Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
11 къласы экзаменты рмг.docx
Скачиваний:
0
Добавлен:
01.05.2025
Размер:
51.75 Кб
Скачать

2007 Азы Хъантемыраты цирчы бæхылхъазджыты къорды сæвзæрдыл сæххæст ис 100 азы.

Бæхылбадæг - наездник

Дæсныйад - искусство, мастерство

Фæлтæр - поколение

сæрзилæн митæ - головокружительные трюки

зæрдылдарæн - запоминающиеся

Колыты Аксо.

Колыты Аксо у фыццаг ирон рухстауджытæй æмæ поэттæй иу.

Аксо райгуырдис 1823 азы мæгуыр бинонты ‘хсæн. Фыццаг ахуыр кодта Дзæужыхъæуы дины скъолайы, стæй та Калачы (Тифлисы) духовон семинары. Каст æй фæци тынг хорз нысæнттимæ (с отличием) æмæ бирæ азты куыста сауджынæй.

Аксо ирон чызджытæн йæхи хæдзары байгом кодта скъола, ахуыргæнæг дæр дзы уыди йæхæдæг, ахуыр та сæ кодта бынтон лæвар.

Аксо канд ахуыргæнæг нæ уыд, фæлæ ма тæлмац кодта уырыссаг æвзагæй иронмæ дины чингуытæ, ис æм æртæ æмдзæвгæйы иронау: «Мах фыд», «Мады Майрæмы кады зарæг», «Чырыстийы рухс райгасдзинад».

Аксо архайдта, цæмæй ирон адæммæ иудзинад фæзына: иу дин (чырыстон дин) райсой, цæмæй ма уой дихтæ, къордтæ. Уый мидæг ис Аксойы рухстауæн куыст.

Дзæуджыхъæуы æвæрд æрцыдис Колыты Аксойæн цыртдзæвæн Ирыхъæуы.

Рухстауæг - просветитель

Сауджын - священник

Лæвар - бесплатно

Иудзинад - единство

Цыртдзæвæн - памятник

Хетæджы къох.

Хетæджы къох ирон адæммæ уæлфæдзæхст бынатыл нымад цæуы. Алы аз дæр дзы вæййы куывд. Уыцы бон æппæт Ирыстоны дæр бæрæгбон вæййы. Ирыстоны алы рæттæй Хетæджы къохмæ æрцæуы тынг бирæ адæм. Ам фæкувынц Хетæджы Уастырджимæ. Кæмæн нæ бантысы Хетæджы къохмæ æрцæуын, уыдолн та йын йæ ном ссарынц сæ хæдзæртты.

Хетæджф къох æй уымæн хонынц, æмæ, таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй раджы кæддæр иу лæг, йæ ном Хетæг, зæгъгæ, ралыгъд йæ марджытæй. Ныр Хетæджы къох кæм ис, уым ахаудта, йæ бон нал уыд лидзын. Уæд æм райхъуыст, уым дæрддзæф цы хъæд уыди, уырдыгæй хъæлæс:

- Хетæг, хъæдмæ!

- Хетæг хъæдмæ нал бафæраздзæн, фæлæ хъæд – Хетæгмæ,- æрмæст ма бафæрæзта ныхъхъæр кæнын Хетæг. Æмæ уæд æрцыди алæмæттаг цау: хъæдæй иу къох раскъуыди æмæ Хетæджы бамбæрзта.

Уæдæй фæстæмæ уыцы къох сси уæлфæдзæхст ран, кæм фæкувынц Хетæгæн нæ, фæлæ йæ феххуысгæнæг Хетæджы Уастырджийæн. Уым не ‘мбæлы нæдæр бæлæстæ фадын, нæдæр къалиу алыг кæнын, нæдæр дыргътæ уидзын, нæдæр исты сырд кæнæ маргъ амарын. Уырдæм не ‘мбæлы карз нозт хæссын, хыл кæнæ æнæгъдау митæ кæнын.

Къох - роща

Уæлфæдзæхст - священный

Нымад цæуы - считается

Фæкувынц - молятся

Йæ ном ссарынц - упоминают, воздают ему

Нæ бантысы - не удаётся

Нал бафæраздзæн - уже не сможет

Ралыгъд - бежал

Марджытæй - от убийц

Ныхъхъæр кæнын - закричать

Æрцыди - случилось

Хыл кæнын - драться

Соседние файлы в предмете [НЕСОРТИРОВАННОЕ]