
Ныстуан 72
Саби 73
Уалдзыгон къæвда 74
Миты къуыбар 75
Рæсугъд бæллиц 77
Нынныгуылд хур. 77
Уарзты зæдау рог æртахтæ, 78
Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн 78
Уарзæтты дуэт 78
Ракæс-ма, чызгай, 79
Нæ горæты къуыдиппытæ 79
Чиныг «ЦАРДЫ ÆРТÆХТÆ» 80
Хæрзбон, мæ дард цъæх уалдзыгон рæуфынтæ, — 80
Фæдисы цардмæсид ракетæ — 80
Сабиау мын ме ‘нхъæлцау рæвдауы 80
Мигъ фæцæйлæсти сагъæсау рагъыл 81
Æртасыд арвырон, Батрадзы ‘рдынау, хæхты, 81
Хуры тынтыл мигъпæлæз — бырæгътæ, 81
Уæлæ ирд арвы цъæх тæны 81
Цæй, мæнæй цы дæ хъæуы, цы кæныс, 81
Æз — историйы уырынгон; 81
Хъисфæндыры ‘лвæст тагау дзыназгæ, 81
Урссæр истори, мæ ныййарæг мад, 81
Æхсæв цъититыл батад, йæ сау дон, 81
Ацы мæнг, æлгъыст дунемæ 82
Урс хилтæ 82
Æртуылæн денджыз афтæ арф дæ бахызтæн 82
Цытджын Серо, дæ фыдæхæй мæ бахиз, 82
Дысон та мæм ралæбурдтой куыйтæ, 82
Дис кæнын мæхинымæр: 82
Пегас — хъал æфсургъ, дзындзæрду — 82
Дурсаби 83
Зымæгон æхсæвы ныв 83
Рох уæлмæрд Æнус æмыр, хъуына дуртæ... 83
Арв — мæ цинау чъиллæттæ, 83
Хур ыскаст, хуыссы та зæхх 83
Мæ зарджытæ 84
Хус бæлас 84
Колыты Аксойсен 84
Цард цыбыр у 85
Фæндæгтæ 85
Ацыд сыджытмæ йæ иунæг фырт 86
Къостайæн 86
Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл 86
Композитор Галаты Барисы уæлингæны 87
Иутæ давæггаг «Волгæты» бадынц 87
Хъуды ком 88
Дуне райгуырд 88
Изæр Дзаугомы 89
Хуыцауысконд лæг 89
Алайнаг таурæгъ 90
Хъара-Дагъ 90
Цæмæн?.. 91
Уæлахизы цырты раз 92
Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн 92
Зымæг 93
Æвидыц 94
Ныстуан мæ фæдонмæ 94
Мæ фсескомцæдисон сæурайсом 95
ДЗАМ 96
Теркмсе 97
Ныстуан 97
Зсеххы зарæг 98
Уарзондзинады сагъæстæ 99
Уарзт 99
Зæххы къори, куыд фæразыс мæ быны, — 99
Сау æгъуыссæг æхсæв та фæци, 99
Тар æхсæв мæ сау цæстыты батад, — 100
Мæ зæд, мæ урсхил зæд, цы зын бонтæ фæфыстай? 100
Дæ цъæх æмæ мæ сау цæстытæн рард 100
Кæдæй-уæдæй ма ацыдис 100
Хæрзбон, мæ зæдыхайы цинтæ, 100
Æрæнцад кæд дæуыл 100
Цы цæсгомæй-ма дзурон, цæй, — поэт дæн? 100
Дзуары лæгау уазсыгъдæг уыдтæн, 100
Дæ сау дзыккутæ ‘хсæрдзæнтæй 101
Ме ‘нæрцæф бæллицтæ мын 101
Амондæй дæ мондæгтæ нæ састай, 101
Бонсауизæрмæ хурзæрин, 101
Телефон нæ дзуры, телефон фæтæргай, 101
Ацыди, мæ рухс бон та фæци, 101
Æгъуыссæг урс-урсид æхсæвтæ, 101
Искуы мæ расыг æрцæудзæни, зонын, 102
Уыдтæн мæгуырыкурæг æз, 102
Зæхх дæ къæхты бын кодта дыз-дыз, 102
Уæлдæфы фæрдгуыты ‘взист зæлланг апырх, — 102
Рацыдтæн дæ, къултæгæнгæ рахастон 102
Бон мæ сæрмæ ку’ аскъуыйа æмбисыл, 103
Урс катай 103
Цыренæй судзынц рудзгуытæ. 103
Удыгага, сауæрфыг, гуырвидыц, 103
Ехх, цы цæстытæн радтон æрхæндæг, 103
Дымгæ скъæфы, халæттау, 104
Ды фæцæйцыдтæ рухскалгæ уынджы, 104
Дардбæстаг рæсугъд чызджы цæстытæй 104
Айс-ма, чызг, дæ цъæх цæстытæ — риссаг, — 104
Ме ‘рхæндæг, æрдиаггаджы бонтæ, 104
Зæрдæ, зæрдæ, мацы зæгъ, 105
Куыд зындзард дæ, сагъæс, — 105
Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл, 105
Ныр, тæхуды, уыцы сыджыт фест, — 105
Ахсæв у мæ зæрдæйæн зæппадзау — 106
Дæ сыгъдæг уды раз кæнын сæркъулæй зоныг. 106
Ды æрцыдтæ ‘мæ ме ‘мыдзаг бадæн дæуæй... 106
Тар, æцæгæлон хæдзары 106
Уастæн бастъæлон, кæд цы мæ ‘лвасы 107
Ды дæ æндæр галактикæйы стъалы, 107
Цæмæн дæ агуырдтон куырмæджы, 107
Мæгуыр Родригойы хъысмæт мын 108
Хæрзбон, æнкъарды саударæн минуттæ, — 108
Дæ тæргæйттæн, дæ уайдзæфтæн 108
Табу 109
Уары мит тъыфылтæй æмæ уардзæн. 109
Уарзты кувæндоны судзы 109
Урс къæхтæ 110
Музæмæ 110
Афонмæ ды дæр фæцæуыс миты, 110
Æз фæцæйцыдтæн æнкъардæй 111
Æрбахста уарзты зæд æмбисвæндагыл мæн, 111
Зæрæхсиды сагъæс 112
Æгъуыстаг уæрджытæ, 112
Ацыдтæ ‘мæ уалдзæг демæ ахастай, 113
Мæн сурмæ раппæрстай кæсагау, 113
Кæм дæ, мæ цъæхдзаст донычызг, 114
Уыцы бон сæнæфсиртæ тыдтон, 114
Уыцы бон, сæнæфсирау, цупалгай 114
Ахсæв зæрдæ афтæ райы, 115
Уæлдæф — хъарм дæ хъæлдзæг худтæй, 115
Æз цæуын, мæ тæвд цæсгомыл къæвда 116
Æз ралыгъдтæн мæ амонды цæстытæй, 116
Дуне уыд, æндзыг уадау, æдзæм. 117
Уас, дæ бон дæ уа, кæд зæрдæ 117
Хъæлдзæг фынгыл афонмæ дæ разы 117
Рухс 118
Арвæй мæм дыууæ цъæх цæсты каст, 118
Бонтæн хур нынныгуылд, 119
Æгъуыссæг æхсæвтæ, 120
Кардимæ ныхас 121
Æмæ цæуын, æмæ кæуын уæрæх уынджы, 121
Ды нæ зоныс, ды нæ хатыс ницы, 122
Цезары монолог 124
Нефертити 124
Мæнæ, гъе, мæ сусæг сæнтты уаз къуым; 125
Царды талынг тархъæды цас фæхылдтæн саугуырмæй! 126
Бургъустан 126
Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ 137
Николай Островскийæн 137
Мæ Ирыстон! 137
Гыбыл 138
Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй 139
Зымæгон райсом 139
Æнусы цыппæрæм хай хурмæ кæсын. 139
Бестауты гиуæрги
Бестауты Георгийы (Гиглайы) фырт Гиуæрги ирон литературæмæ æрбацыд 1954 азы. Уыцы аз журнал «Фидиуæджы» августы номыры фæзындысты йæ фыццаг æмдзæвгæтæ: «Орденджын фыййау» æмæ «Тæрккъæвда». Æрбацыд æвзыгъд кусæгæй. Æрбацыд куывдмæ нæ, фæлæ национ аивады удуæлдай зиумæ, æмæ, нæртон хосдзауыл куыд æмбæлы, афтæ хаста йæ уис йæ царды фæстаг бонтæм.
Гиуæрги фæцард-фæкуыста нæ дзырдаивады зиуы 24 азы. Æмæ уыцы азты йæ аив дзырдæй, йæ зонды тыхæй, йæ уды рæсугъд миниуджытæй бæлвырд фæбæрзонддæр кодта ирон литературæйы кад æмæ ном. Æрбацыд нæ зиумæ сæрды тæмæны æмæ цæугæ дæр акодта раст августы райдианы...
Ацыд йæхæдæг, фæлæ, йæ тыхджын курдиатæй цы хæрзиуджытæ рантыст, уыдон баззадысты ирон аивады хæзнадоны æмæ æнустæм уыдзысты нæ адæмы мысæнуаты. Афтæ у аивады историон фæтк дунейы æппæт дзыллæтæм дæр: поэт ацæуы йæхæдæг, фæлæ баззайынц цæргæйæ йæ аивад, йæ лæгуарзон хъуыды. Баззайынц, Пушкины загъдау, цæмæй «сагъæс æмæ хъизæмар кæной» («чтоб мыслитъ и страдатъ») немæ, удыгæстимæ иумæ.
***
Бестауты Гиуæрги райгуырд 1932 азы майы 5-æм бон Годжиты хъæуы. Йæ фыд Гигла æмæ йæ мад Уалион Маруса уыдысты мæгуыр хохаг зæхкусджытæ. Гиуæргийы райгуырæн хъæу ис рæсугъд ран хæхты бæстастæу: Кавказы бæрзонд хæхтæй — дард, зæххæй хъæздыг быдыртæ кæм ныззылдысты дæрттыл, уырдæм та — æввахс. Ныллæг, фæлæ райдзаст хæхтæ, хъæдæй бæзджын æхгæд хæхтæ. Хъæуы фарсмæ — хуымы гæппæлтæ, фæлæ — хæрз чысыл. Хъæуы сæрмæ — кæрдæгджын фæтæн, фос дарыны фадат уырдыгæй цыд хъæуы адæммæ. Фæлæ уыцы фадат дæр цард нывыл саразыны фаг нæ уыд. Æмæ Годжиты хъæуæй радыгай лыгъдысты йæ цæрджытæ цардагур. Афтæмæй абон бынтондæр сафтид...
Гиуæрги йæ сабийы бонтæ ам арвыста. Скъолайы къæсæрæй дæр ам бахызти, фæлæ стæй йæ ныййарджытæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты Цхинвалы горæтмæ æввахс иу гуырдзиаг хъæуы. Лæппу нæ зыдта нæдæр уырыссагау, нæдæр гуырдзиагау, ирон скъола та уæд нал уыди горæты нæ, фæлæ хъæуы дæр... Уырыссаг скъолатæм æй нæ айстой, фæлæ тыхæй-фыдæй, зондджын директоры ахъазæй, Гиуæргийы бафæлварыны хуызы айстой гуырдзиаг скъоламæ, кæд иунæг скъола уыд Цхинвалы, кæд гуырдзиаг сабитæн дæр нæ фаг кодта, уæддæр. Зæрдæргъæвд лæппу нæ фæмæнг кодта ахуыргæнджыты ныфс æмæ афæдзы кæронмæ сси раззаг ахуырдзау. Ацы скъола фæци каст Гиуæрги 1952 азы сыгъзæрин майданимæ.
Уыцы аз Гиуæрги бацыд Тбилисы паддзахадон университетмæ, журналистикæйы факулътетмæ. Ам дæр уыди раззаг студентыл нымад, стæй разынд курдиатджын стихфыссæг ... гуырдзиаг æвзагыл! Гиуæрги уæдмæ афтæ хорз сахуыр кодта гуырдзиаг æвзаг, æмæ мын йе ‘мбæлттæй иу ракодта ахæм хабар. Георгий Леонидзе, номдзыд гуырдзиаг поэт, сæ литературон фæсивæдæн иу æмбырды загъта: поэт суæвын уæ коей фæнды, уый гуырдзиаг æвзаг хъуамæ зона мæнæ ацы ирон лæппуйау!..
Гиуæрги университеты йæ ахуыр ахæццæ кодта кæронмæ 1957 азы уалдзæджы 25-аздзыд лæппуйæ, стæй сырх дипломимæ.
Гиуæрги ма студент куы уыди, уæддæр йæхи равдыста æвзыгъд ирон поэтæй æмæ йæ 1957 азы райдиан райстой кусынмæ «Фидиуæджы» редакцимæ. Фыццаг уыди, рæнхъон литературон кусæг, фæлæ фæстагмæ сси журналы сæйраг редактор. Дыууæ азы бæрц (1972 азы февралæй — 1973 азы ноябырмæ) фæкуыста редакторæй, стæй йæ хицауад барвыста облæсты чиныгуадзæны сæйраг редакторæй кусынмæ. Æмæ ам фæкуыста йæ царды фæстаг бонмæ — 1978 азы августы 3-аг бонмæ.
***
Диссаджы лæг уыди Гиуæрги. Куы йæ базыдтон, уæд ыл цыди æрмæст 22 азы.
Куы йæ федтон фыццаг хатт, уæд мæ зæрдыл æрæфтыдысты уырыссаг поэты ныхæстæ: «Иду красивый, двадцатидвухлетний!» Гиуæрги, æцæгдæр, рæсугъд лæппулæг уыди цæсгомæй дæр æмæ уæнгты коноæй дæр. Фидæрттæарæзт, фæлæ нырма къæсхуыр, æууæрст дугъон бæхау. Куы-иу бахудт, уæд-иу йæ нарæг рихитæ фæйнæрдæм алыгъдысты, цыма-иу зæрдæйы дуар байгом, уыйау.
Дзураг лæппутæй нæ уыд. Фылдæр хъусгæ кодта, хистæрты ныхасмæ дзырд стæм хатт æппæрста. Уымæй дæр — чъызгæ-къуызгæ. Литературæйы фæдыл исты дзуры, уæд та йæ ныхас кæддæриддæр уыди барст, нымад, аргументтыл амад. Стилистикæйы æууæлтæй та — фидыцджын, æгъдауджын, рæстдзинады нукмæ арæзт. Æцæг, ацы миниуджытæ фæстæдæр фæбæрæг сты æххæстæй, фæлæ сын рахатæн уыди, куы базонгæ стæм, уæд дæр. Æцæг, уæд нырма студент уыди, стæй тынг æфсæрмдзæстыг æмæ мæ цуры дзурын дæр рæстмæ пæма уæндыди.
Гиуæргиимæ мæн зонгæ та бакодта Нартыхты Михал 1954 азы сæрды. Михал йæхæдæг дæр нырма æвзонг поэт уыди (Гиуæргийæ фондз азы хистæр), фæлæ хæлар æмæ æргомзæрдæ адæймаг, стæй хъазæгой, юмор æмæ иронимæ æмхиц. Йæ зæрдæйы рæбын-иу цы равг фæйлауæн кодта, уый æмбæхсын æм нæ цыд æмæ йæм нæдæр арæхсгæ кодта. Гиуæргийы стихтæ тынг йæ зæрдæмæ фæцыдысты æмæ мын æй аппæлыд: «Хорз лæг дзы рацæудзæн!.. Æцæг, гуырдзиагау фыссы ... нырма, фæлæ ныр иронау райдайдзæн, — дзырд мын радта. Грисы «Салдат» ын бакæсын кодтон æмæ мын загъта: «Афтæ хорз фыссæн ис иронау, уый нæ зыдтон, æндæра афонмæ дæр фыстаин нæхи ‘взагыл...» Михал дæр Къахеты схъомыл, гуырдзиаг æвзагыл каст фæци астæуккаг скъола, хорз зыдта гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæ. Гиуæргийы гуырдзиаг стихтæй дæр бамбæрста лæппуйы курдиаты тых.
Иу дзырдæй, Гиуæрги иронау фыссынмæ кæй раздæхт, уый аххосаг уыд Нартыхты Михалы æвидигæ уарзондзинад ирон æвзаг æмæ дзырдаивадмæ. Уый йæ уарзоны кой афтæ зæрдиагæй кодтаид, æмæ цыфæнды хивæнд лæджы дæр йæхи динмæ раздæхтаид. Бахъардта йæ зæрдиаг ныхас Гиуæргимæ дæр, сног ис йæ уды рæбын ирон дзырды фарн.
Гиуæрги æмæ Михал — дыууæ дæр раджы ацыдысты цардæй: Михал — дыууиссæдз аздзыдæй, Гиуæрги — цыппор æхсæз аздзыдæй. Фæлæ мæ зæрдæйы рæбинаг къуымы дыууæ дæр иу бæласы бын бадынц, сæ иуы кой куы фæкæнын, уæд иннæ дæр мæ цæсты раз фæлæууы. Дыууæ дæр хæд-зонд æмæ удæй хæдвидыц уыдысты, фæлæ сын мæ зæрдæйы ахицæн нæй, фаззон æфсымæртау...
Гиуæрги йæ дзырд нæ фæсайдта: райдыдта фыссын иронау, стæй нуарджын стихæй, нывæфтыд æвзагæй, эмоцийæ хъуырмæнад дзырдтæй. Михал ын йæ армæй тыхæй исæгау ракодта йæ фыццаг ирон æмдзæвгæтæй дыууæ æмæ сæ бахаста «Фидиуæджы» редакцимæ. Уым мыхуыр æрцыдысты 1954 азы 8-æм номыры. Афтæ райдыдта Гиуæргийы балц ирон дзырдаивады...
Ацы дыууæ ‘мдзæвгæмæ йæ хъус уыйас ничи ‘рдардта. Фæлæ 1956 азы журналы фæзынд ног æмдзæвгæты цикл. Уый сдзурын кодта Хуссары литераторты иу æвзагæй: ирон дзырдаивадмæ æрбацыд ног курдиатджын кусæг! Не ‘ппæты зæрдæ дæр балхæдта йæ иу стих фæззæджы нывтæй: «Галы фæды къæвдайы дон сæлы...» фæлæ нырма мыхуыры йæ хъуыды ничи дзырдта.
Уыцы рæстæджы нæ поэзийы рæзтмæ йæ хъус Плиты Грисы хуызæн ничи дардта. Грис Мæскуыйы ахуыр кодта, фæлæ уырдыгæй дæр федта, Гиуæргийы æмдзæвгæтæ нæ поэзийы ног фæзынд кæй сты, уый, æмæ йæ фæндыд — æвзонг поэт йæ рæзты фæндагыл сæрибарæй куы цæуид, хъыгдард куынæ ‘рцæуид фысджыты ‘хсæнады ‘рдыгæй. Уый охыл мæм фыста Мæскуыйæ: фехъуыстон, Гиуæрги кусын райдыдта «Фидиуæджы». Кæд афтæ у, уæд зæгъ редактор Дзаттиаты Георгийæн æмæ лæппумæ йæ хъус æрдара. Нырма æвæлтæрд у æмæ йæ куысты исты къуылымпытæ куы уа, уæд ын уайдзæфты бæсты амонгæ куыд кæна. Уый — Гиуæрги — ныфсы лæг у, æмæ йæ æвæрын хъæуы.
Грис кæстæртыл аудаг уыд. Æцæг сæ домгæ дæр афтæ кодта, сæ аивадмæ дзагъырдзæстæй каст æмæ дзы уыдта алы чысыл аипп дæр. Фæлæ йын Гиуæргийы аивад йæ зæрдæ афтæ барухс кодта йæ кæркæ-мæркæ хуызæй, йæ ритмы хъандзалдзинадæй, йæ рифмæты рæсугъддзинадæй, йе стилы оригиналон æууæлтæй æмæ стыр разыйы ныхæстæ ныффыста Гафезмæ æмæ мæнмæ дæр. Йæ фыстæджы (1958 азы июны 14 бон ) Грис зæгъы: «С большой радостъю прочитал твои и Георгия стихи в пятом номере «Фидиуаг»... А какой молодец Георгий! Это — целое событие в нашей поэзии. Необходимо перевести их на русский язык. Я писал вчера Федору — издать отделъно эти стихи, если только представляется это возможным. А можно и обсудитъ их с привлечением писателъской общественности».
Циклы стихтæ хицæнæй мыхуыр не ‘рцыдысты, фæлæ бацыдысты Гиуæргийы фыццаг чиныгмæ («Уадтымыгъ»), уый та рухс федта уыцы аз (1958), Грисы фыстæгæй иу цалдæр мæйы фæспгæ. Æмæ чиныджы уыд йæ редактор Дзуццаты Хадзы-Мураты разныхас. Хадзы бирое рæстаг ныхæстæ загъта Гиуæргийы æмдзæвгæтæй. Фыццаджы уал банысан кодта, Гиуæрги æвиппайды кæй æрбацыд нæ литературæмæ — «йæ фыццаг æмдзæвгæтæй йæхимæ аздæхта чиныгкæсæг дзыллæты хъусдард». Раст фæхатыд Гиуæргийы поэтикон дæсниады сæйраг миниуæг дæр: «... дуне æвдисы фæлгонцтæй, мард, статикон нæ, фæлæ удæгас, змæлгæ чи кæны, ахæм динамикон фæлгонцтæй». Раст нымайы поэты стилистикæйы миниуджытæ дæр: «Гиуæрги лæмбынæг хъусы ирон æвзаджы зæллангмæ æмæ дзы пайда кæны арæхстджынæй. Поэты æмдзæвгæты арæх æмбæлæм, адæммæ чи ис, фæлæ поэзийы нырмæ чи нæма уыд, ахæм дзырдтыл. Йæ рифмæтæ сты бæстон, æнæлаз. Гиуæрги ахуыр кæны ирон классикон поэзийыл. Уæлдай тынгдæр ыл зыны Плиты Грисы поэтикон амалты æндæвдад». Уый та уымæн афтæ уыд æмæ «Гиуæргийы курдиатæн ис романтикон ахаст». Грисы поэтикæ дæр амад у бæрзонд романтизмы фисынтыл.
Гиуæргийы фыццаг чиныг куы рацыд, уæд ыл ирон литературæйы кусджытæ фæцин кодтой. Хадзы-Мураты фæстæ йыл Гафез ныффыста уац. Уый дæр Хадзыйы хъуыдытыл разы у: дзуры «романтизмы тæвагыл», рифмæты аивыл, «ритмикæйы бæрзонд кулътурæйыл», æрдзы нывтæ, хуызтæ бæстон кæй уыны, «йæ цырд цæстытæй кæй ницы ирвæзы», ууыл. Уæлдай йæ зæрдæмæ та цæуы поэты эмоцион дуне: «поэзийæн хъæуы зæрдæ, стыр зæрдæ, арф æнкъарæнтæ кæмæ ис, сагъæс кæнын чи зоны, ахæм зæрдæ». Æмæ раст ахæм зæрдæ критик уыны Гиуæргийы поэзийы. Ахæм хъуыдыйыл лæуд уыдысты канд Грис, Хаджи æмæ Гафез нæ, фæлæ Дзугаты Георги, Нартыхты Михал æмæ æз дæр. Ацы нымады ныхмæ ничи уыд иннæ поэттæй дæр.
Иу дзырдæй, Гафезы загъдау, Гиуæрги ирон литературæмæ æрбацыд æцæг «æлвæст кардау», ома цæттæйæ, хъаруджынæй æмæ рæсугъдæй; цæттæйæ поэзи фæлдисынмæ, стæй поэзийы сæрыл хæцынмæ дæр. Гафезы иумæйаг хатдзæг уæд дæр æмæ ныр дæр у, фау æрхæссæн кæмæ нæй, ахæм: «Бестйуты Гиуæрги ирон поэзимæ æрбахаста зынаргъ лæвар. Иæ чысыл чиныг «Уадтымыгъ» ирон поэзийы хуыздæр чингуыты ‘хсæн ссардзæн аккаг бынат». (Кæс «Фидиуæг» 1959, № 3, фарс 82).
Бестауты Гиуæргийы аивадыл иттæг разыйæ сæмбæлдысты Цæгат Иры хуыздæр поэттæ дæр. Уый канд Грисæй нæ зæгъын. Грисау Гиуæргийы поэзи бæрзонд æвæрдтой Цæрукъаты Алыксандр, Хъодзаты Æхсар, Джыккайты Шамил æмæ Хостыхъоты Зинæ. Уый æз зонын сæхи дзыхы дзырдæй. Зонын æй Алыксандры æмдзæвгæйæ, Бестауы номыл фыст чи у, уымæй. Мæ зæрдыл лæууынц Шамилы ныхæстæ дæр. Дзæуджыхъæуæй мæм 1967 азы марты 4-æм бон цы фыстæг рарвыста, уым фыссы: «Бестауты Гиуæрги мын йæ чиныг æрбарвыста («Æхсæв æмæ бон»). Стыр æхсызгондзинад мын радта æмæ-иу ын мæ бæсты арфæ ракæн».
Бестауы сфæлдыстадыл уæлдай зæрдиагæй тыхсти, цин кодта, сæрыстыр дзы уыд Плиты Грис. Поэты дыккаг чиныг куы рацыд 1962 азы кæрон, уæд мæм фыста: «Хороши стихи Бестауты в новой книжке. Ах, злодей, как он растет. Очень удачен и его перевод „Алгузиани“». Æндæр фыстæджы (1967 азы июны 9-æм бон) фæрсы: «А как с поэмой Гио о гражданской войне? Закончил ли? Пусть довершает!» Æмæ ма иу фарст Бестауы тæлмацы тыххæй (1970-æм аз, январы 2-аг бон): «Уæдæ Гио та уый бæрц куыд быхсы Рустауаг Шотаимæ?.. Цæв, зæгъ, æй, фæу йæ, барухс кæн ноджыдæр де ‘нхъæлцау адæмы зæрдæтæ».
Атæппæт æвдисæндар ныхæстæ уымæн хæссын, æмæ Гиуæргийы æрбацыд нæ литературæмæ, сæууон хуры æрбакастау, уыдис. Ирон фысджытæн æ ‘ппæтæн дæр хистæрæй-кæстæрæй, æхсызгон кæй уыд, уымæн ис бирæ цæвиттонтæй равдисæн. Æ ‘ппæтыл нæ дзурдзынæн, фæлæ цæмæй уырнинагдæр уа мæ ныхас, уый охыл æрхæсдзынæн Плиты Хадойы, Дзесты Куыдзæджы, Ардаæнты Хадзыбатыры,
Цæрукъаты Алыксандыры æмæ Хъодзаты Æхсары зæрдиаг ныхæстæ Гиуæргийы аивады æмæ лæджыхъæды тыххæй.
Плиты Харитон хæларзæрдæ адæймаг уыд. Æвæццæгæн, хæрам цы у, уый зонгæ дæр нæ кодта, не ‘ппæтимæ дæр хæларæй цард, фæлæ кæстæртæй уæлдай хорз зæрдæ дардта Гиуæргимæ. Уарзта йын йе ‘мдзæвгæтæ, стæй йæ зæрдæйы æфсæрмдзæстыг ахаст хистæртæм. Йе ‘мдæвгæтыл критикон уац ныффыссынмæ, æвæццæгæн, йæ ныфс нæ бахаста, фæлæ куыддæр «Алгъуызы кадæг» фæзынд Бестауы тæлмацæй, афтæ йыл ныффыста стыр уац «Рæстдзинады» 29 номыр, 1963 азы февралы 9 бон: «Нæ фыдæлты номы аккаг». Уац дардыл фыст у, фаглæ дзы иу абзацæн нæй æнæрхæсгæ: «Æрæджы Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдад рауагъта ирон æвзагыл «Алгъуызы кадæг». Оригиналæй (гуырдзиаг æвзагæй — Н. Дж.) йæ ратæлмац кодта поэт Бестауты Гиуæрги. Бæрæг у, тæлмацгæнæг ыл бирæ фыдæхсæвтæ кæй арвыста, йæ курдиат, йæ поэтикон дæсныйадыл кæй нæ бацауæрста; æвзаргæ ныхæстæй, рæсугъд ахорæнтæй йæ сфæлындыныл кæй бацархайдта, йæ зæрдæ дзы кæй нывæрдта æмæ йын æвæджиауы хорз тæлмац дæр уымæн кæй рауади. Кадæджы рæнхъытæ тæлмацгонд сты фæлгонцджын хъуыдыйæдтæй, музыкалон дзырдтæй, иу ныхас иннæйыл аив бады, сты æнцон æмбарæн, æнцон кæсæн, сæ рифмæтæ хъæздыг. Хæрз æввахс бацыди оригиналмæ... Кадæг у рагон гуырдзиаг поэзийы барæнæй — шаирийæ —16 уæнгон стихæй фыст, тæлмацы стих та у 15 уæнгон. ÆнÆмæнгæй афтæ рæсугъддæр бады ирон æвзагыл. Цезурæ дæр йæ бынаты баззади. Æнцондæр кæсæн у æмæ дзæбæх фидауы. Бестауы-фырт иттæг хорз бакуыста, цæмæй кадæджы фæлгонцтæ сæхи хуызæнæй баззайой,
йæ абарæнтæ, йæ эпитеттæ, йæ метафорæтæ ма фесæфой, фæлæ ирддæрæй разыной».
Хадойæ мæй раздæр, 1962 азы декабры 27-æм бон, Гиуæргийы поэзийыл æмæ тæлмацы аивадыл ноджы зæрдиагдæр цин бакодта Ардаæнты Хадзыбатыр йæ фыстæджы: «Æгæрон бузныг дæ дæн, мæ зæрдæ мын кæй барухс кодтай дæ „Алгъуызы кадæг“ æмæ дæ „Царды цин“-æй, уый тыххæй. Канд уымæн нæ, æмæ мæ кæй æрхъуыды кодтай. Æрхъуыды дæр хорз у, зæрдæйæн æхсызгон у, фæлæ мын уыцы æхсызгондзинадæй ноджы æхсызгондæр уыдысты де ‘мдзæвгæтæ, дæ поэзи. Хицæнтæй дæр сæ кастæн, фæлæ ныр иумæ, æмбырдгондæй бæлвырддæр разындысты æ стыр поэтикон тых, обрæзты аивад, æмдзæвгæйы арæхст быд, лирикон геройы хъæздыг дуне.
Мæ зæрдæ мын тынг фæцагайдтой де ‘мдзæвгæтæ, бамбæрстон, стыр поэт нæм кæй гуыры æмæ дис кæнын (цины дис!), йæ сæузæрины тæмæнтæ афтæ кæм æрттивынц, уым ма фæстæдæр куыд уыдзæн!..»
Нæ зонын, цы ма уыд зæгъæн зæрдæбындæр æмæ аивдæр ныхасæй! Фæлæ мæнæ мæ разы Дзесты Куыдзæджы фыстæг æмæ уымæй дæр мæ зæрдæйыл æмбæлы уыцы зæрдиаг æмæ цæстуарзон ныхасы æвæджийау хæрздæф. Фыстæг нæу, фæлæ хицæн лирикон монолог уарзон лæджы бæрзонд поэзийы тыххæй. Мæ цæст æй цыбыр кæнын дæр нæ уарзы, фæлæ йын цы кæнон, хицæнæй мыхуыр кæнинаг уацмыс у æнæмæг æмæ дзы æз скъуыддзаг кæй хæссын, уый мын хатыр фод.
«Дæ бонтæ хорз æмæ де стыр лæвар бирæ уæд, Гиуæрги!
Райстон дæ æмдзæвгæты чиныг, æмæ дын раст куы зæгъон, уæд ацы фæстаг рæстæджы ахæм цины хуын нæма ‘рбацыд мæ къухтæм... Дæ чиныг кæсгæйæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты мæ чысылы бонтæй иуæй-иу нывтæ. Саунæмыг кæнæ-иу мæцкъуы тонынмæ куы ацыдыстæм хъæдмæ, уæд-иу цас фæзылдыстæм, цас фæцагуырдтам... Фæлæ-иу уалынмæ адæймаг фембæлд ахæм зиллаккыл, æмæ сау дары зды нæмыджы йас ставдгага саунæмыгæй!.. «Арæхджын» хуыдтам ахæм бынат.
Раст ахæм арæхджын мæм фæкаст, Гиуæрги, дæ чиныг дæр, суанг йæ сæрæй йæ кæронмæ. Саунæмгуытæ дæр æмхуызон нæ вæййынц, чи дзы ставддæр у гагатæй, чи адджындæр, кæнæ цъæхдæр æмæ рæгъæддæр. Гъе, фæлæ дæ чиныджы уæддæр нæй ахæм гага, хæдзармæ æрхæссыны аккаг чи нæ у...
Ныхæстæ дардыл цæуынц, Гиорги, фæлæ дæ «зæрдæйы рæбынæй» цы «нæлгоймаджы цæссыг» цæуы, уый æмæ де ‘ртты фарн, тых æмæ бæркад фылдæрæй фылдæр кæнæнт!
Æмдзæвгæтæй цы загъдæуа? Уый дын мæнæ «Сгпай». Алы сæрд дæр нæм вæййы сырддон, арæх фæкæнын сывæллæтты уырдæм æмæ та мын мæ цæстытыл авæрдта ирд ныв: «...йæ бырынчъы пгъыссы... тæппуд саби къæцæлтæ...» Раст зæгъыс, адæймаджы къахвæд цы кæрдæгыл фæзыны, уымæ, дам, йæ дзых дæр цы хæххон дзæбидыр не ‘рхæссы, уый, комахсæны тохъылау, талынг скъæты къуымы кæвдæсыл куы ныббæттой, уæд ма уымæй цæй дзæбидыр ис?..
Æхсызгон мын у, «сойбыл зарæг» кæнынмæ дæ къух кæй нæ тасы, уый. «Царды цæр æмæ йæ ма уын, Циныл æмæ мастыл зар æмхуызон!» — æвæдза ахæм фыссæг дзæгъæлы фенхъæлы «зарын», зæгъгæ. Уый зард нæу, хуыздæр-хуыздæры — маймулийы æнахъинон мыртæ.
Æмдзæвгæ «Зонын...» æмæ «Сонеты» цы хъуыдытæ ‘вдисыс, уыдон æз мæхирдыгонау æмбарын æмæ сæм ахæм æфтауæн хæссын: дугæн йе стыр цин æмæ йе стыр бæллах дæр фæд (уæд та иу чысыл!) цы фыссæджы сфæлдыстады нæ ныууадзой, уымæй цы загъдæуа?!
Де стихтæн æ ‘ппæты кой нæ кæнын, — тæрсын, куы ныдздзæгъæлтæ æмæ куы ныссуйтæ уон, уымæй. Къаддæр куы уыдаиккой ног фæлгонцтæ, ног нывтæ, ног рифмæтæ, темæтæ, уæд ма, чи зоны, мæ ныфс бахастаин, фæлæ... «дидинæджы ‘ртахы ризы рухс уалдзæджы уд» — æрмæст уый йæхæдæг дæр у сгуы — хай раттыны аккаг. Кæнæ — «Цыма знæт денджызæй хурыл лакъон донуылæн ыспырх...»
Цæй уæдæ... лæвархъом у æмæ дыл нæхи Сатанайы куывд æрцæуæд!
Де ‘гуыдзæг хистæр Куыдзæг».
Цæрукъаты Алыксандры æмæ Хъодзаты Æхсары фыстæджытæ Куыдзæджы фыстæгæй бирæ фæстæдæр фыст æрцыдысты: Куыдзæг фыста Гиуæргийы æртыккаг чиныджы тыххæй («Æхсæв æмæ бон», 1966) февралы мæйы 1967 азы. Æхсары фыстæг хъуырмæнад у зынуромæн цæссыгæй. Уый фыст у 25 февралы 1977 азы. Уæд Гиуæрги уæззау рынчын уыди. Зыдта ацы хабар Æхсар дæр æмæ уымæн ахæм æрхæндæг хъæлæсæй æвæры ныфсытæ йæ уарзон æмгарæн: «Бестау, мæ ныфс! Иу хатт ма дын зæрдиаг арфæ кæнын, дæ удуæлдай фыдæбонæн дын цы аргъ скодтой, уый фæдыл. Ды нæ чысыл литературæйæн, нæ мæгуыр адæмæн цы хæрзты бацыдтæ, уымæн аргъ нæй. Мæ зонгуытыл лæууын сæ цуры æмæ сын мæ мид-зæрдæйы табу кæнын, сабийау.
Удвидар у, Бестау, мæ ныфс! Удвидар у! Дæхи Æхсар».
Цæрукъаты Алыксандры фыстæг дæр Æхсары фыстæджы аххосагмæ гæсгæ фыст у: «Знон, 14-æм февралы изæрæй фехъуыстон æхсызгон хабар: лæвæрд дын æрцыд Иуане Мачабелийы номыл преми Шота Руставелийы æнæмæлгæ кадæг ирон æвзагмæ диссаджы тæлмац кæй ракодтай, уый тыххæй. Уый иттæг æхсызгон уыд ам бирæтæн, тел дæр дæм ныццавтам уый тыххæй иу-къордæй. Дæ куыст (ам зæгъын тæлмацæй) у нæ аивады, нæ кулътурæйы стыр фæзынд, мæнмæ гæсгæ. Æмæ канд мæн хъуыды нæу уый, — афтæ зæгъынц бирæ адæм. Æмæ айдагъ уыцы тæлмац нæ, де ‘ннæ фæллой, де сфæлдыстадон куыст дæр у ахæм — нæ кулътурæ, нæ царды ахсджиаг хай. Æмæ канд уыдон нæ, — дæ удыхъæды конд, дæ цард, — уыдон иууылдæр дзурæг сты æцæг адæймаджы, раст адæймаджы (цардуагыл), рæстдзинад йæ хур кæмæн у, ахæм æмбæстагыл...»
Бестау преми кæй райста, уый фæдыл æм тел æрбарвыста Самтредиайæ нæ зынгæ романист Булкъаты Михал дæр йе ‘фсинимæ: «Перевод Руставели — это успех вæй оæтинской литературы и праздиик оæтинского художественного слова. Мы благодарим тсбя, мы любим тебя за это безмерно».
Æз барæй æрæмбырд кодтон, Бестауæн ирон фысджытæ цы бирæ уарзон ныхæстæ фæкодтой, уыдон. Афтæ мæм кæсы, уыцы ныхæсты автортæй чи нал ис, уыдон æнæрцæугæ диссаджы охыл сæ мæрдон дунейæ куы растиккой гъеныр, куы ‘рцæуид æмæ Гиуæрги йæхæдæг дæр, уæддæр ын ногæй ницуал зæгъиккой: фæдзырдтой йын йæ цæргæйæ сæ зæрдæбын ныхас æмæ раст разындысты æппæтæй дæр...
НАФИ
ÆМДЗÆВГÆТÆ
